Уалыты
Татьянæ
Дидактикон
куысты хуызтæ æмæ интерактивон хъæзтытæ ирон литературæйы урокты
Сæ сæйраг нысан:
литературон уацмыс хуыздæр бамбарын; уацмысмæ, предметмæ цымыдисдзинад æвзæрын
кæнын; скъоладзауты активондзинады рæзтыл кусын.
1. «Хъæлæстæ».
Урочы кæсын, дзурын литературон уацмысы архайджыты, предметты хъæлæстæй.
Зæгъæм, экраныл фæзындысты нарты Батрадз, Сослан, Хæмыц, уæд уый нысан кæны,
скъоладзаутæ хъуамæ дзурой, кæсой текст нарты геройты хъæлæстæй.
2. «Удæгас
нывтæ». Уацмысы текст бакæсыны кæнæ йæм байхъусыны фæстæ скъоладзаутæ,
ахуыргæнæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ, æвдисынц уацмысы эпизод, герой йæхи куыд дары,
уымæ гæсгæ. Зæгъæм, Беджызаты Чермены «Мæсгуытæ дзурынц» -ы мыггаджы хистæр
Бæтæджы уынаффæ йæ кæстæртæн, Гæдиаты Секъайы «Азау»-ы Мистъала…
3. «Иу бон
литературон уацмысы геройы цардæй». Радзурын уацмысы архайæджы цардæй иууыл
зæрдылдаргæдæр боны тыххæй. Зæгъæм, Барахъты Гинойы «Азджериты Куыцыкк» -ы
геройы фæстаг бон, Хъуылаты Созырыхъйы «Дыууæ къæрныхы» Пъала æмæ Парсайы
фæстаг бон…
4. «Æмбæхст
хъуыдытæ». Абоны сывæллæттæ æндæрхуызы хъуыды кæнынц, нæ сæ хъæуы ахуыр
кæнын цæттæ характеристикæтæм гæсгæ сæ хъуыдытæ, эмоцитæ дзурыныл. Цы
«æмбæхст» радзуринæгтæ сæм вæййы, уыдонæнæн аразын хъæуы уавæртæ сæ раргом
кæнынæн. Зæгъæм, Илас Æрнигоны «Челе»-мæ гæсгæ, Коцойты Арсены «Афтæ дæр
вæййы»-мæ гæсгæ.
5. «Бæрзонд
цъупп». Фæйнæгыл нывгонд къæдз-мæдзы хохаг фæндаг (сæрсæфæнæй хохы
дзуппмæ). Банысан кæнын хъæуы хохыл, уацмысы герой (архайæг) цы бынаты ис, уый.
Уадз скъоладзау дæр бацамона йæхи бынат хохыл. Зæгъæм, Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты
Хæсанæ»-ы Хæсанæйы бынат хохыл, Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»-йы Хазбийы
бынат…
6. «Уацмысы
архайæгимæ фембæлд». Уацмысы архайæгимæ фембæлды рæстæг æм цавæр дыууæ
фарстайы раттис, цæмæй йæ базонай хуыздæр. Цавæр дзуапп дын ратдзæн уый та,
дæумæ гæсгæ? Зæгъæм, Гæдиаты Секъайы «Азау»-ы Таймуразимæ фембæлд, Плиты Грисы
«Авд цухъхъайы» мадимæ, Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» Хансиатимæ фембæлд…
7. «Мæхи
бынат». Ахуыргæнæг скъоладзауæн бар дæтты, къласы йæ кæм фæнды, уыцы бынат
равзарынæн. Йæ бынат куы ссара, уæд æй абарын, цы уацмыс ахуыр кæнынц, уыцы
архайæгимæ. Уый дæр афтæ агуры йæ бынат царды. Зæгъæм, Плиты Грисы «Чермен»-ы
Чермены бынат царды, Гафезы «Уæ бонтæ хорз адæм» -ы Ирæ…
8. «Зæрдæйы
ахасты гимнастикæ». Æнæ дзургæйæ мимикæйы руаджы равдисын уацмысы
архайæгмæ зæрдæйы ахаст. Зæгъæм, Мамсыраты Дæбейы «Хъæндил»-ы Хъæндилмæ ахаст,
Коцойты Арсены «Дадолты мæт»-ы Дадолты бинонтæм, Епхиты Тæтæри «Хуыйæндæг»-ы
дыууæ сыхагмæ…
Интерактивон
хъæзтытæ ирон литературæйы урокты
1. «Пресс-конференци
авторимæ». Скъоладзаутæ хæдзары базонгæ вæййынц фыссæджы биографиимæ,
бацæттæ кæнынц фæрстытæ пресс-конференцимæ (уыдзысты журналистты ролы).
Ахуыргæнæг хуыздæр скъоладзаутæй æвзары авторы, уый дзуапп дæтдзæн фæрстытæн. Зæгъæм,
Хетæгкаты Къостайы биографимæ гæсгæ.
2. «Адарддæр
кæнын хъуыдыйад». Фыссæджы биографи сахуыр кæныны фæстæ ахуыргæнæг дæтты
скъоладзаутæн хъуыдыйæдтæ адарддæр кæнынæн. Зæгъæм, Брытьиаты Елбыздыхъойы
биографийæ.
3. «Микрофон».
Ахуыргæнæг скъоладзаутæн ратты хæслæвæрд: бацæттæ кæнын раныхæстæ æмæ сæ
микрофоны раз радзурын ( литературон уацмысмæ гæсгæ). Зæгъæм, хæсты ныхмæ,
æрдз бахъахъхъæныны тыххæй, ирæды ныхмæ, козбаудзинады ныхмæ (Мамсыраты Дæбе
«Аууон»).
4. «Фыстæг
литературон уацмысы архайæгмæ». Скъоладзаутæ фыссынц фыстæг уацмысы
архайæгмæ кæнæ йæ фарс хæцынц, кæнæ та йæ ныхмæ дзурынц. Зæгъæм, Гæдиаты
Цомахъ «Ос-Бæгъатыр»- ы Ос-Бæгъатырмæ, Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ»-йы Фатимæмæ…
5. «Баххуыс
кæн геройтæн». Ахуыргæнæг скъоладзаутæн бар дæтты уацмысы сюжеты архайынæн,
зын уавæры бахауæг геройтæн баххуыс кæнынæн, сæ рæдыдтытæ сын сраст кæнынæн.
Зæгъæм, Хетæгкаты Къоста «Сидзæргæс»-ы баххуыс кæнын сидзæргæсæн, Коцойты
Арсены «Саломи»-йы Саломийæн, Туаты Дауыты «Сидзæргæс»-ы Нуцайæн…
6. «Коллективон
радзырд». Ахуыргæнæджы лæвæрд темæмæ гæсгæ скъоладзаутæ иумæ аразынц
радзырд. Алчи дæр дзуры иу хъуыдыйад, йæ размæ чи дзырдта, уый хъуыды дарддæр
кæны, бастдзинад нæ сафгæйæ. Зæгъæм, аргъау радзурын.
7. «Литературон
турнир». Иу скъоладзау æвæры фарста дыккаг скъоладзауы раз литературон
уацмысмæ гæсгæ. Раст дзуаппы фæстæ дыккаг скъоладзау фарста дæтты æртыккагмæ
æмæ а.д. Зæгъæм, нарты кадджытæ ахуыр кæнгæйæ ахæм хъазты фæрцы сбæрæг кæнæн
ис, эпос хуыздæр чи зоны, уыцы скъоладзауы.
8. «Æмбæхст герой».
Скъоладзауты базонын хъæуы литературон уацмысы геройы йæ хицæндзинæдтæм гæсгæ
(æддаг бакаст, предмет, хи куыд дары æмæ а.д.). Зæгъæм, Коцойты Арены радзырд
«Æхцайы чырын»-Сæйтт æмæ Уæсмæн.
9. «Уарзон
зæрдæты баиу кæнын». Къордты куыст. Ахуыргæнæг дыууæ къордæн дæр дæтты карточкæтæ
– зæрдæтæ, фыст сыл ис геройты нæмттæ. Скъоладзаутæ баиу кæнынц, уацмыстæм
гæсгæ, кæрæдзи чи уарзы, уыцы архайджыты. Зæгъæм, Фатимæ, Габе, Азау, Ибрагим,
Сæниат, Таймураз.
10. «Сюжет
адарддæр кæнын». Скъоладзаутæ æрхъуыды кæнынц æмæ адарддæр кæнынц уацмысы
архайд, геройты дарддæры фæндаг куыд рауайдзæн уыдонмæ гæсгæ, уый. Зæгъæм,
Брытъиаты Елбыздыхъо «Уæрæседзау»-ы Муссæйы дарддæры царды фæндаг, Коцойты
Арсены радзырд «Æмбæлттæ»-йы Батырбеджы дарддæры фæндаг…
11. «Литературон
геройты фембæлд». Скъоладзаутæ цæттæ кæнынц сæ уарзон литературон геройты
фембæлд, цæуыл ныхас кæндзысты, кæрæдзийæн цавæр уынаффæтæ кæндзысты. Зæгъæм,
Фатимæ æмæ Хансиаты фембæлд, Бæстырæсугъд æмæ Сæниаты фембæлд
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.