Методическая разработка урока по осетинскому языку
на тему:
Разработала: Преподаватель осетинского
языка и литературы
МАРГИЕВА ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА.
Владикавказ 2015г.
Урочы
темæ: Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ. Къостайы
сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок.
Урочы
нысантæ:
1.
Скъоладзауты
дзырдуат фæхъæздыг дæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.
2.
Бакусын
хъуыдыйæдтыл.
Урочы
хуыз: рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок (урок
обобщающего повторения)
Урок
– экскурси.
Урочы
фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, презентацитæ.
Урочы эпиграф:
Ирон
Дзырд Хуыцаумæ уыд фыццаг
Фæлæ
йæ радта уарзонæй йæ фыртæн
Ирон
дзырдæн йæ хуыцау ныр – Къоста.
( Хъодзаты
-Æхсар.)
Урочы
пълан:
1. Орг.
хай .
2. х/к
сбæрæг кæнын (æмдз)
3. рацыд
æрмæг ныффидар кæнын.
4. Индивидуалон
куыст. (3-4 карточкайы)
5. Хатдзæгтæ.
6. Х/К
ныффыссын нывæцæн.
7. Бæрæггæнæнтæ
сæвæрын.
УРОЧЫ
ЦЫД:
I.
ОРГ. ХАЙ.
Ах. Уæ
бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм уыдзæн тынг цымыдисаг урок. Мæ фарстæн дзуапп куы
раттат, уæд нæ урокæн базондзыстут йæ темæ.
Сидзæртæн хъæдуртæ
Се` хсæвæр хуыдта
Афтæмæй сындуртæ
Цуайнаджы фыхта.
Цавæр æмдзæвгæйæ ист сты ацы рæнхъытæ? Чи у йæ
автор?
Дзуапп: Хетæгкаты Къоста « Сидзæргæс».
II.
х/куыст сбæрæг кæнæм.
Хæдзармæ куыст уын
лæвæрд уыд сахуыр кæнын æмдзæвгæтæ уæхи æвзæрстмæ гæсгæ. (иттæг хорз)
Ах. Уæдæ
мах сымахимæ абон ныффидар кæндзыстæн нæ зонындзинæдтæ Къостайы сфæлдыстадæй .
Ах. Ирок
райдайæн ис проблемон уавæрæй. Бакæсæм эпиграфы фыццаг хай.
Ирон Дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,
Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн.
Ратæлмац ма кææнæм ацы хъуыды. ( у Бога слово
осетинское было первым, но он отдал его любимому сыну.) куыд æмбарут ацы
ныхæстæ?
Фарст: Ацы хъуыдыйады бæттæг « фæлæ» -йы размæ цæмæн
хъæуы къæдзыг æвæрын?
Дзуапп: Хъуыдыйад у вазыгджын, ис дзы
дыууæ грамматикон бындуры, дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады. Дыууæ бындуры хсæн та
æвæрын хъæуы æрхæцæн нысан.
Ах. Байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут нымæц,
урочы темæ.
Ах. Ныр та мæ фæнды сбæрæг кæнын, Къостайы царды
хабæрттæ куыд чи куыд зоны, уый.
ТЕКСТ
Хетæгкаты Къоста райгуырд …1859………..азы……кæфты
……..мæйы ……15….бон, ………комы …Нары……..хъæуы. Йæ фыд …Леуан…..
уыдис ………………………………………………………….. Къоста куы райгуырд, уæд йæ мад ……Маро…………..амард.
Сабийы йæхимæ хъомыл кæнынмæ ахаста…Чензе…………………………………………………… Амард
Къоста …1906…………..азы. Ныгæд æрцыд……Лабæйы…………., уый фæстæ та
ныгæд æрцыд …………Дзæуджыхъæуы
Дзæбæх.
Ныр та ахъазæм цыбыр викторинæйæ.
Викторина
«Куыд
зоныс Къостайы»
1. Къоста райгуырд?
а)
Нары
æ)
Ламардоны
б)
Мызуры
2. Кæцы комы?
а)
Куырттаты комы
æ)
Уæлладжыры комы
б)
Дыгургомы
3. Къостайы
сæйраг чиныг у?
а)
Ныстуан
æ)
Ирон фæндыр
б)
Дзæбидырдзуан
4. Къоста
фыста?
а)
Иронау
æ)
Уырыссагау
б)
Гуырдзыйагау
5. Къостайы сфæлдыстад
уырыссаг
фысджытæй
хæстæг дæр у?
А)
Пушкинмæ
Æ)
Некрасовмæ
Б)
Лермонтовмæ
6. Къоста
ахуыр кодта?
а)
Мæскуыйы Университеты
æ)
Петербурджы аивæдты академийы
б)
Берлины аивæдты академийы.
7. « Ирон
фæндыр райдайы» æмдзæвгæйæ?
а)
Сидзæргæс
æ)
Ныстуан
б)
Додой
8. Ранымайут,
Къоста сывæллæттæн
цы уацмыстæ
ныффыста, уыдон.
«Гино»,
«Скъолайы
лæппу»,
«Фыдуаг»,
«Кæмæн
цы»,
«Уасæг»,
«Лæгау»,
«Дзывылдар»,
«Зæрватыкк»,
«Цъиу
æмæ сывæллæттæ»
(æдæппæт
– 9).
9. Кæмæн фыст
æрцыд поэмæ «Фатимæ»-йы бацæуæны акростих?
Анна
Паповайæн.
Æрбакæсут ма фæйнæгмæ. Лæвæрд хъуыдыйæдты
ссарут рæдыдтытæ.
а)
Рагæн нæртон лæгау зарин куы зонин.
æ)
Додой фæкæнæт мæ райгуырæн хæххтæ
б)
Халон бархæфст рындзыл
в)
Цæйут æвсымæртау ратæм нæ къухтæ
(цы
хонæм хъуыдыйад? Цавæр хуызтæ ис хъуыдыйадæн? Лæвæрд хъуыдыйæдтæ равзарут
хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ)
Дзырдтæй саразут
хъуыдыйæдтæ (индивидуалон куыст карточкæтыл)
Раст
арæзт куы рцæуой, уæд бакæсæн уыдзæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæй рæнхъытæ,
стæй æмбисонд.
а) Фæсмон фæкæнын, ды, чи, мæрдты дзыназын,
ныййарæг.
Дзуапп:
Фæсмон фæкæна, мæрдты дзыназа дæу чи ныййардта.
б) Хох, сæмбæлын,хох,лæг, кæддæр, нæ,лæг.
Дзуапп:
Лæг лæгимæ кæддæриддæр сæмбæлдзæн, хох хохимæ – нæ.
в) Фæхæссын, мæ,зæгъын,уæддæр фæстæмæ, æз, иунæг,
сæр, æз, Ир, æз Райгуырæн бæстæ.
Дзуапп:
Фæхæссон – ма загътон,уæддæр
Фæстæмæ
мæ иунæджы сæр
Мæ
Ирмæ, мæ Райгуырæн бæстæм.
Фæйнæгыл фыст дзырдтæн бацамонут сæ нысаниуджытæ
Фыййау –
Хъомгæс –
Уалыгæс –
Лæскъдзæрæн – фыййауæй æххуырст цæуын. Йæ
мыздмæ йын лæвæрдтой фосы цæуæтæй хай.
( лæскъ – лыстæг фос)
Текстимæ
куыст(ныхасы рæзтыл куыст)
Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
Иу
мæгуыр лæг цард
Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн
Удхарæй æм мард.
Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ
Иуцæстон
сæтой
Хоры къутуйау йæ тæнтæ
Бинаг
был – кæфой.
Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, -
Алыбон
хæргæ!
- Цæй – ма, - лæг ын иу хатт загъта, -
Ахицæн
мæ кæ!
- Хорз мæ хур, кæд нæ фæнды, -
Цу! Дæ
фæндаг раст!...
Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды, -
Уромы йæ маст.
Кусы та…Хуыцау æй зоны,
Цас
ма йæм фæци…
Атъæпп уа, цы фыййау хоны
Амонджын йæхи!
Махон дзы йæ сæфт ыссардта, -
Байсысти йæ туг!
Иу бон хизæнæй æртардта
Йе фсæст
фосы дзуг.
Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, -
Артау
сыгъд йæ сæр,
Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, -
Банызта
кæмдæр!
Дзурын ма зынæй фæразы
Бухъхъытæгæнгæ,
Загъдæмхаст фыййауæй хъазы:
- Хорз лæг
дæ, бæргæ,-
Дзуры йæм, - фæлæ кæд уарæм.
- Уæд дзæбæх,
нывыл.
Туг кæрæдзийæ нæ дарæм,
Байхъус мæм чысыл!
Алырдæм дæр æй куы барай,
Ай нæ
хуыздæр хос:
Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, -
Дæу фæуæд
мæ фос!
Науæ фосæй дæр æнæ хай,
Хизгæ
дæр лæвар…
- Хорз, - зæгъы, - уæдæ цы зæгъай!
Хорз,
фæуæд дæ бар!
Ах. Лæскъдзæрæн
уæ цæстытыл цавæврæй ауад? Цавæр адæймаг у?
Дзуапп: уæздан, хиуылхаст, фæллойуарзаг.
Ах. Уæйыг - та уæм цавæр фæкаст?
Дзуапп: магуса, æлгъаг, рассыггæнæг.(
дзырдтæ фыст цæуынц фæйнæгыл)
Ах. Куыд хуыйнынц лексикæйы сæ нысауниуджытæ
ныхмæвæрд кæмæн сты, уыцы дзырдтæ?
Дзуапп: Антонимтæ
V.
Урочы хатдзæгтæ:
Нæ
абоны урок кæронмæ архæццæ æмæ мА мын зæгъут цавæр зонындзинæдтимæ ацæудзыстут
ирон æвзаджы урокæй? Цы бадардзыстут уæ зæрдыл?
Мæнмæ
гæсгæ нæ абоны урочы хæстæ сæххæст кæнын нæ къухы бафтыд.
(
слайд Къостайы цард æмæ сфæрдыстад)
VI Х\К –
ныффыссын
сочинени « Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы…..»
« Мæ мад амондджын кæд уыдзæн»
Савсарын
бæрæггæнæнтæ.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.