Инфоурок Другое СтатьиСценарий праздника "Мой родной язык"

Сценарий праздника "Мой родной язык"

Скачать материал












Сценари



Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ.





Аразæг: Бигъаты Дианæ



















Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ сценари.

1. Хор зары скъолайы гимн.

2. Танделаты Розæ: Уæ бон хорз зынаргъ æмбæлттæ. Абон сымахæн зæрдиагæй салам зæгъы Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола кæцы кад æмæ радимæ, сæрыстырæй, хæссы Ирыстоны кадджын хъæбул, Хетæгкаты Къостайы ном. Дзæуджыхъæуы астæу, йæ тæккæ зæрдæйы, æрдз йæ фарнæйдзаг хъæбысы Ирыхъæу кæм бакодта, лæууы нæ райдзаст скъола, нæ фарсмæ та - сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуан, кæцыйы кæрты йе нусон бынат ссардта Къоста. Не скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ зæрдиагæй архайын ууыл, цæмæй Къостайы æвзаг макуы бамынæг уа, парахат кæна, уарзой йæ рæзгæ фæлтæртæ. Уымæн æвдисæн у ацы ахуыры аз нæм цы ирон - полилингвалон кълас байгом уый дæр. Абоны бæрæгбоны кадæн, сымахæй бар райсгæйæ, ныхасы бар дардтæр Дзæуджыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл 13 скъолайы ахуырдзаутæн.

3. Дзибелашвили Лаурæ дзуры Хабæты Риммæйы æмдзæвгæ

«Æрттивгæ стъалы»


Ирон аргъуаны фарнæйдзаг хъæбысы,

Æрттивгæ стъалы, рухс зæдау, хуыссы!

Йæ фæллад зæрдæ дугты маст нæ быхсы,

Æрвылбон Ирыл, рухс хурау, - тыхсы.


Нæхи Къоста, дæ зæрдæйы цæхæр рухс,-

Æнусты тарæй абонмæ кæсы.

Дæ зонды суадон рæстæгæй нæ бахус,-

Æппæт дунейы арф фурдмæ бырсы!


Ирон дзырд уыд дæ фæнддаггаг дæ царды,

Æлвæст – дæ хъуыды, топы фатау –раст.

Нæ сыгъд дæ фæдзæхст дам-думты цъæх-арты,

Уый азты сæрты дард æнустæм каст.


Æристай арвæй судзгæ стъалы де рттæм,

Æмæ йын Ирыл байуæрзтай йæ хъарм.

Æнусмæ уымæй рухсзæрдæ уыдзыстæм,

Ды дарыс махыл абон дæр дæ арм!


4. Разгъордта Маликъиты Олег: Байхъусут, хорз адæм! Абон, 1899 азы 15 майы, Ирыстоны æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр» - æвдисы адæммæ чиныг.


5. Рацыдысты амонджытæ Дулаты Замирæ æмæ Коцойты Арсен.

Арсен: Уæ бон хорз зынаргъ уазджытæ!

Замирæ: Ирон æвзаджы бæрæгбоны хорззæх уæ уæд!

Арсен: Махæн абон у стыр бæрæгбон, хъуамæ уæм сæрыстыр, ирæттæ кæйс тæм, уымæй.


6. Къуымæриттаты Зæлинæ кæсы Хъайтыхъты Азæмæты æмдзæвгæ

«Мадæлон æвзаг»

О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон!

Дæу аккаг хæзна дзырд зæххы цъарыл нæй,

Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй,

Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй.


Куыннæ ис дунейы æвзæгтæ та бирæ,

Къуымыхдæр дзы иу иннæмæй нæу.

Мæ мадæлон æвзаг, хæрын дын ыстыр ард,

Æз сеппæтыл иумæ нæ баивин дæу.


Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид,

Цæрдудæй дын мардау æз уаин фынæй.

Мæн сусæны хур дæр æнæ дæу нæ тавид,

О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ, цæй!


7. Зарæг «Дзыппи» солист Будайты Сослан


8. Арсен: Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса - Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сызгъæрин дамгъæтæй йæ ныффыста кады тырыссайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн æмæ искуы уыцы тырыса дæлæмæ куы руадзæм.

Замирæ: Кæм дæ, Къоста

Ды не стыр ныфс, нæ уарзт дæ.

Æнæ дæу сидзæр Иры зæхх, æдзыт.

О, Хетæджы фырт, чи загъта ды мард дæ,

Фæзын, æрвнæрдау, азæла дæ дзырд!


Арсен: Бузныг зæгъын æмбæлы, Ирыстонæн ахæм хъæбул чи радта, уыцы ныййарæгæн.


9. Болататы Динара дзуры Дзасохты Музаферы æмдзæвгæ


«Къостайы мад Марийæйæн»


Нæ ахызт дæ иувæрсты амæндтæ уарæг-

Дæуау фæрнджын Иры нæма уыди мад,

Ирыстоны намыс- Къостайы ныййарæг,

Сыгъдæг удты фарсмæ дзæнæты фæбад.


Ирыстонæн нæма нæ ныййардта мад

Дæу хуызæн фырт йæ равзæрынæй ардæм.

Цæрæнбонты нæ байсысдзæн дæ кад,

Цæрæнбонты дæ мысдзысты нæ адæм.


Хъысмæты цалх дыл разылди кæд хинæй,

Уæддæр дæ амонд разынди къæдзæх.

Нæ бафсæстæ хъæбулы амонд, цинæй-

Дæ фырты цинæй бафсæст Иры зæхх.

Нæй аххуысæн дæ намысы зынг артæн,

Уымæн дзурæм: «Рухс дзæнæты бад!»

Цалынмæ уа рухсаг зæгъæг мардæн,

Уалынмæ у æгæстыл нымад.


10. «Ханты кафт» кафынц Гизойты Батрадз æмæ Гаситы Викæ.


Замирæ: Уæдæ цавæр ирон бæрæгбон фидауы æнæ фæндыры цагъдæй?


11. Алборты Аида дзуры Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ

«Ирон фæндыр»

Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй,

У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.

Ирон фæндыр…Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй

Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр.


Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон,

Æнæ фæндыр мæгуырдæр кæны зæхх.

Фæндырдзæгъдæг, дæ цагъдмæ дын ныхъхъуыстон,

О, исты мын йæ цины зæлтæй зæгъ!


12. Болæтаты Динарæ цæгъды фæндырæй дыууæ цагъды.

13. Дзантиаты Дианæ дзуры Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ

«Мæ Ирыстон»

Зон æй, мæ Ирыстон,

Æнæ дæу сидзæр дæн,

Хур мæ нæ тавы дзæбæх.

Цинимæ зæрдæйы

Урс цæссыг фезмæлы,

Афтæ зынаргъ у дæ зæхх.

О, фæлæ иу сагъæс

Зилы мæ хъуыдыты,

Хорз амонд кургæйæ нæу,

Мах фæстæ а зæххыл

Чи цæудзæн, Чи цæрдзæн?

Уый та куыд уарздзæни дæу?

Ма дын уа фесæфæн

Царды, уæздан кæстæр,

Гъæй, мардзæ, фезмæл лæгау!

Ацы рæсугъд зæххыл

Уарзты взар чи суадза,

Ахæм хор тау æмæ тау.


Замирæ: Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.


Арсен: Кусæм, цæмæй æххæст кæнæм нæ республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы чиныг «Дæ мæсыг самай»-ы фæдзæгъстытæ.


Замирæ: Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй,

Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ.

Ирон æвзаг мæ зæрдæ дæ мæнæн,

Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ.


Арсен: Афтæмæй уал хæрзбон.


Замирæ: Ног фембæлдмæ!




































Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Сценарий праздника "Мой родной язык""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Садовод-декоратор

Получите профессию

HR-менеджер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 672 348 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 19.03.2016 494
    • DOCX 25.9 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Бигаева Диана Тасолтановна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Бигаева Диана Тасолтановна
    Бигаева Диана Тасолтановна
    • На сайте: 8 лет и 1 месяц
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 3400
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой