Инфоурок Другое КонспектыУрок по теме " Адамон героикон зараг. Чермены зараг"

Урок по теме " Адамон героикон зараг. Чермены зараг"

Скачать материал

 

 

 

 

Урочы темæ: «Адæмон героикон зарджытæ «Чермены зарæг»

Урочы хæс:

1)Хъомыладон:

Сывæллæты зæрдæты гуырын  кæнын цымыдысдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ,нæ адæмы историмæ,нæ историмæ,нæ хъæбатыртæм.

2)зонадон:

бамбарын кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ æмæ а.д.) адæмон героикон  зарджыты  бындур раргом кæнын.

Урочы фæлгонц :презентации « Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ». Чермены нывтæ,Чермены зарæг.

Урочы эпиграф:

                             «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй                            дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай ,уæд»

М.Горький

Мотиваци: ( байхъусæм «Чермены зарæг»- мæ)

-Кæй зарæгмæ байхъуыстат?

-Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?

-Уæдæ сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм  нæ абоны урочы?

-Сбæрæг - ма  кæнут нæ абоны урочы темæ.

(Адæмон героикон зарджытæ «Чермены зарæг»)

-Цæмæн хонæм Чермены зарæг адæмон?

-Зындгонд уырыссаг фыссæг   М.Горький   дæр раст загъта   

  «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй                            дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай ,уæд»

Байхъусæм ма скъоладзаумæ: (хъусынгæнинаг)

         Ирон фæллойгæнæг адæм бирæ æнусты дæргъы сфæлдыстой тынг хъæздыг, адæмон кадджытæ æмæ таурæгътæ ,зарджытæ æмæ аргъæуттæ,æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ.

Махæн нæ фыдæлтæн фысгæ истори нæ уыдис. Нæ фыдæлты рагон царды тыххæй фыст ницы баззад. Æмæ ахуыргæндтæ нæ истори æвзарынмæ куы  бавналынц, уæд сын тынг феххуыс кæны нæ адæмон сфæлдыстад,уæлдайдæр та нæ диссаджы нарты кадджытæ.

Нарты каддджыты кæд æрымысгæ хабæрттæ бирæ вæййы ,уæддæр нæ рагон фыдæлты царды æгъдæуттæ æмæ миниуджытæ уым бæлвырд  æвдыст цæуынц  .

Ирон дзыхæй дзургæ сфæлдыстад сæвзæрд тынг раджы,йæ кæнæг уыд хуымæтæг фæллойгæнæг адæм,арæзт цыди бирæ æнусты дæргъы.Уымæ гæсгæ ам æвдыст æрцыд нæ адæмы царды фæндаг,йæ хъысмæт,йæ тох знæгтимæ,адæмы зондахаст,йæ зæрдæйы уаг,йæ æгъдæуттæ,йæ бæллицтæ.Адæмон сфæлдыстад ахуыр кодта адæмы сæ æфхæрджыты ныхмæ тох кæнын,хуыздæр фидæнмæ тырнын. Суанг ма абон мах дæр ахуыр кæнынц нæ райгуырæн бæстæ уарзыныл,рæстдзинады сæрыл тох кæнын,хуыздæр фидæнмæ  тырнын.

Адæм-иу фæскуыст æвдæлон рæстæг æрæмбырд сты ныхасмæ æмæ-иу кæрæдзийæн кодтой сæ хабæрттæ, сæ царды хъæстытæ,дзырдтой-иу сæ бæллицтææ сагъæстæ.Ныхас-иу сыл бацайдагъ.Сæ ныхасы бæрæг зынди сæ тыхст,сæ бæллиц.

Ныхасы зæронд кадæггæнæг-иу хъис фæндырæй цæгъдгæйæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодта , раджы заманты тыхгæнджыты ныхмæ карз тохы йæ адæмы амондыл, йæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи хаста, адæм сæ зарджытæ, сæ таурæгътæ, сæ кадджыты æнусмæ кæй нæмттæ ныффидар кодтой , уыцы адæмон хъæбатырты.

Мах сæдæгай азты фæстæ дæр зонæм, чи уыди Кодзырты Таймураз, Берозты Тотраз, Тлаттаты Чермен. Уыцы нæмттæ мах абон  нæ зониккам , адæмон сфæлдыстад нæм куы нæ уыдаид уæд.

Ахуыргæнæджы ныхас:

Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се’ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сфæлдыстад. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм , нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой ,афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа , уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм  сæхæдæг дæр.

Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæдтæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр йæ сыгъдæгæй ахæццæ кæнæм.

 

 

Къордты куыст:

- Алы къордæн дæр йæ разы ис хæслæвæрд, æркæсут æмæ дзуапп раттут.  Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы зонæм, уый.

1 къорд:

1. Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

2. Чи уыдис Тлаттаты Чермен?

3. Цæмæй бæрæг у Чермен ирон адæмæн сæ хъæбатыртæй       æппæты уарзондæр кæй уыдис ,уый?(уымæн æмæ йыл бирæ таурæгътæ,зарджытæ арæзт æрцыдис)

2    къорд:

1. Зæгъут ма ирон адæмæн æппæты уарзондæр чи уыдис йæ хъæбатыртæй?Цæмæн?(Чермен.Уымæн æмæ Чермен мæгуыр адæмы  фарс хæцыдис,сæрыстыр сæрибаруарзаг уыдис)

2. Тлаттаты уæздæттæ Чермены куыд амардтой?Цæуыл дзурæг,уый?(Тлаттатæ тæппуд кæй уыдысты ,ууыл)

3.Чермены миниуджытæй уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?(Рисæн-фæразон,хиуылхæцгæ,уæззаузонд,фæлæ йе фхæрд,нæ ныббарста,)

- Уæдæ йын йæ хабæрттæ сымах афтæ бæстон кæцæй базыдтат?(таурæгътæй,адæмон сфæлдыстадæй)

 

Ног æрмæг:

Ахуыргæнæджы разныхас:

- Æз  уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст:цæмæй бæрæг у, Чермен ирон адæмæн сæ уарзондæр хъæбатыр кæй у, уый?

Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта , уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ. Адæм сæ бирæ уарзтой, сæрыстыр сæ уыдысты.Сæ уарзондæр хъæбатыртыл-иу скодтой канд таурæгътæ нæ,фæлæ зарджытæ дæр.Ахæм ирон нæлгоймаг нæ уыдис æмæ зарын, хъырнын чи нæ уарзта,хъæбатырты зарджытæ-иу ахæлиу сты комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ,æппæт адæмæн-иу систы æмхуызон æмæ-иу сыл æрыгон лæппутæ,фæсивæд, ахуыр кодтой лæгдзинадыл, Фыдыбæстæ уарзыныл. Амыдтой сын се ʾфхæрæг тыхгæнджыты раз сæрыстыр уæвын, адæймаджы,ирон лæджы сæры кад бæрзонд æмæ сыгъдæг дарын.

Ирон адæм ахæм кады зарджытæ скодтой Кодзырты Т., Берозты Т., æмæ иннæтыл. Фæлæ уæддæр æппæты уарзондæр ирон адæмæн уыди Тлаттаты Чермен.

Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн,Чермены номæй сæрыстыр чи нæ у. Суанг ма ирон лæг фыр буцæн йæ лæппуйæн ратты Чермены ном.Чермен у нæ национ хъæбатыр,Уый тох самадта æлдæртты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард.Хъæбатыр лæджы номыл ис саразæн цыртдзæвæн,кæнæ мæсыг,цæмæй йæ ном ма ферох уа.Фæлæ рацæудзæн рæстæг æмæ цырты фыстытæ фесæфдзысты,гæнæн ис,æмæ акæла мæсыг.Фæлæ нæй амæлæн,фесæфæн адæмы зæрдæйы цы цыртдзæвæн ис, уымæн- зарæг æн

 (бахъуыстам зарæгмæ)

- Чермен ирон адæмæн у сæ кадджындæр хъæбатыртæй иу. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ мах нæ ирон фысджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ аздахынц се ргом Чермены фæлгонцмæ. Афтæ зындгонд ирон фыссæг ,нæ литератæйы патриарх Гæдиаты Секъа адæмон героикон зарæджы бындурыл ныффыста æмдзæвгæ «Чермен».

Чермены тыххæй ныффыста трагеди Плиты Грис. Уыцы трагедийы бындурыл арæзт æрцыд киноныв «Чермен». Чермены ролы хъазыд Уæрæсейы сгуыхт артист Уататы Бибо. Киноныв истой Дыгургомы.

 

 -  Бакæсæм зарæджы ныхæстæ.

(Ахуыргæнæг кæсы текст.)

Беседæ зарæджы мидисыл.

 

1.    Цавæр ныхæстæй райдайы зарæг?

                                                                         (1-4 строфа бакæсын)

2.    Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?

                                                                     (адæмы уарзондзинадыл)

3.    Цæмæй бæрæг у, зарæджы адæм Чермены фарс кæй сты, уый?

(Хъæлæсы уаг, зарæгæн йæ райдайæн: «Чермены зарæг цы бæлццæттæ бакæной, уыдон фæндараст æрбауой»). Ноджы йæ хонынц «фæйнæгфарс», «сахъ», «домбай».

4.    Йæхи куыд дары Чермен йæ мадимæ, хæтæнæй фæлладæй куы æрбаздæхт, уæд? (Уæздан, хиуылхæцгæ. Кæд смæсты, уæддæр йæхи уромы, дзæгъæл схъиуд гæппытæ нæ кæны. Йæ мадмæ дзуры фæлмæнæй.

5.    Æмæ уыцы эпизод куыдæй æвдисы Чермены? (æгъдауджынæй)

6.    Цавæр миниуджытæ ма ис Черменмæ ?

(тыхджын, кусаг, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, хъæбатыр, уæззаузонд).

7.    Куыд уæм кæсы, Черменæн йæ царды сæйрагдæр нысан цы уыдис? (сæрибармæ тырнындзинад)

8.     Æлдæрттæ сæ ныфс цæуылнæ бахастой Чермены комкоммæ амарын? Сусæгæй цæмæн бакодтой сæ мæнгард ми?

9.    Зарæджы сæ адæм куыд хонынц? («Тлаттаты уæздæттæ», «Мæнгæрдтæ»)

10.          Кæй хуыдтой уæздæттæ?

«Уаздæн»… -куыд æмбарут ацы дзырд?

Ирон авзаджы дзырд уæзданæн  цавæр нысаниуæг ис?

-Уæ хъуыдытæ ма загъут. (сыв-тæ дзурынц сæ хъуыдытæ)

11. Чермен – уæздан. Тлаттатæ – уæздан. Цæмæй хицæн кæнынц тексты мидæг?

12. Куыд уæм кæсы ,ныртæккæ Чермены зарæгæн мах царды исты ахадындзинад ис? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Синквейн

1.Чермен

2.хъæбатыр,уæздан

3.тох кæны,тырны,уарзы

4.Чермен сæрибарыл тох кæны.

5.адæймаг,тохгæнæг

- Ацы миниуджытæ куыд   ис схонæн иу ныхасæй (лæгдзинад)

-Абоны урокæн скæнæм хатдзæг:

1.Æфхæрд нæ ныббарын. ( - Абоны царды актуалон у ?)

2.Æгаддзинад сæрмæ не ʾрхæссын.

3.Адæмы сæраппонд дæ цард раттын..

Иууыл иумæ та сты лæгдзинады нысаниуджытæ.

 

Кæронбæттæны ныхас:        

-Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ, срухс кодтам таурæгътæ æмæ зарджыты фæрцы нæ ивгъуыд замантæй иу талынг къуым æмæ нæм уым фæзынд нæ уарзон хъæбатыр  - Тлаттаты Чермен.

Хæдзармæ куыст:

- Ныффыссын нывæцæн.

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Урок по теме " Адамон героикон зараг. Чермены зараг""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

PR-менеджер

Получите профессию

Няня

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 052 материала в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 25.01.2019 845
    • DOCX 24.8 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Мамитова Ранета Петровна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Мамитова Ранета Петровна
    Мамитова Ранета Петровна
    • На сайте: 6 лет и 11 месяцев
    • Подписчики: 1
    • Всего просмотров: 11157
    • Всего материалов: 15

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Технолог-калькулятор общественного питания

Технолог-калькулятор общественного питания

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 154 человека

Мини-курс

Инновационные методы обучения и игровые практики для детей с ОВЗ

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 58 человек из 28 регионов
  • Этот курс уже прошли 93 человека

Мини-курс

Педагогические и психологические основы образования

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 13 человек

Мини-курс

Теория и практика инвестиций в контексте устойчивого развития

8 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе