ВИКТОРИНÆ
5 – ÆМ КЪЛÆСТЫ
«АДÆМОН СФÆЛДЫСТАДЫ
ДУНЕЙЫ»
2015
ВИКТОРИНÆЙЫ
ХÆСТÆ:1) Ахуырдзаутæ цы аргъæуттæ рацыдысты, уыдоныл
афæлгæсын.
Зæрдыл
æрлæууын кæнын аргъæутты мидис, сæйраг хъуыды.
2)
Сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ
кæнын,
аргъæутты персонажтæн характеристикæ дæттын;
3)
Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзи –
над, хъæбатырдзинад æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ;скъо –
ладзаутæм рæзын кæнын тырнындзинад аргъæуттæ кæсынмæ.
ВИКТОРИНÆЙЫ ÆРМÆГ:Скъоладзауты конд нывтæ алыхуызон аргъæуттæм,чингуыты равдыст,
тухгæ чингуытæ, разæнгардгæнæн стъалытæ, лæвæрттæ.
презентаци.
ЭПИГРÆФ
ВИКТОРИНÆМÆ: «ЦÆЙ ДИССАГ СТЫ АЦЫ АРГЪÆУТТÆ, ЦÆЙ!»
А.С.ПУШКИН.
ВИКТОРИНÆЙЫ
ЦЫД:
1.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
( Скъоладзауты
базонгæ кæнын викторинæйы хæстимæ, викторинæйы домæнтимæ,
2 командæйы
ахуырдзаутæ сæ бынæтты сбадынц, æвзарынц раздзогтæ )
а) Цыбыр разныхас рацыд
æрмæджы тыххæй, адæмон æмæ литературон аргъæу –
тты хицæндзинæдты тыххæй.
2.
Ног æрмæгыл куыст
Ахуыргæнæг: Нæ
викторинæ конд у цæлхдуртæй. Цæмæй урочы кæрон уæ къу-
хы лæвар
бафта, уый тыххæй уæ хъæуы тынг зæрдиагæй æмæ лæмбынæгæй
бакусын. Хъуамæ
цæлхдуртæ сæрты ахизат, ома сæ раст сæххæст кæнат.
Викторинæ
презентациимæ
1 – АГ ЦÆЛХДУР – ФÆРСТЫТÆН ДЗУАПП
РАТТЫН..
1) Цавæр аргъæуттæ зонут?
( Адæмон æмæ литературон ).
2) Цæмæй
хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?
3) Цавæр
уацмыс хонæм аргъау? Йæ миниуджытæ?
4) Цæуыл нæ
ахуыр кæнынц аргъæуттæ?
5) Цавæр
адæмон аргъæуттæ базыдтам? ( «Фаззæттæ», «Раст лæг æмæ зылын
лæг»
6) Цавæр литературон
аргъæуттимæ базонгæ стут? Чи сты сæ автортæ?
( «Лæскъдзæрæн» -
Къоста, «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы ар –
гъау»
7) Уырыссаг кæнæ
фæсарæйнаг литературæйæ цавæр литературон аргъæуттæ
зонут? Чи сты сæ
автортæ?( Пушкин «Сказка о рыбаке и рыбке», «О мёрт –
вой царевне и о семи
богатырях», Ш.Перро «Золушка», Андерсен Снежная
королева» æмæ æнд
Æххæст æмæ раст дзуапæн – сырх
стъалы, æнæххст дзуаппæн – цъæх стъалы
2 – АГ ЦÆЛХДУР – БАЗОНУТ, КÆЦÆЙ ИСТ
СТЫ АЦЫ РÆНХЪЫТÆ:
1)
«Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та
сæххормаг»
( «Раст лæг æмæ
Зылын лæг»)
2)
«Алырдæм дæр æй куы барай, Ай нæ хуыздæр хос:
Кæд ды дзырд мæ
дзырдмæ сарай, -
Дæу фæуæд мæ фос»
( Къоста
«Лæскъдзæрæн»)
3)
«Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ
фæци»
(«Фаззæттæ»)
4)
«Фырцинæй цы ракодтаид,
Уымæн ницыуал
æмбæрста
Зыд æмæ кæрæф лæг»
( Нигер «Дыууæ
зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»)
5)
«Хурсыгъд бæстæм лæппу бафтыд,
Доны былтæй иу хъæу
разынд
( Дарчиты Дауыт
«Гæмæт»)
6)
« Иудзæвгар куы суади, уæд хæринæгтæ аппæрста æмæ уадидæгæн
дæр мæсыджы
цъуппыл фестади» ( « Сарты фырт»)
3 – АГ ЦÆЛХДУР - ФÆРСТЫТÆ.
1)
Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?
2)
Цæмæй базыдта Гæмæты мад, йæ фырт тæссаг ран кæй
ис, уый?
3)
Аргъау «Фаззæттæ» - йæн йæ автор чи у?
4 – ÆМ ЦÆЛХДУР – ДЗЫРДБЫД.
1)
Кæфхъуындар цы чызджы хъуамæ бахордтаид, уый ном?
(Аминæт )
2)
«Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» -ы
автор?(Нигер )
3)
Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ?(«Фаззæттæ»)
4) Цавæр маргъы
адзæбæх кодта хъæддзау лæг? ( Зæрватыкк )
5) Чи мардта
удхарæй лæскъдзæрæджы? ( Уæйыг
6) Цы æрзад,зæрватыкк
цы мыггаг æрхаста, уымæй? ( Нас )
7) Мæгуыр лæгæн йæ
цæстытæ цæмæй адзæбæх сты? ( Мыд )
8)Къулбадæг усыл
чи фæуæлахиз зондæй? ( Будзи )
5 – ÆМ ЦÆЛХДУР – БАЗОНУТ, КÆЦÆЙ СТЫ
АЦЫ ИЛЛЮСТРАЦИТÆ?
6 – ÆМ ЦÆЛХДУР – «МАХ – СЫМАХÆН,
СЫМАХ – МАХÆН»
( Командæтæ
кæрæдзимæ фæйнæ иу фарсты дæттынц. Гæнæн ис рагацау
бацæттæ кæнын уыцы
фарст )
7 – ÆМ ЦÆЛХДУР – «БАМБАРУТ НÆ ÆНÆ
НЫХАСÆЙ»
( Алы командæ дæр, иу
ныхас дæр ма скæнæд, афтæмæй хъуамæ равдиса
искæцы аргъауæй чысыл
скъуыддзаг, цæмæй йæ иннæ командæ базона,
цавæр аргъауæй у, уый.
Рæстæг лæвæрд цæуы 2 – 3 минуты бæрц.
8 – ÆМ ЦÆЛХДУР – УЫЦИ – УЫЦИТÆ
БАЗОНЫН, ÆМБИСÆНДТÆ КÆРОНМÆ АХÆЦЦÆ КÆНЫН
3.
Кæронбæттæн:
1)
Ныхасы бар жюрийæн( Сæ хъуыдытæ
хъазты тыххæй, сывæллæтттæ
куыд куыстой уый
тыххæй.Стъалытæ банымайын, хатдзæгтæ скæнын: кæцы ко –
мандæ фæуæлахиз,
абоны хъазты чи уыди æппæты рæвдздæр æмæ зондджын-
дæр.)
2)
Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ сывæллæттæн.
3)
Лæвæрттæ
раттын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.