Æмæ
та уæ бонтæ хорз. Нæ абоны фембæлды темæ у
«
Цардмæ фæйнæхуызон цæстæгас дарын» Гæдиаты Цомахъы радзырд «Дыууæ дидинæгмæ»
гæсгæ.
Цалдæр
ныхасы Цомахъы тыххæй.
Ирон адæмы культурæйы стыр архайæг, поэт, прозаик, драматург, литературон
критик Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ райгуырди 1882 азы хæххон хæдзары
Гуырдзыстоны, Уæллаг Ганисы хъæуы. Цомахъ ма чысыл уыд, афтæмæй сæ бинонтæ
ралыгъдсты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Джызæлы. Цомахъ ахуыр кæнын райдыдта
Джызæлы скъолайы. Стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Стъараполы дины семинары. Уый
фæстæ бацыд Эстонийы Дерпты университеты историон- филологон факультетмæ.
Цомахъ литературон куыст кæнын райдыдта 1906 азы, адæмы революцион сыстад йæ
тыхджынæй куы уыд, уæд. Цомахъ фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, драмон
уацмыстæ,æнцонæй фыста дыууæ æвзагыл дæр. Цомахъ революцион куыст кæй кодта,
уый тыххæй йæ æрцахстой æмæ йæ арвыстой Сыбырмæ. 1917 азы, паддзах æппæрст куы
æрцыд, уæд Цомахъ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ фæкуыста Ирыстоны кусæндæтты бæрнон
бынæтты. Уыд ЦИПУ-йы ректор, газет»Рæстдзинад»-ы редактор, наукон- иртасæг
институты директор .Амард 1931 азы. Бирæ кæд нæ фæцард, уæддæр йæ фæстæ ныууагъта
рæсугъд фæд æмæ хъæздыг литературон бынтæ.
Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы йæ радзырд « Дыууæ дидинæджы».
Радзырды
сюжет у хуымæтæг. Текст хæрцыбыр у æмæ æз йæ бакæсдзынæн. Æнæнзонгæ дзырдтæ уын
рахастон фæйнæгмæ æмæ сæм уæ хъус æрдарут.
(
кæсын текст)
Дыууæ
дидинæджы , дыууæ царды æмæ дыууæ фæлгонцы.
Иу
уæлиау , хохы цъуппыл.Иннæ быдыры цъæх кæрдæджы астæу. Сæ дыууæ дæр сæ цардæй
разы. Фæлæ ма сæм бакæсæм фæрсырдыгæй.
Хæххон
дидинæг не рвæссы быдырон дидинæгыл. Быдырон дидинæг нæ хæлæг кæны хæххонмæ,
фехъуыстам сын сæ ныхас.(Слайд)Рис
хæххон
: къуыдипп æмæ хъал. Йæ ныхас схъæл
быдырон
: хуымæтæг æмæ адæмуарзон. Лæгъзтæхуызæй дзуры уæлæмæ.
Автор
сæ сдзурын кодта. Æмæ дидинджытæ зайæгойтæ куы сты , уæд сæ бон дзурын дæр у? Нæу
сын , кæй зæгъын æй хъæуы.
Уый
у аивадон фæрæз , хуыйны - олицетворени.( слайд)
Олицетворени
- аивадон фæрæз: зайæгойты, цæрæгойты æмæ æрдзы фæзындты адæймаджы миниуджытæй
хайджын кæнын.
Фысджытæ
арæх пайда кæнынц ацы фæрæзтæй , уацмысы æнкъарæнтæ тыхджындæр кæныны тыххæй.
Ссарут-ма
уæдæ тексты уыцы бынæттæ дидинджыты адæймаджы миниуджытæй кæм хайджын кæны
автор.
Зæгъæм
:
-
Йæ мидбылты бахуды дидинæг, ныуулæфы æрдзон уæлдæфæй,сисы йæ дари базыртæ ,
батилы йæ сæр æмæ та акæсы комы рæбынмæ.
Кæй
зæгъын æй хъæуы , дидинæг худгæ нæ кæны,Ноджы ма кæм ис ахæм бынат?.
-
Дард , комы нарæджы , иу хуссар хъæбысы , кæрдæджы астæу рæзы иу быдырон
дидинæг. Сдардта йæ сæр кæрдæгæй , кæсы уæлæмæ чысыл цæстытæй. ( кæсы
цæстытæй) æмæ йын цæстытæ куы нæ ис.
Афтæ
нын сæ сæ кæрдзийы ныхмæ æвæргæйæ хæссы йæ радзырды автор.(Слайд)
Æрбакæсут-ма мæнæ .Кæд хæххон дидинæг
Дидинджыты миниуджытæ
Хæххон дидинæг
Быдырон дидинæг
æнæрвæссон
адæмуарзон
схъæл
фæлмæн
иунæг
кæрдæджы астæу
Цомахъ
нын дидинджыты хуызы сымахмæ гæсгæ кæй равдыста?
/
иуæй- иу адæймæгты миниуджытæ.
Адæмæй,
хъыгагæн ,ис ахæмтæ æмæ йæхи иннæтыл уæлдæр чи кæны. Йæхи хуыздæр чи фæхоны
æмæ иннæтыл æнæрвæссон митæ чи фæкæны, æрмæст йæхи чи фæуарзы мæнæ раст нæ
радзырды хъайтартæй иуы хуызæн.
Æмæ дзы цы рамбылдта хæххон дидинæг йе нæрвæссон æмæ схæлдзинадæй? Куы уæм
кæсы ? / Ницы æппындæр. Баззад ма абон дæр æмбисондæн .Йæ цард дæр уыд иунæг
æмæ йæ мæлæт дæр иунæг. Цы ма уа уымæй æгуыдзæгдæр. Рæсугъд у æнæмæнгæй хохы
цъуппæй афæлгæсын, мигътæ дæ быны симгæйæ фенын…Рæсугъд , æнæмæнгæй , фæлæ кæй
хъæуы уыцы рæсугъддзинад æнæ дæхи хуызæн æмгæрттæй, æнæ æмбæлттæй. Цæй мидæг ис
йæ хорздзинад?Æз уым хорздзинадæй ницы уынын.
Фæлæ
хæххон дидинæг афтæ нæ хъуыды кодта.
1.
Чи зæгъдзæн? Куыд хъуыды кæны хæххон
дидинæг?
2.
Сымахмæ гæсгæ раст хъуыды кæны?
Цæй мидæг ис йæ рæдыд?
3. Быдырон дидинæджы зондахаст та цавæр уыд? /
4. Кæцыимæ
стут разы æмæ цæмæн?
Нæй дунейыл
стырдæр хæзна – адæмимæ хæларæй цæрынæй.
Ис
иу ирон æмбисонд: Фыд йæ фыртты арвыста кусынмæ. Изæрæй хæдзармæ куы æрцыдысты,
уæд алчидæр йæ фыдæн йæ куыстæй раппæлыд. Бацин кодта сæ фыд. Уалынмæ рад
æрхæццæ кæстæр фыртмæ. Уый загъта:
Æз
абон ницы бакуыстон. Уæлæ фæндагыл иу бæлццонмæ фæкастæн, баххуыс ын кодтон æмæ
мæ сæхимæ æнæ фæхонгæ нал фæци. Æрдхæрдтæ разагътам. Фыд ноджы тынгдæр бацин
кодта . Æцæг куыст ды бакодтай , хæларæй хуыздæр та ма цы уа, зæгъгæ. Йæхицæй
тынг ныббуц кæстæр æфсымæр , хистæртæ дæр дзы раппæлыдысты.
Раст
у ацы æмбисонды хъуыды.
Иунæг
мæгуыр у. Иунæгæй нæй хæцæг лæг. Иунæгæй нæй цардаразæг.
Ацы
мæнг дунейыл
Иунæгмæ ма бабæлл:
Сау хъæды халонæй
Иунæг мæгуырдæр у.
Иунæг йæ цины бон,
Иунгæг йæ зыны бон,-
Иунæг йæ цæргæйæ,
Иунæг йæ мæлгæйæ!. .
(
Слайд пословицы)
Адæмы фарн
бирæ у æмæ фæрнæйдзаг ут.
Адæм лæгæн
зæрдæнцой сты æмæ дзы хайджын ут .
Адæм
кæрæдзийы фæрцы цæрынц æмæ бирæ азты адæмæн лæггад кæнын фæразут.
Уе
ппæтæн дæр бузныг.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.