Темæ: Фыд æмæ фырты цæстæнгас цардмæ æмæ царды
нысанмæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс» - ы.
Нысан: 1. Скъоладзаутæ поэты цард æмæ
сфæлдыстады тыххæй раздæры кълæсты цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон
зæрдыл æрлæууын кæнын.
2. Ног æрмæг сфæлдыстадон хуызы бамбарын
кæнын.
3. Ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад
Къостамæ куыд адæймагмæ, йе сфæлдыстадмæ.
Эпиграф. Нæ дзыллæйы зæрдæ –
Мæ хуымгæнды хай.
Мæ бæсты сагъæстæ –
Мæ фæззыгон най.
«Æз, фыццаджыдæр, зонгæ дæн Хетæгкаты
Къостайæн йæ поэтикон уацмыстимæ. Уый у
æвæджиауы поэт. Йæ уацмыстæ зæрдæ
агайынц сæ социалон рæстдзинад æмæ
æмдзæвгæты диссаджы фидауцæй».
М. Горький.
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Ног æрмæг.
1. Урок райдайын дзырдбыдæй.
Бынмæ:
1.
Йæ райгуырæн бон октябры кæмæн фæбæрæг кæнæм ахæм
зындгонд фыссæджы ном.
Фæрсырдæм:
2.
Æмдзæвгæтæ чи фыссы?
3.
Йæ райгуырæн бæстæ бирæ чи уарзы, ахæм адæймаг.
2. Ахуыргæнæджы раныхас.
Алы аз дæр кæфты мæйы
фынддæсæм бон уæлдай æхсызгондзинад æрхæссы ирон адæмæн. Фæбæрæг кæнæм Иры
уарзондæр хъæбултæй иуы райгуырæн бон –
Хетæгкаты Къостайы гуырæн
бон.
3. Фыссæджы биографион æрмæгыл бакусын.
Фæрстытæ:
Куыд арвыста Къоста йæ сабийы бонтæ Нары?
Радзурын цыбырæй Къостайы ахуыры азты тыххæй
фыццаг Стъараполы гимназы, уый фæстæ та Бетъырбухы аивæдты академийы?
Куыд рæзыд æмæ куыд бахсыст Къостайы политикон
зондахаст Бетъырбухы ахуыры азты дæргъы?
Цы цæстæй каст Къоста уырыссаг раззагдæр
культурæмæ?
Куыд арвыста Къоста йæ царды бонтæ,
Бетъырбухæй Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд?
Цæмæн – иу хаст æрцыд Къоста йæ райгуырæн
Ирыстонæй?
Цæмæн хонæм Къостайы ирон литературæйы
бындурæвæрæг?
Куыд схуыдта Къоста, иронау цы æмдзæвгæтæ
ныффыста, уыдоны æмбырдгонд?
Цавæртæ сты йе сфæлдыстады сæйраг мотивтæ?
Цæмæн афтæ зынаргъ у Къоста ирон адæмæн?
4. Проектон куыст. Къоста йæ фыдмæ цы зæрдæ дардта, уымæн хорз æвдисæн
сты поэты мæнæ ацы ныхæстæ:
«Мæ фыды æз канд уарзгæ нæ, фæлæ ма йын
кодтон æнæкæрон аргъ… Уымæй хæрзæгъдаудæр,æууæнкджындæр æмæ мулкыл къаддæр чи
зыд кодтаид,ахæм лæгыл æз никæддæр æмæ никуыдæр сæмбæлдтæн. Æрмæст дзæвгар
рæстæг не мбæрста, Аивæдты академимæ цæмæн бацыдтæн, уый. Уый тынг фæндыд,цæмæй
æз æфсæддон суыдаин, фæлæ æз та уæды заман дæр принципиалон æгъдауæй кастæн
æфсæддон службæмæ ныры хуызæн».
Къоста ацы хъуыддаджы йæ фыды фæндоныл разы нæ
уыдис, уымæн æмæ цардмæ æмхуызон цæстæй нæ кастысты. Къоста йæхицæн æнцой цард
нæ агуырдта, уый фæндыди йæ мæгуыр, «йæ иубæстон адæмæн» истæмæй феххуыс
кæнынæн, се нкъард зæрдæты сын рухсы цъыртт бауадзын. Фидæны сæрибары сæрыл
тохмæ сæ сразæнгард кæнын. Уый уыдис поэты мæт æмæ сагъæс.
5. Дзырдуатон куыст.
Ныфс
гутон
Мæ адыл – мæ уагыл
6. Æмдзæвгæ бакæсын.
7. Фæрстытæ.
Кæд йæ фыды афтæ уарзта, уæд цæуылнæ сразы
Къоста йæ фæндоныл, тызмæгæй йæм цæмæн кæсы?
- Къостайы уымæн нæ фæндыд афицер суæвын, æмæ
уыдон уыдысты хæдхæцæг паддзахы фæсдзæуинтæ, хъахъхъæдтой паддзахы фидардзинад.
- Къоста. куыд йæ рæстæджы раззагдæр
зондылхæст адæймаг, рæстдзинадыл тохгæнæг, уыдоныл йæхи нæ барста, уымæн йæ
царды нысан уыди æндæр.
- Поэтæн æнæуынон уыдысты , мæгуыр адæмы туг
чи цъырдта, цагъайраджы бынаты сæ чи æвæрдта , фæллойгæнджыты уæззау хидкалæн
куыстæй бухъ цард чи кодта, уыцы хъалтæ æмæ уæздæттæ.
Цæй фæдыл ныффыста поэт йе мдзæвгæ «Ныфс?»
Поэты царды фæндагæй уын уæ зæрдыл цавæр цау æрлæууын кодта?
Кæцы рæнхъыты бавæрдта поэт æмдзæвгæйы сæйраг
хъуыды? (Тексты ссарын).
Мæгутон, мæ галтæ -
Нæдзыллæйы зæрдæ –
Мæ фæндыр, мæ зонд Мæ
хуымгæнды хай.
Мæ кадæг, мæ зæрæг - Мæ
бæсты сагъæстæ –
Мæ цард хоры конд.
Мæ фæззыгон най…
Куыд æмбарут, æмдзæвгæйы цы рæнхъытæ æрхастат,
уыдоны фæсномыг хъуыды?
- Къоста «йæ фæндыр, йæ зонд, йæ кадæг, йæ
зарæг», (ома, йæ рæстаг, йæ тохмæсидæг поэзи) нымайы йæ мулк, йæ исбон, йæ
царды æппæты стырдæр хæзнайыл. Уыдон сты йæ гутон дæр, йæ галтæ дæр, йæ
фæззыгон най дæр (ома, йæ царды фæрæз, йæ исбон). Поэт йæ дзыллæйы зæрдæ хоны
йæ хуымгæнды хай, йæ бæсты сагъæстæ та – йæфæззыгон най. Ома, адæмы зæрдæты
тауын мæ зонд, мæ хъуыдытæ, тох кæнын сæ фидæны рухсдæр æмæ амондджындæр
цардыл.
Цæмæн схуыдта Къоста йе мдзæвгæ «Ныфс»? Цæмæй
æвæры ныфс поэт йæ уарзон фыдæн?
- Къоста йæ фыды æууæндын кæны, цæмæй йæ
фыртæн мА тæрса мæгуырæй. Ма тыхса йæ фидæныл. Уымæн æмæ, йæ фырт царды цы
фæндаг равзæрста, уый кæд цыфæнды зын æмæ тæссаг у, уæддæр у кад æмæ амонды
фæндаг. Йæ царды ахæм фæндаг йæхицæн чи равзары, йæ зæрдæйы ахæм ныфс кæмæн
бацæуа, уымæн мæгуырæй тас нæу, ома амондджын уыдзæн йæ фидæн, адæм æй нæ ферох
кæндзысты. Уый та, поэты хъуыдымæ гæсгæ, у адæймаджы царды æппæты стырдæр
хъæздыгдзинад, йæ исбон. Уымæн зæгъы поэт йæ фыдæн «мæгуырæй мын мА тæрс».
Зæгъгæ. Уæдæ æмдзæвгæ «Ныфс» дæр уымæн схуыдта.
Куыд æмбарут æмдзæвгæйы мæнæ ацы рæнхъытæ?
Æз топпæй нæ
хъазын,
Æз барæг нæ дæн,
Æхсаргард ысласын
Мæ бон нæу мæнæн…?
- Поэт ацы рæнхъыты зæгъынмæ хъавыд, хæстон
лæг кæй нæу æмæ хæцæнгæрзты хъаруйæ кæй нæ тох кæны. Царды йæхицæн кæй
равзæрста æндæр хæцæнгарз рæстаг æмæ тохмæсидæг поэзи.
8. Ссарын æмдзæвгæйы, адæмон æмбисæндтæ чи
сси, уыцы ныхæстæ.
- «Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр», «Дæ
зæрдæмæ ма хæсс , мæ зæрдæйы конд», «Йæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр».
9. Уацмысы идейон – эстетикон хъуыды бамбарын кæнын.
Æмдзæвгæ «Ныфс» у Къостайы лирикон
æмдзæвгæты хуыздæртæй иу. Зæгъæн ис, æмæ у автобиографион уацмыс. Къоста йе
мдзæвгæйы ныхас кæны йæ фыдимæ, царды йæхицæн цы фæндаг равзæрста, йæ зонд, йæ
хъару цы хъуыддагæн снывонд кодта, уый тыххæй. Къоста сывæллоны бонтæй фæстæмæ
тынг бирæ уарзта аивад. Уымæ гæсгæ сфæнд кодта Бетъырбухы Аивæдты академимæ
бацæуын бацæуын. Леуаны та тынг фæндыди, цæмæй йæ иунæг фырт суыдаид афицер.
Къоста бирæ уарзта йæ фыды, кодта йын кæддæриддæр стыр аргъ, йæ фæндоныл ын
дыууæ никуы загъта, уæдæ йæ зæрдæхудты дæр никуы бацыд.
10. Скъоладзауты каст.
11. Хатдзæгтæ: Æмдзæвгæйы оптимистон ахаст
– поэт æууæнды «йæ фæндыр, йæ зонд, йæ кадæг, йæ зарæгыл», ома тохмæ сидæг
поэзийыл.
Х/К.
Къостайы биографи сахуыр кæнын, æмдзæвгæ
«Ныфс» æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, зæрдывæрдæй сахуыр кæнын, адæмон æмбисæндтæ чи
ссис, уыцы ныхæстæ тетрæдтæм рафыссын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.