Инфоурок Другое КонспектыПлан урока по осетинкой литературе на тему:"Нартские сказания"

План урока по осетинкой литературе на тему:"Нартские сказания"

Скачать материал

 

 

                                              Урочы  пълан  ирон  литературӕйӕ

 

 

Урочы  темӕ:   Нӕртон  хабӕрттӕ .  Сырдон.

 

Урочы  нысан: Ӕрдзурын  Нарты  кадджын  мыггӕгтыл. Ирон  адӕммӕ  куыд ӕмӕ  цы  хуызы фӕзынд,  Нарты  руаджы,  фӕндыр. Ӕрдзурын  Сырдоны  хинмитыл  ӕмӕ  йӕ цыргъзондыл.

 

Хъомыладон куыст: Бамбарын  кӕнын  кӕдӕг  ӕрмӕст  скӕнынынц  кады  аггаг  чи  вӕййы  уымӕн.Нарты  кадджытӕ  та  ӕрымысыдысты  нӕ  фыдӕлтыл. Уый  ууыл  дзуры  - нӕ  фыдӕлтӕм  уыд  уыййас  кад  ӕмӕ  сыл  кадджытӕ  фӕмысыдысты  нӕ  фыдӕлтӕ.

 

Эпиграф:  «Кадджын  лӕгӕн  йӕ  ном  никуы  сӕфы».

 

Ӕрмӕг: компьютер, презентаци, докладтӕ, иллюстрацитӕ,  тестытӕ.

 

                                                          Урочы  цыд:

 

1.       Бацӕттӕгӕнӕн  рӕстӕг:  Мотиваци.

 

Ахуыргӕнӕг: Мӕнӕ  мӕ  ацы  иллюстрацимӕ  бӕстон  ӕрбакӕсут.  Исчи  йӕ  зоны  кӕй  къам  у?  Кӕнӕ  зӕххон  адӕймагӕй  гуырды   хуызӕн  у?(кӕд  ӕй  нӕ  базоной, уӕд  сын баххуыс 

            кӕндэынӕн)

http://usd1.mycdn.me/getImage?photoId=491934313308&photoType=2

 

 

 

 

 

2.       Цалхдур  аиуварс  кӕнын:

 

Дзуапп:  Уый  у  нарты  Сырдон.

 Дзуапп:  Мӕнмӕ  гӕсгӕ  адӕймаджы  хуызӕн  уымӕн  нӕу,  ӕмӕ  хӕйрӕгӕй  у гуырд.

 

Ахуыргӕнӕг:   Раст  зӕгъут.  Уӕдӕ  абон  цӕуыл  уыдзӕн  нӕ  урочы  сӕйрагдӕр  хъуыды  ӕмӕ  ныхас?

Дзуапп:  Ӕвӕццӕгӕн  нарты  кадджытыл.  Сырдоныл.

 

Ахуыргӕнӕг:  Раст  зӕгъут. Махӕн  нӕ  абоны  урочы  нысан  у,  цӕмӕй  ӕрхъуыды  кӕнӕм   Нарты  кадджын  ӕртӕ  мыггаджы. Ирон  адӕммӕ  куыд  ӕмӕ  цы  хъуызы  фӕзынд  фӕндыр.  Ӕрдзурын  Сырдоны  хин  ӕмӕ  цыргъзондыл. Фӕлӕ  мӕн  фӕндид  фехъусын  смахӕй  Нарт  ӕртӕ  мыггагӕй  кӕй  рацыд,  уый  чизоны  мӕ  исчи  каст,  кӕнӕ  йӕ  фехъуыста? Табуӕфси.

Дзуапп:  Нарты  адӕм  равзӕрдысты  ӕртӕ  нартӕй,  ӕртӕ  нӕртон  мыггагӕй:  Алӕгатӕй, Ӕхсӕртӕккатӕй  ӕмӕ  Борӕтӕй.  Уыдон  уыдысты  ӕртӕ  ӕфсымӕры.

 

Ахуыргӕнӕг: Смахмӕ  гӕсгӕ  кадӕг, кады  зарӕг, алы  адӕймагыл  дӕр  ис  скӕнӕн?

Дзуапп:  Кӕй  зӕгъын  ӕй  хъӕуы,  кады  аггаг  ӕрмӕст  вӕййы  кадджын  адӕймаг.

 

 

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ абон  мах  дзурдзыстӕм  нӕ  кадджын  фыдӕлтыл,  кӕцытӕ  хастой  ном…?

Дзуапп:  Скифтӕ,  Сӕрмӕттӕ,  Алантӕ.

 

3.       Ног  ӕрмӕг:

 

Ахуыргӕнӕг:   Абонмӕ  уын  ӕз  бахӕс  кодтон  цӕмӕй  ӕрцӕттӕ  кӕнат  Сырдоны  хабӕрттӕ,  йӕ  зӕрдӕмӕ  кӕмӕн  цы  фӕцӕуа,  ахӕм  хабар.  Уый  фӕстӕ  сыл  ӕрдзурӕм,  раттӕм  сын  анализ. Табуӕфси.

 

1-аг  ахуырдзау:                 

                                       Сырдон  хуыцауы  куыд  асайдта

 

Сырдон  мӕнӕу  таугӕйӕ  хуыцаумӕ  скуывта:

-  Йе, хуыцӕутты  хуыцау,  мӕ  мӕнӕу мын  хорз  ӕрзайын  кӕн,  ӕмӕ  дзы моллойӕн, мӕгуырты  тыххӕй  ратдзынӕн.

Йӕ  мӕнӕу  ӕрзади  хорз, бафснайдта  йӕ,  фӕлӕ хай  нӕ  радта моллойӕн.

Дыккаг  аз  тауынмӕ  куы  ацыд, уӕддӕр  та  хуымы  кӕрон  ӕрлӕууыд  ӕмӕ  кувын  райдыдтӕ:

- Хуыцау,  ныббар  мын, фарон  дӕ  кӕй  фӕсайдтон,  уый  тыххӕй:  тыхст  уыдтӕн  ӕмӕ  мӕ  къухы  нал  бафтыд.

Хор  та  уыцы  аз  дӕр  хорз  ӕрзадис,  фӕлӕ  та Сырдон   йӕ  хор  бафснайдта  гонты,  молло  та  дзы  ферох  ис.

Ӕртыккаг  аз дӕр  та  хуыцауӕй  бирӕ  хатыртӕ  ракуырдта,  афтӕмӕй  байтыдта  Сырдон  йӕ  хуым. Фӕлӕ  уыцы  аз  хор нал  ӕрзад.

Сырдон  йӕ  хуыммӕ  кӕрдынмӕ  куы  бацыд,  уӕд  афтӕ  зӕгъы:

- Омӕ,  цы кӕны,  хуыцау,  ӕз  дӕ  дыууӕ  сайды  фӕкодтон,  ды  -  иу.

 

Ахуыргӕнӕг:  Куыд  уӕм  фӕкаст,  Сырдон  фӕлитой  уыд  ӕви  нӕ?

Дзуапп:

 

Фарст:Фӕстагмӕ  Сырдон  цӕмӕн  зӕгъы  афтӕ: - Омӕ,  цы кӕны,  хуыцау,  ӕз  дӕ  дыууӕ  сайды  фӕкодтон,  ды  -  иу?

Дзуапп:

 

 

 

 

Ахуыргӕнӕг:  Сырдон  кӕд  хин  уыд,  уӕддӕр  уыд  цыргъзонд. Нарты адӕмӕн  фыццаг  уый  балӕвар  кодта  дыууадӕстӕнон  фӕндыр.  Уыцы  фӕндыр  та  конд  уыдис  йӕ  фыртты  сджытӕй.  Йӕ  тӕнтӕ  та  йӕ  фыртты  зӕрдӕйы  уидӕгтӕй.  Кӕд  ацы  кадӕг  нӕ  зонут,  уӕд  мын  ӕй  иннӕ  хаттмӕ  бацӕттӕ  кӕнут.  Базонут,  куыд  амардысты  йӕ  фырттӕ,  цы  хуызы  сӕ  ссардта,  чи  йын  сӕ  амардта. Фӕндырӕй  хъарджытӕ  куыд  кодта  йӕ  ӕртӕ  фыртыл.

 

Ныр  та  дарддӕр  хъусӕм.

 

2 – аг  ахуырдзау:

                                                   Нал  нӕ  асайдзынӕ

 

 - Базыдтам  дӕ,  нал  нӕ   асайдзынӕ, - дзырдтой  Сырдонӕн Нарты  хистӕртӕ  Уырызмӕг,  Хӕмыц  ӕмӕ  Куырдалӕгон.

Сырдон  йӕ  мидбылтыл  бахудт  ӕмӕ  цыдӕр  ӕрбаци. Чысыл  фӕстӕдӕр   Сырдоны  федтой  хъӕуы  кӕрон  зӕххыл  хаудӕй  мардау  ӕмӕ  хъӕумӕ  фӕфӕдис  кодтой.

-Рухсаг  уӕд,  Сырдон  уӕртӕ  хъӕугӕрон  амарди.  Кӕд  Сырдонмӕ  фыдӕх  уыдысты,  уӕддӕр мард  ӕвӕгӕсӕгӕй  ныууадзын  нымадтой  худинагыл,  ӕмӕ  нарты  хистӕртӕ  ацыдысты  марды   хъӕумӕ  хӕссынмӕ.  Сынтыл  ӕй  сывӕрдтой  ӕмӕ  йӕ  фӕхӕссынц  йӕ  хӕдзармӕ.  Куыддӕр  хӕдзармӕ  схӕстӕг  сты,  афтӕ  Сырдон  ӕргӕпп  кодта  сынтӕй  ӕмӕ  Нарты  хистӕрӕн  салам  радта:

- Бузныг,  Нарты  хистӕртӕ,  ӕнӕхъиамӕт  ут.  Ныр  мӕхӕдӕг  дӕр  хӕдзар  ссардзынӕн,  фӕлӕ  смах  зондагур  дард  балцмӕ  фӕцӕуын  хъӕуы,  ӕмӕ  уӕ  рӕстӕг  дзӕгъӕлы  ма  сафут.

 

Фарст:  Кӕцыран  тынгдӕр  фӕбӕрӕг  Сырдон  хинӕйдзаг  кӕй  у,  уый?

Дзуапп:  Йӕ  мидбылты  бахудт  ӕмӕ  цыдӕр  ӕрбаци.

 

Фарст:   Уӕ  хъуыды  куыд  у,  цӕмӕн  ӕй  хастой  йӕ  хӕдзармӕ  Сырдоны  мард  ӕнхъӕлгӕйӕ,  кӕд  ӕмӕ  йӕ  нӕ  уарзтой  уӕд?

Дзуапп:  Нарты  адӕммӕ  мард  уыд  тынг  кадджын,  уыдон  нымадтой  марды  раз  сӕхи  хӕсджыныл.

 

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ  та  дарддӕр  байхъусӕм  Сырдоны  хабӕрттӕм.

 

3 -  аг  ахуырдзау:

                                               Цӕуыл  ӕнкъард  дӕ?

Сырдон  иу  бон  ӕнкъардхуызӕй  бадти  фурды  был. Нартӕй  чидӕр  йе ҆мгӕрӕтты  фӕцӕйцыд  ӕмӕ  Сырдоны  фурды  цур  бадгӕ  куы   бауыдта,  уӕд  ӕм  баздӕхт,  фӕрсы  йӕ:

- Уӕуыл  ӕнкъард  дӕ,  Нары  фыдбылыз?  Цы  ныккастӕ  фурдмӕ? 

Сырдон  загъта: - Ацы ран-иу,  дзӕнӕты  бада,  мӕ  фыццаг  ӕфсин  гӕрзтӕ  ҆хсын  уарзта,  фурды  ныххаудта  ӕмӕ  фӕхуыдуг.

- Дӕхи  йыл мауал  хӕр, -   загъта  уый ныфсӕвӕрӕгау, - дыккаг  ус  куы  ҆рхастай,  ферох  ӕй  кӕн.

Сырдон  ӕм  хӕрдмӕ  скаст  ӕмӕ  афтӕ  бакодта:

  -  Ӕмӕ  дын  чи  загъта  мӕ  фыццаг  усыл  ӕнкъард  дӕн?

-  Уӕдӕ  цӕуыл?-  бадис  кодта  йӕ  сыхаг.

-  Мӕ  дыккаг  ус  ардӕм  гӕрзтӕ  ҆хсынмӕ  кӕй  нӕ  цӕуы,  ууыл.

 

Ахуыргӕнӕг:  Уӕ дӕ  диссаг  нӕу  Сырдон  йӕ диссаджы  цыргъзондимӕ,  йӕ  дӕлгоммӕ  ныхӕстимӕ?

Куыд  ын  бамбӕрстат  йӕ  дӕлгоммӕ  ныхас: -  «Мӕ  дыккаг  ус  ардӕм  гӕрзтӕ  ҆хсынмӕ  кӕй  нӕ  цӕуы,  ууыл»  дӕн  ӕнкъард  зӕгъгӕ?

Дзуапп:  Кӕд  мыййаг  Сырдон  йӕ  усӕй  куы  сфӕлмӕцыд,  уӕд  фурдӕн  аххуыс  кодта  йӕ  усы  аскъӕфынмӕ.    Кӕнӕ  та  бӕллыд,  уый  дӕр  кӕд  аскъӕфид.

 

 

 

 

 

Ахуыргӕнӕг:  Тынг  хорз.  Мӕн  фӕнды  мӕнӕ  презентацимӕ  гӕсгӕ,  кӕнӕ  та    Сырдоны  къаммӕ  гӕсгӕ,  Сырдонӕн  радтат  фӕлгонц,  уӕхи  фантазии  равдисгӕйӕ.  Цы  хуызӕн  уыд,  куыд  ӕй  уайы  уӕ  цӕстытыл ,  уый  ныффыссын  ахӕм  сӕргондимӕ:   «Хинӕйдзаг  Сырдон». (дӕттын  уын  5-6 минуты)

 

(Уый  фӕстӕ  дзы  кӕсӕм  иу  цалдӕр.)

 

4.        Хатдзӕгтӕ:

 

Фарст: Сырдонӕн  ӕнӕ  хин  гӕнӕн  нӕ  уыд,  уымӕн  ӕмӕ  хӕйрӕгӕй  гуырд  уыдис.  Сырдонӕн  куыд  ссаргъ  кодтат?  Сӕргонды  ис  афтӕ  фыст , «Хинӕйдзаг»,  ӕмӕ  уӕ  цӕсты , уый  тыххӕй  ӕгад  у?

Дзуапп:  Сырдон  кӕд  хинӕйдзаг  уыд,  уӕддӕр  уыд  тынг  зонджын,  ӕмӕ   Нартӕн  уыд  уымӕй  ӕххуыс.

5.        Бӕрӕггӕнӕнтӕ  ӕвӕрын:

 

Ахуыргӕнӕг:    Абон  уӕ  дзуаппытӕ  мӕ  зӕрдӕмӕ  тынг  фӕцыдысты  ӕмӕ  уын  уӕхи  ӕххуысмӕ  гӕсгӕ  ӕвӕрын  хорз  бӕрӕггӕнӕнтӕ.

 

6. Хӕдзармӕ  хӕслӕвӕрд:    Фӕндыр  куыд  балӕвар  кодта  ӕмӕ  цы  хуызы ? Сырдон   куыд       скодта   фӕндыр  ӕмӕ  цӕмӕй? (Бакӕсут  ӕмӕ  йӕ диалоджы  хуызы  радзурут).

 

                                                                                                                                    Хӕрзбон.

                                                                                                                        

http://cs586.vk.com/u2994655/99138479/x_ebd0b822.jpg

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                        27 урок

                                    Урочы  пълан   ирон  æгъдæуттæй  (ТКО)

 

Урочы  темæ:  Нарты фӕткъуы  бӕлас.

 

Урочы  нысан:  1. Ӕрдзурын  Нарты  кадджытыл,  сӕ  диссаджы фӕткъуы  бӕласы  миниуджытыл.

2.Фенын  сын  кӕнын  презентацийы  руаджы  фӕткъуыйы  нывты  алыхуызон  верситӕ.

3. Нарт  сӕ  фӕткъуыйы  хъахъхъӕнгӕйӕ,  цахӕм  тӕрхон  рахастой, ууыл ӕрдзурын..

 

Хъомыладон  куыст: Ӕрдзурын  Ӕхсар  ӕмӕ  Ӕхсӕртӕджы  хорз  ӕмӕ  фӕзминаг  миниуджытыл.

 

Ӕрмӕг:  компьютер,  презентации, фӕткъуый  пано, рефераттӕ,  иллюстрацитӕ   ӕмӕ  чингуытӕ.

 

 

http://www.poetryclub.com.ua/upload/poem_all/00278565.jpg

 

 

 

 

 

                                   

                                                 Урочы  цыд:

 

1. Бацӕттӕгӕнӕн  рӕстӕг: Мотиваци.  

                            

Ахуыргӕнӕг:  Алчидӕр  бӕстон  бакӕсӕт  ацы  диссаджы  рӕсугъд  фӕткъуымӕ  ӕмӕ  зӕгъут,  ницы  уын  ӕрхъуыды  кӕнын  кодта? Цымӕ  ахӕм  диссаджы  бӕлас  кӕмӕ  задис?

Дзуапп:  Ацы  фӕткъуы  бӕлас  у мӕнмӕ  гӕсгӕ  Нарты  фӕткъуы  бӕлас.

 

Ахуыргӕнӕг:   Раст  зӕгъут,  ацы  фӕткъуы у  нарты  диссаджы фӕткъуы.  Уый  уыдис  ӕлутоны    хос. Уый  уыдзӕн  уӕдӕ  нӕ  абоны  урочы  цӕуыл  хъуамӕ  ӕрдзурӕм ,  уыцы  темӕ.

                  Фӕлӕ  уал, фыццаг  мах  хъуамӕ  нӕ  хӕдзармӕ  хӕслӕвӕрдтытимӕ  базонгӕ  уӕм.

 

2.Хӕдзармӕ  хӕслӕвӕрд:  Сырдон   куыд    скодта   фӕндыр  ӕмӕ  цӕмӕй? Фӕндыр  куыд  балӕвар    кодта  Нартӕн  ӕмӕ  цы  хуызы ?

 

1 –аг  ахуырдзау:   

                                          «Дыууадӕстӕнон  фӕндыр» 

 

Нарты  Хӕмыцӕн  фесӕфт  иу  бон  авд  азы  хуыскъ  чи  уыд,  ахӕм  хъуг.   Бирӕ  йӕ  фӕагуырдта  ,  фӕлӕ  зӕххы  скъуыды  ныххаудт. Изӕрӕй  Нарт  бадынц  Ныхасы  Хӕмыц  уырдӕм  бацыд  ӕмӕ  ӕрбадт.  Хъахъхъӕны  сӕхи  куыд  дарынц  Нарт,  чи  йын  адавдтаид  йӕ  хъуг.  Хӕмыцӕн  йӕ  зӕрдӕ  Сырдонмӕ  ӕхсайы , уымӕн  ӕмӕ  йӕм  мӕсты  уыд,  рацӕфтӕ  йӕ  кодта,  куынӕ  йӕм  хъуыста,  уӕд.  Сырдон,  уыцы  рӕстӕг  ӕцӕгӕйдӕр тынг  мӕсты  кӕй  уыд,  уымӕ  гӕсгӕ  йын  йӕ  хъуг  давыныл  ныллӕуыд.  Ӕхсӕвыгон  ын  йӕ  дуар  бакӕнын  нӕ  бакуымдта,  дыккаг  изӕр  скъӕты  бамбӕхст  ӕмӕ  йӕ  ӕхсӕвы  раскъӕрдта.   Бирӕ  йӕ  фӕагуырдта  хӕдзари-хӕдзар,  фӕлӕ  никуы  ӕмӕ  ницы.  Иу  дӕсны  йын  бацамыдта  Сырдонӕн  дам  ноджы  зӕххы  бын,  хиды  рӕбын,  ис  хӕдзар,   ӕмӕ йӕ  уым  агур  дӕ  хъуыджы,   уым  сты  йӕ  цот  дӕр.  Хӕмыц  йӕ  куыдзы  ӕххуысӕй  ӕрцагуырдта  хӕдзар,  цуайнаджы  фыцынц  хъуджы  дзидзатӕ, йӕ  фырттӕ  та  зӕххыл  хъазынц.  Дзидзатӕ  систа,  йӕ  цоты  йын   сыргӕвста  ӕмӕ  сӕ  цуайнаджы  ныккалдта.  Йӕхӕдӕг  дзидзатӕ  сыккой  кодта  ӕмӕ  сӕ  хӕдзармӕ  ӕрхаста.  Сырдон  та,  уыцы  рӕстӕг  фӕдсафынӕн  Ныхасы  астӕу  бады,  цӕмӕй  йӕ  мачи  фӕхата.

 

 

2 –аг  ахуырдзау: 

 

                     Хӕмыц  дзидзатӕ  хӕдзармӕ  бахаста  ӕмӕ  а ындзыдта  Ныхасмӕ.  Куы  бацыд,  уӕд  Сырдон  хины  худт  бакодта  ӕмӕ  афтӕ  зӕгъ:  Тӕригъӕд  нӕу  Хӕмыц,  чидӕр  ын  йӕ  хъуджы  фыд  хӕрдзӕн,  йӕхӕдӕг  та  сыдӕй  мӕлы.  Уӕд  Хӕмыц  фӕцӕттӕ:  _Чи  зоны  мӕ  хъуджы  бӕсты  йӕ  сывӕллӕтты фыдтӕ  бахӕра.  Сырдонӕн  йӕ  зӕрдӕ  фехсайдта,  ӕнӕдзургӕйӕ  фестад  ӕмӕ хӕдзары  смидӕг.  Хӕдзар  афтид,  аг  сыстыдта ӕмӕ  мӕнӕ  йӕ  хъӕбулты  фыдтӕ  фыцынц,  кӕм  дзы  къах, кӕм  къух,  кӕм  та  сӕр.

                Нырдиаг  ма  кодта,  фӕлӕ  ма  цы.   Систа  йӕ  бинонты  стӕгдартӕ  ӕмӕ  сын  се  сджытӕй  скодта  фӕндыр,  сӕ  зӕрдӕйы  уидӕгтӕй  та  тӕгтӕ,  дыууадӕс  тӕгы. 

                                         

 

3–аг  ахуырдзау:  

                      

                     Йӕ  фӕндырӕй  ныццӕгъды  ӕмӕ  та  ныккӕуы  Сырдон:

        « Мӕ  лӕппутӕ  мӕнӕн  мӕ  бон  хӕрнӕг  кӕнын  (Хист)  нӕ  бауыдзӕн,  фӕлӕ  мын  уӕ         иу   хуынди  Къонагӕ марды фӕлдисынӕн  къонайыл  цы  бавӕрой,  уымӕй  ды  рухы  бад!»

 

 

 

 

    Стӕй  та  ныццӕгъды  ӕмӕ  та  зӕгъы:

«Ме  ннӕ  лӕппу  -  Уӕрагӕ,  мардӕн  фӕлдисынӕн  цыдӕриддӕр  уӕрагыл  ӕрывӕрой  фӕлдисынӕн,  уымӕй  ды  рухсы  бад!»

Стӕй  та  ныццӕгъды:

«Ме   ҆ ртыккаг  лӕппу – Фуагӕ,  марды  фӕлдисынӕн  фу  цӕуыл  бакӕной,  уымӕй  ды  рухсы  бад!»

  Нарт  тынг  дис  кодтой,  цӕмӕй  цӕгъддзӕн  афтӕ  рӕсугъд.  Иу  бон  ӕй  Ныхасмӕ  ӕрхаста  Нарты  раз  дзы  ӕрцагъта,  ӕмӕ  сӕм  дзуры:  Мӕнӕ  уын  фӕндыр  ӕмӕ  мӕ  Нартыл  банымайут.  Нарт  ныццин  кодтой,  райстой  лӕвар  ӕмӕ афтӕ  фӕзынд  Нартмӕ  фӕндыр.

 

 

1.              Хатдзӕгтӕ:

 

2.              Ног  ӕрмӕг:  Нарты  фӕткъуы. Ӕвдисӕм  презентаци.

 

Ахуыргӕнӕг:  Нӕ  ног  ӕрмӕджы  дзурыны  размӕ  нӕ  разы  цы  хӕсӕмӕ  нысан    ис,  уый  бамбарӕм:

 1. Ӕрдзурын  Нарты  кадджытыл,  сӕ  диссаджы фӕткъуы  бӕласы  миниуджытыл.

2.Фенын  сын  кӕнын  презентацийы  руаджы  фӕткъуыйы  нывты  алыхуызон  верситӕ.

3. Нарт  сӕ  фӕткъуыйы  хъахъхъӕнгӕйӕ,  цахӕм  тӕрхон  рахастой.

 

  Ахуыргӕнӕг: Раныхас  нарты  фӕткъуыйы  тыххӕй.  Дарддӕр  мӕн  фӕнды,  цӕмӕй  йӕ             уӕхӕдӕг  бакӕсат.  Кӕсӕм  9  фарсӕй.  Дӕттӕм  ын  анализ.фӕзминаг  фӕлгонцтӕ  дзы  чи  сты  уыцы  кадӕджы,  уымӕй  бафӕрсдзынӕн. (ӕвдисын  нарты  фӕткъуы  ӕхсинаг  куыд  давы,  уыцы  къам.)

 

3.        Хатдзӕгтӕ: 

 

 

http://ftp.museum.ru/img.asp?68326

 

4.        Бӕрӕггӕнӕнтӕ  ӕвӕрын:

5.       Хӕдзармӕ  куыст:  Бакӕсут  Донбеттырты  чызг   «Дзерассӕ – рӕсугъд».

 

                                                                                                              Хӕрзбон.

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "План урока по осетинкой литературе на тему:"Нартские сказания""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Товаровед-эксперт

Получите профессию

HR-менеджер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 668 739 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 18.11.2015 763
    • DOCX 262.4 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Габиева Мери Давидовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Габиева Мери Давидовна
    Габиева Мери Давидовна
    • На сайте: 8 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 36270
    • Всего материалов: 28

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Интернет-маркетолог

Интернет-маркетолог

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 36 человек из 22 регионов
  • Этот курс уже прошли 155 человек

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 287 человек из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 851 человек

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Мини-курс

Психология воспитания и детско-родительских отношений

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Стратегии бизнес-развития

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Здоровые взаимоотношения: адаптация и развитие ребенка через привязанность и игрушки

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 88 человек из 38 регионов
  • Этот курс уже прошли 61 человек