Инфоурок Другое КонспектыУрок осетинской литературы в 5 классе "Нигеры аргъау"

Урок осетинской литературы в 5 классе "Нигеры аргъау"

Скачать материал

 

 

 

Ирон литературæйы урок 5ам»А» къласы.

 

Урочы темæ: «Фыдлаг ама фыдбон бира на хассынц».

(Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ)

 

Урочы нысантæ:

1. Æрдзурын  «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ыл, равзарын йæ сæйраг хъуыды. Ахуыр кæнын хи хатдзæгтæ кæнын, хи хъуыдытæ дзурыныл.

2. Скъоладзауты  ахуыр кæнын адæймаджы хорз миниуджытæн аргъ кæныныл; сæ хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

3. Рæзын кæнын уарзондзинад цæрæгойтæм, сырдтæм æмæ мæргътæм.

 

                               Урочы эпиграф:

«Зæрватыкк – æнæхъыг,

Æнæмаст  цæрæг!»

Къоста

 

Нырыккон технологитæ урочы: проблемондзинад, къордты куыст, информацион технологитæ.

Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы:Скъоладзауты миддуне хъæздыг кæнын са логикон, коммуникативон.

 

Урочы цыд:

 

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

1. Ахуыргæнæг:

Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Æхсызгон мын у уæ уынд. Чи нам у абон радон?                                                                                                                              -Загъ мА абон кацы нымац у?

-Бонтай та цы бон у?

-Абон у сабат бон.Бон у райдзаст, дыдзы хур касы ама уый дар зардайан датты  ахсызгондзинад.

 Загъ ма чи най ам?                                                                                    
-Хъуысы цъиуты цъыбар-цъыбур ама зарын.
_-Кам фестадыстут ацы зараг фехъусгайа?
-Уахи кам банкъардтат?

Ахуыргæнæг:Уада ахам расугъд зард цы маргъта канынц уыдонма баркасам(Презентацийы равдыст,кас фасте).Аваццаган ницавар композитор ныфыдзан ахам зараг,ницавар хорз зарагганаг азардзан ахам расугъд хъаласай.  

-Мæргъты тыххæй цы базыдтат, цы пайда хæссынц адæймагæн?              Цавæр цъиуты  нæмттæ зонут?
Бурдым.Сауцъиу.
снегирь-мит-мит.
Варона-халон.
Воробей-Сырддонцъиу.

Сова-уыг.

Дятель-хъадхой.

Сорока-гаркъараг.

Кукукшка-гакк-гукк.
 (хæрынц зианхæссæг сасчыты, хилджыты)

3. Дарддæр хъуысы зæрватыччы зарын.

- Цавæр цъиу  кæны ахæм зæрдæмæдзæугæ зард?

-Зарватыкк.

Хорз.Уада на абоны урокма нын хас уыди бацатта канын презентации зарватыччы тыххай.Кай фанды?

-Скъоладзауы презентаци.(касс фасте).

1-аг скъоладзау.
Зарватыкк уарзон у алкаман дар. Уый у расугъд маргъ.Исын урс даллагхъуыр,сау базырта ама саджил къадзил.Куы арвы цъахма йахи сисы,куы та нылладжыты йахи руадзы. Уавга дзагъал ратах\-батахма йа на февдалы.Хъуама йахи бафсада алы бындзытай. Рох уаты дзы на баззайынц йа лаппынта дар. Рагай дар адаймаг хорз цастангас дары на базырджын халарттам. Уылдай уарзондар нын сты хъаууон зарватыччыта,уыман ама мах стам хъауы царджыта.
2-аг скъоладзау.

 На сарайы зарватыччы ахстон рагай ис.Бира лаппынта дзы схъомыл.Алы уалдзаг дар сам фенхъалма касын зардиагай.Ацы аз дар та нам артахтысты.Арбадтысты са ахстоны былыл ама карт байдзаг кодтой са хъалдзаг зардай.Нанаима сам ламбынаг факастыстам фала не мбарстам уалдзагыл цин канынц ави бинонты фендыл.Аваццаган са хадзарыл дар цин кодтой.  .   

 II. Мотивацион уавæр.

  Скъоладзаутæн  нывы хæйттæ райуаргæйæ,  дзуры ахуырганаг:

 «Зæрватыкк нæ урокмæ цы бар дары, уый бамбардзыстут, ацы нывта куы сæмбырд кæнат, уæд»Фадих канын скъоладзауты 3-къордыл.Раттын
алы    къордан дар арамбырд канынма нывта-пазлта.Чи тагъддар арамбырд канна йа ныв ,уыцы къорд  амбылдта.   (Нывы – Нигеры уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-æй цаута.
Ахуырганаг.На урочы темайан аз райстон  амбисонд.

 

 

 

- Раст хъуыды кæнут. Абон нæ ныхас уыдзæн Нигеры уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ыл. Урочы темæ «Хæрзгæнæг хорз ары, фыдгæнæг –  æфхæрд». Куыд æмбарут ацы æмбисонд?

Ахуыргæнæг: Цы хъуамæ базонæм æмæ бамбарæм урочы?

  -  Равзардзыстæм аргъауæн йæ сæйраг хъуыды. Дзурдзыстæм адæймаджы хорз æмæ æвзæр миниуджыты тыххæй. Зæрватыччы тыххæй.

- Нæ зæрдыл  æрлæууын кæнæм аргъауы сюжет.         

-Магуыр,хъæддзау лæг цæф зæрватыччы сдзæбæх кодта. Зæрватыкк кай загъын ай хъауы уыцы хорздзинад нæ ферох кодта æмæ йын балæвар кодта диссаджы  насы апп.Лаг нас нысагъта. Нас куы сцæттæ, уæд йедзаг уыд сызгъæринæй. Зæрватыкк мæгуыр лæджы хæрзтæ хорздзинадæй бафыста.

Мæгуыр лæгмæ бахæлæг кодта йæ сыхаг Гæдо. Зæрватыккæн йæ базыр барай асаста. Фæзылд æм,зымаг-зымаджы даргъы. Маргъ сдзæбæх, Гæдо æнхъæлмæ каст сызгъæринмæ, фæлæ Гæдойы насы разынд залиг калм æмæ йæ бахордта. Афтæ зæрватыкк йæ маст райста)

- Цъиуты мыггæгтæ манма гасга  тынг бирæ сты, фæлæ, цымæ Нигер йæ уацмысæн зæрватыкк цæмæн райста?  ( Къуылымпы – проблемон уавæр)

 

 III.   Ног æрмæгыл куыст.

1. Къуылымпы (цæлхдур) аиуварс кæныныл куыст.

Хадзарма уын цы хъусынганинагта уыдис уыдонма байхъусам.
1-г скъоладзау.

    Проектон куыст.

Зæрватыччыты хуызтæ.

Зæрватыкк у гыццыл, тагъдтæхæг цъиу сырддонцъиуы мыггагæй даргъ цыргъ базыртимæ, сты Авдай фараст  хуызы, уыдонæй Уæрæсейы цæры авд хуызы. Ирыстоны арæхдæр æмбæлынц горæтаг æмæ хъæууон зæрватыччытæ. Горæтаг зæрватыкк ахстон аразы хæдзары къулыл æддæрдыгæй, хъæууон та – мидæгæй, арæхдæр сарайы бын. Ахстæттæ аразынц цъыф æмæ хъæмпыхæлттæй.

 

   

 

2.Абонма уын сываллатта уыдис хадзарма бацатта канын амбисандта ама раныхаста.Байхъусам мА сам. (скъоладзаутæ сæ бацæттæ кодтой рагацау)
Зарватыкк-амондхассаг цъиу.

Зарватыкк-фарны маргъ.

Зæрватыкк – адæмæн уарзон.

Зæрватыкк хæдзары адæмимæ цæры.

Зæрватыкк – Хуыцауы уарзон маргъ.

Зæрватыкк – адæмæн уарзон.

Зæрватыччы ахстон чи фехала, уый къухтыл бызычъитæ разайдзысты.

Зæрватыкк ахстон амондджын хæдзары аразы.

Адæм, дам, хæдзар амайын зæрватыкмæ гæсгæ  базыдтой.

Зæрватыкк чи амара, уый бакуырм æмæ бакъуырма уыдзæн.

Италийы зæрватыччы хонынц Хуыцауы цъиу.

Тугдзых мæргътæ дæр не ʹвналынц зæрватыкмæ.

Венгрийы та сæ рудзгуытæ дарынц гомæй, цæмæй   сæм зæрватыкк батæха.

1-аг скъоладзауы раныхас:  Мин фарастсада артын дыккагам азы эстойнаг хъæуы зæрватыччытæ иу хæдзары сарæзтой дыууын авд ахстоны. Тынг амондджын бинонтæ цард уыцы хæдзары. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъæу басыгъд уыцы хæдзарæй фæстæмæ. Мин фарастсада ахсай дыккагам азæй та зæрватыкк эстойнæгтæн у сæ национ цъиу.

 - Эпиграфæн дæр Къостайы ныхæстæ дзæгъæлы нæ райстн.Радурам мА Къостайы амдзавга анахъанай.Чи йа хъуыды канны?
-Дзуры скъоладзау амдзавга.

2-аг скъоладзауы раныхас:  Хуыцау куы сфæлдыста адæмы æмæ цæрæгойты, уæд сæ алкæмæн дæр бацамыдта, чи цы хæринагæй цæрдзæн, уый. Æрмæст калммæ æнæрвæссонæй ракаст æмæ йын загъта, цæмæй бындзы бафæрса. Атахт бындз, цæмæй сбæрæг кæна, цæрæгойтæй адджындæр кæй туг у. Бындз фæстæмæ куы здæхт, уæд амбæлд зæрватыккыл æмæ йын раппæлыд ноггуыд сывæллоны тугæй адджындæр а дунейыл кæй никæцы цæрæгойæн ис, æмæ уый кæй уыдзæн калмы минасаг. Зæрватыкк æй сурынтæ систа. Бындз бæргæ æрбахæццæ калммæ, фæлæ йæ зæгъинаг зæгъынмæ йæ дзых куыд фæхæлиу кодта, афтæ йын зæрватыкк йе ’взаг стыдта. Калм ма йæм  фæлæбурдта æмæ йын йæ къæдзилæй дзыхыдзаг ратыдта.

       3-аг скъоладзауы раныхас:  Украинаг легендæ. Цардысты ус æмæ лæг. Иу бон лæг йæ къух алыг кодта. Ус йæ алыварс рауай-бауай кæны, ныфсытæ йын æвæры. Уæд ын лæг йæ роцъомæ бавнæлдта æмæ йын зæгъы: «Ды –  мæ зæрватыкк» ахъæбыс ын кодта æмæ сæ дыууæ дæр зæрватыччытæ фестадысты. Уæдæй фæстæмæ зæрватыккæн йæ хъуыр у сырх.

       4-æм  скъоладзауы раныхас:  Раджы заманы тæтæр æрцахстой иу æрыгон чызджы, акодтой йæ сæхимæ æмæ йын тыххæй исын кодтой сæ дин. Уæд чызг скуывта Хуыцаумæ, цæмæй йæ фестын кæна зæрватыкк. Атахт йæ райгуырæн бæстæм æмæ йæ фыды хæдзары рудзынджы сæрмæ сарæзта ахстон. Уæдæй фæстæмæ йæ адæм хонынц сæ хæрæфырт.

Ахуырганаджы раныхас.

Зæрватыччы хæрзтæ цыбыр, фæлæ тынг раст ныхæстæй нымайы ирон адамы сархъуызой,ирон авзаг ама литературайы бындураварагХетагкаты Къоста. Эпиграфæн дæр райстон ацы æмдзæвгæйы фыццаг рæнхъ. æрхæссын-ма мæ фæнды Джыккайты Шамилы ныхæстæ: «Ирон адæмæн зæрватыкк у зæды æмсæр æмæ табуйаг маргъ. Уый у Хуыцауы минæвар, уалдзæджы фидиуæг. Нартæн у уацхæссæг æмæ хъæргæнæг».(Радзурын данцаган аргъауай скъуыддзаг).

 Хатдзæгтæ :Зарватыкк у зондджын.Хуыцауы уарзон,адам уарзон,анахъыг,анамаст цараг,фарны маргъ.                                 

 
                                                                             

 

 

 

Аулæфт.Уада мА райдайаны цы фазы банкъардтат уахи цъиуты зарынма,уым фестам ама дзы иу гыццыл абагъдулаг канам.Цъиутам балласты сартам скасам,файнардам са ахъахъхъанам.
хорз.ныр та дарддар канам на куыст.

 3. Къордты куыст.

  Байгом кæнут уæ чингуытæ.- Цавæр рæстæг æвдыст цæуы аргъауы райдиан?
-Фаззаг.

 - Цы хуызы æвдисы фæззæджы æрцыд автор? (æрбырсы)

 - Цы æрцыд иу зæрватыккыл? Цæуылнæ атахт хъарм бæстæм?

 - Зæрватыччы уавæр кæцы рæнхъыты æвдыст цæуы?

 - Куыд дары йæхи зæрватыкк хъæддзау лæджы хæдзары?

 - Куыд бафыста мæгуыр лæджы хорздзинад?

 - Фыццаг зæрватыккыл цы æрцыд?

- Куыд дары йæхи Гæдойы хæдзары?

- Цавæр лæвар æрхаста Гæдойæн?

- Куыд хъуыды кæнут, уацмысы цы зæрватыччыты кой цæуы, уыдон  горæтаг сты æви хъæууон?

 

Ахуыргæнæг:  Хатдзæгтæ скæнæм:

 

Фыццаг зæрватыкк

Дыккаг зæрватыкк

1.

Фыццаг зæрватыччы базыр ныссаста иу фыдуаг лæппу.

1.

Дыккаг зæрватыччы базыр асаста хъомыл адæймаг – фыдзæрдæ Гæдо.

2.

Сдзæбæх ис æмæ хъæлдзæгæй хъазын райдыдта йæхицæн.

2.

Бадзæбæх йæ базыр, фæлæ уæддæр бадт æнкъардæй, æфхæрдхуызæй.

3.

Хъарм бæстæй куы æртахт, уæд систа хъæлдзæг цъыбар-цъыбур йæ ахстоны къæсæрыл.

3.

Фæстæмæ куы æртахт, уæд «абадт йæ ахстоны æмæ уасы…»

4.

Зæрватыкк мæгуыр лæджы хæрзтæ хорздзинадæй бафыста.

4.

Зæрватыкк йæ маст райста йе фхæрæг Гæдойæ.

 

- Цæмæн дарынц сæхи зæрватыччытæ афтæ  алыхуызон?

-  Æркæсæм-ма хъæддзауы æмæ Гæдойы фæлгонцтæм.

- Цавæр адæймаг у хъæддзау? 

(сыгъдæгдæгзæрдæ, æнæхин, цæстуарзон, æргомзæрдæ, рæсугъд у йæ миддуне, рæсугъд сты йæ бæллиццтæ)

- Гæдомæ та цавæр миниуджытæ уыд

(фыдзæрдæ, зыд, халæг, хин)

 

Ахуыргæнæг:  Таблицæйы сæ равдисæм:

 

Хъæддзауы фæлгонц

Гæдойы фæлгонц

Хъæддзау лæг у тæригъæдгæнаг, хæларзæрдæ.

Гæдо у саузæрдæ, хæлæггæнаг лæг.

Хъæддзау лæг у æнæхин æмæ æргомзæрдæ, æнувыдæй зилы зæрватыкмæ.

Гæдо у, тæригъæд чи нæ зоны, ахæм фыдгæнæг.

Хъæддзау лæг зæрдиагæй цин кæны йæ зæрватыччы æртахтыл.

Гæдо хины рæвдыд кæны зæрватыччы.

Хъæддзау лæг у адæмуарзон.

 

Гæдо у зыд æмæ кæрæф лæг.

 

- Кæмæ мæсты кæнут тынгдæр, фыдуаг лæппумæ  æви Гæдомæ?

- Куыд хъуыды кæнут, куыд ахуыр кодта лæппу скъолайы, зæрватыччы тыххæй уый бæрц хабæрттæ зыдта?

- Сымахмæ гæсгæ,  Гæдойы хуызæн лæгтæ абон ис нæ астæу?

- Цымæ  автор мæгуыр лæгæн ном цæуылнæ радта?

- Уæ цæстытæ бацъынд кæнут. Ахъуыды кæнут, уæ хиуæттæй, зонгæтæй уæм  хъæддзау лæджы хуызæн чи фæкаст?

Хатдзæг: хæрзгæнæг хорз ары, фыдгæнæг - æфхæрд

Аулæфт. Равдисын исты архайд аргъауæй (скъоладзаутæ размæ цæуынц æмæ аргъауы эпизодтæ хи змæлдæй амонынц).

 

IV. Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Ацы уацмыс аргъауыл нымад цæмæн у? (аргъауы элементтæ дзы ис)

- Ацы аргъау нын чи дзуры? (Нигер)

 - Цавæр адæймаг уæм фæкаст автор?

Ахуыргæнæг

  «Цытджын  Къостайы фæстæ ирон адæммæ Нигерæй стырдæр поэт нæ уыд, уымæй хуыздæр ничи зыдта ирон литературæ æмæ адæмон сфæлдыстад», - фыста Нигеры тыххæй  профессор Б. В. Скитский.

«Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сæгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, æппæлой, дывзагон, дыдзæсгом, хахуыр æмæ былдауæг адæймæгтæ æнæуынон кæмæн уыдысты, уыцы Иван» - Дзесты Куыдзæг, мин фараст сада авдай ахсазам аз.

 

Ахуыргæнæг: Цæуыл нæ ахуыр кæны аргъау? (Ахуыр кæны цардыл, цæмæй зонæм, цы сты хорз æмæ æвзæр)

- Цавæр ирон литературон аргъæуттимæ ма базонгæ стут?

- Бакастыстæм-ма корейаг аргъау «Зæрватыкк» Цы ис иумæйагæй ацы аргъæуттæм?

- Цы ис иумæйагæй ацы  аргъæуттæ æмæ Нигеры аргъаумæ?

- Цæмæн хъуыд аргъæуттæ адæмы алы рæстæджыты?
-Раджы адам сахи ирхафстой аргъауттай,уыдон руаджы са изар кодта цыбырдарама мидисджындар,аргъаутта са афтыдтой ног хъуыдытыл ама сагъастыл.

- Куыд хъуыды кæнут, абон ма нæ хъæуы аргъау?
-Хъауы уыман ама нын аргъау на хъуыдыканынад канны уарахдар ,на зонындзинад фидардар.Авдыст дзы фацауы адам царагойты хуызы.

 

V. Рефлекси (æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын)

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

1Равзарын аргъауы хъуыды.

2.Ахуыр канын хи хатдзагта канын,хи хъуыдыта дзурыныл.

 - Сæххæст æй кодтам?

 

Дзуапп дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъыдыйæдтæй:

- Урок  мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

-урочы базыдтам адаймаджы хорз миниуджытан аргъ канын.

-  Аргъау нæ ахуыр кæны…

-анахин,сыгъдагзарда уавыныл.

-   Царды мидæг тырнын хъæуы…

-Хорздзинад тауынма.

 -    Æцæг адæймаг хъуамæ уа (ма уа)…

Фазминаг.Иртаса цы у хор зама авзар.

              

VI. Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын чысыл радзырд ахæм темæйыл: «Цы  мА фанды баканын хорзай мА царды».

 

Ныр та сываллаттасаварам бараггананта.Иууылдар хорз куыстат фала иуай-иута уыдыты активондар.Абон уын бар ис ныварын алчи йахицан барагганан файнагыл цы арта масыджы лаууы уыдон руаджы.

-арта-фцццаг масыг.

-цыппар-артыккаг масыг.

-Фондз-астауай цы дынджыр масыг ис уый.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Урок осетинской литературы в 5 классе "Нигеры аргъау""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Директор детского оздоровительного лагеря

Получите профессию

Методист-разработчик онлайн-курсов

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 664 898 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 11.11.2016 2780
    • DOCX 81 кбайт
    • 11 скачиваний
    • Рейтинг: 5 из 5
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Бекоева Изета Афанасьевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Бекоева Изета Афанасьевна
    Бекоева Изета Афанасьевна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 19226
    • Всего материалов: 10

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Интернет-маркетолог

Интернет-маркетолог

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 154 человека

Мини-курс

Основы управления проектами: от концепции к реализации

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

GR-технологии и взаимодействие с СМИ

2 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Детские и взрослые эмоции

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
Сейчас в эфире

Консультация эксперта в сфере высшего образования. Как подготовиться к поступлению в вуз: простые ответы на сложные вопросы

Перейти к трансляции