Инфоурок Другое Другие методич. материалыВнеклассное мероприятие на тему "ДЖЕОРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН"

Внеклассное мероприятие на тему "ДЖЕОРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН"

Скачать материал

Равдысты цыд

1.     Документалон кинонывæй фрагмент. (Сабыргай хъуысы ирон мелоди)

2.     Арфæйы  ныхæстæ.

 ( Экраныл фыст «Джеоргуыбайы рухс къуыри».)

Æгас нæм цæут, хорз адæм. Абон мах æнæхъæн Ирыстонимæ бæрæг кæнæм Джеоргуыбайы рухс къуыри, йæ хорзæх уæ уæд. А

Хъыгагæн ныры рæстæджы ацы бæрæгбон бирæтæн бахæрын æмæ  баназыны фадат у. Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, раст нæу. Уый фæдыл нæ ахуырдзауты къорд бацæттæ кодта равдыст, кæцыйы бацархайдзысты радзурын æмæ равдисын бæрæгбоны мидис, йæ уидгтæ , йæ ахаст ирон адæмы культурæйы æмæ царды мидæг.

Абон уазагуаты нæм и:

3.     Хуыцаумæ куывд.

*    *    *

О, Хуыцау, табу дæхицæн!

Хуыцау, дæ хорзæх радт!

Хуыцау, æппæт хъуыддæгтæ рауадзæг дæ, адæмы сфæлдисæг , æмæ хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай, уый æмбал мах дæр фæкæ!

Æгад æмæ нæ æгуыдзæгæй ма фесаф, нæ кæстæртæ де уазæг!

Бæстæ сабыр куыд уа, адæмы фарн – уæлахиз, ахæм хорздзинад нын дæ цæст бауарзæд.

О, Хуыцау, дæ кувæнбонтæ  арæхдæр радт, табу дæхицан, хуыздæр хæрзты кæмæн бацыдтæ, уый æмбал нæ бакæн, фыдæлты фарнæй хайджын куыд уæм, кæстæрарæхæй нæ цард куыд уа, ахæм арфæ дæр нын ракæн!

Хуыцау, иу хатт дын дæ ном куы арæм, уæд-иу нын сæдæ хаты æххуысгæнæг у !

Уæ Уастырджи, дæумæ дæр кувæм, ды Хуыцауы арвыст лæг дæ зæххон адæммæ, æмæ æн дæ хорзхæ уæд!

Бæлццонæй, бынæттонæй де ,уазæг куыд уом, ахæм арфæ нын ракæн!

Уæ бæрзондыл бадæг, Уастырджи, нæ ирон адæм лæгдых куыд уой, тыхгæнæг сын тых куыд нæ ара, ахæм арфæ сын ракæн!

Кæстæр фæдзæхсæг дæ æмæ нæ кæстæртæ де уазæг, фыдбылызæй хызт куыд уой, уыцы арфæ дæр сын ракæн, дæ хорзæхæй, Уастырджи…

4.     1-аг амонæг

- Фарн уæм бадзурæд, хорз адæм, æмæ фæрнæй дзаг ут!

2-аг амонæг

- Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд сеппæты дæр!

1-аг амонæг

- Скæсæнæй нæм Хурзæринимæ æрцыдысты Уастырджийы æвзæрст бонтæ. Хуынтимæ æрцыдысты, ноджы ма нын хорз фæндтæ æмæ зæрдæйы рухсдзинад æрхастой. Нæ фынгтæ иуыл дзаг цæстæй кæсынц. Куывды сыгъдæгзæрдæ ныхæстæ уæнгтæн æвдадзы хос хæссынц.

Фæлæ цæмæн у Уастырджи лæгты дзуар? Байхъусут, уæ хорзæхæй таурæгъмæ.

5.     Таурæгъ «Цæмæн у Уастырджи лæгты дзуар».

6.     Зарæг «Табу дахицæн, Уастырджи» Сохъырты В.  Презинтаци «Ирыстон».

7.     2-аг амонæг

Презинтаци «Уастырджи».

- Ирон адæммæ Уастырджи у кадджын дзуарттæй иу. Ирæттæм нымад у нæлгоймæгты бардуагыл. Сылгоймагæн йæ ,цæг ном дзурын æмбæлгæ дæр нæ кæны, уый фæдыл æй хонынц «Лæгты дзуар». Ирон мифологийы Уастырджийы ном баст у канд лæджы кæнæ фæндаггоны, бæлццоны номимæ нæ, фæлæ ма йын ис стыр ахадындзинад. Зæгъæм: зæхкусæджы куыст, мæгуырты сæрылхæцæг, денджыздзауты æмбал, хастонты, суанг ма чындзыхсæвты дзуар дæр ма. Лæгты дзуар хонынц «æргом дзуар». Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ бон у цыфæнды рæстæг дæр йæхи адæмæн раргом кæнын хуымæтæджы фыййауы хуызы, мæгуыр, фæкæсынхъуаг тыхст лæджы хуызы, цæмæй адæймагæн йæ бон баххуыс кæнын уа. Хуымæтæджы йæ нæ хонынц адæм «Сызгъæринбазырджын», «Бæрзондыл бадæг», «Цæхæрцæст», «Урсбоцъо», «Хъæбатыр». Ирæттæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц: «Уастырджи-де мбал, дæ аудæг!» Фæдзæхсынц сæхи бардуагыл: «Гъе, Лæгты дзуар, фæдзæхсæм дыл нæхи. Дæ рахиз базыры бын-иу нæ бакæн, сызгъæрин тæбæгъты дын фæкуывдауа!» 

1-аг амонæг

-Уастырджийы æппæтхъом, универсалон бардуагыл кæй нымайынц ирон адæм, ууыл ма дзурæг у фынджы куывдтытæ. Хуыцауы гаджидауы фæстæ райдайынц Уастырджийы номыл куывдæй, фæугæ дæр æй  фæкæнынц Мыкалгабыр, кæнæ Фæндагсар Уастырджийы куывдæй. Абоны онг дæр ма ирон лæг балцы цæугæйæ, Уастырджи, фæндараст мæ фæкæн, зæгъгæ, ма ракува, уый гæнæн нæй.

Ирон лæджы æмбарынады Уастырджийы фæлгонц æвдыст цæуы урс бæхыл бадæг, бæрзонд, æлвæст, фидыцджын, урсбоцъо нæлгоймаджы хуызы. Уастырджийы бадæн бынат у уæларв. Уый Хуыцауимæ дæр быцæуы бацæуы зæххон мæгуыр адæмы сæрыл, Хуыцауæй домы уыдонæн æххуыс.

2-аг амонæг

- Байхъусут иу диссаджы цаумæ Дæкко æмæ Годæккы цардæй.

8. Радзырд «Къæсæры Уастырджи»

9. 1-аг амонæг

- Иу чысыл историйы, мифологии  æмæ культурæйы хабæрттæй.

Презинтаци «Кувæндæттæ».

- Ирон адæмы бæрæгбæттæй иууыл ахсджиагдæр æмæ кадджындæр у Джеоргуыба, Уастырджийы стырбон. Кæнынц æй Майрæмыкуадзæнæй 12 къуырийы куы рацæуы, уый фæстæ, æмæ вæййы ноябры фæстаг æххæст къуыри. Райдыдта иу уый хуыцаубонæй æмæ иу ахаста 1-2 къуырийы бæрц. Ирыстоны хæххон хъæуты (Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр) Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис алы ран дæр. Уыдонæй се ппæтæй зындгонддæр уыдысты Ныхасы Уастырджи (Уæлладжыры комы), Найфат (Дзомагъы), Джеры дзуар (Джеры комы), Къуайцайы дзуар (Къуыдаргомы), Рекомы дзуар (Цъæйы комы), Дзывгъисы дзуар (Куырттаты комы), Дигори изæд (Дыгургомы).

*    *    *

Рекомы дзуар

Дзывгъисы дзуар

Дигори изæд

 

Уастырджийы бонты Куырттаты комы цæрджытæ тынг парахатæй арæзтой Дзывгъисы дзуары къуыри. Бæрæгбон аразыны тыххæй-иу ам развæлгъау сæвзæрстой фысымты. Уыдон иу сæхи хардзæй аргæвстой галл, сцæттæ- иу кодтой бæркадджын фынг æмæ-иу æрхуыдтой æгас хъæуы. Бирæ хатт-иу фысымты хæрдзтæ афтæ бирæ рауадысты, æмæ-иу сæ хæдзæрттæ мæгуырæй баззадысты, фæлæ уæдтæр æгъдауæн æнæсаразгæ нæ уыд. Дзывгъисы дзуары куывды-иу уыд 300-400 адæймаджы. Бæхты дугъты-иу архайдта 200-300 барæджы бæрц. Стырбоны рæстæджы алыхуызон хъæлдзæг хъæзтыты сæйраг архайæг уыдис быдзæу-маймули. (слайд)

10. Инсценировкæ:

- Нана, абон чъиритæ кæныс?

- О, мæ къона, чъиритæ. Бæрæгбон у ,бæрæгбон.

-Нана, авæр ма мæнæн дæр иу ссады тъæпп æмæ æз дæр иу гуыл скæнон.

- Нæ, мæ хæдзар, нæ. Абон не ,мбæлы.

- Цæуыннæ?

- Ацы къуыри у стыр бæрæгбон ирон адæмæн, Джеоргуыбайы бонтæ сты, йæ хорзæх нæ уæд. Хæдзары æфсинтæ бæрæгбонмæ сæхи рагацау сцæттæ кæнынц. Равзарынц хуыздæр хор ссадæн æмæ хъæбæрхор сау бæгæныйæн. Алчи архайы æрмæст сыгъдæг мигæнæнты, кæнæ сыгъдæгкъухтæй нæ, фæлæ сыгъдæг, рухс зæрдайæ, рæсугъд уды уагæй.

- А, зонын, зонын, айразмæ мын сæ дада дæр дзырдта. Бæрæгбоны скæнынц тымбыл чъиритæ æмæ æртæдзыгъæттæ. Фынгыл арывæрынц æртæ чъирийы. Дада афтæ загъта, уыдон, дам, нысан кæнынц Хуыцау, Хур æмæ Зæхх.

- Тынг раст, мæ зæрдæ.

- Уæдæ мæ фыд йе мбæлттимæ кусарт уымæн кæнынц? (кусарты тыххæй)

Кусарт кæныны æгъдау ирон адæммæ у рагон. Кусарт кодтой стурæй кæнæ фысвосæй. Кусартæн-иу арæх ныввонд дæр скодтой. Бæрæгбоны бонмæ ахæм нывондмæ зылдысты хуыздæр, хуыздæр хæринаг ын-иу лæвæрдтой. Кусарт кæныны размæ-иу фыс кæнæ стур бакодтой хæдзары цæджындзмæ, радтой-иу йын цæххы мур. Хистæр-иу скуывта Хуыцаумæ. Уый фæстæ, суджы сыгъд кæронæй кусæрттаджы ныхыл дыууæ хаххы æркодтой. Кусæрттаг æрфæлдахынц галиу фарсыл, цæмæй йæ хырх арæст уа хурыскæсæнмæ.

- Афтæ фæлæу, ма цæмæ бавнал, æз мæ бæгæнымæ дæр ныккæсон.

- Æз дæр демæ. (Дыууайæ дæр ацæуынц.) æгæныйы тыххæй)

Бæгæны фыцыны хъуыддаг у рагон. Нарты кадджыты ис ахæм æвдисæн:

-Уырызмæг уыд балцы. Иу ахæмы кæсы æмæ иу сырддонцъиу хуымæллæгæй 3 гагайы ахордта æмæ зæххмæ æрхауд. Ай цы диссаг у, зæгъæ Уырызмæг сырддонцъиуы йæ къухмæ систа. Цъиу мæлгæ нæ акодта, фæлæ ратул-батул кодта. Уырызмæг сæхимæ куы ,рцыд, уæд Сатанайæн радзырдта, сырддонцъиу мæцкъорæй цы гагатæ æрызгъæлд, уыдонæй фæрасыг, зæгъæ. Сатана йын афтæ:

- Æрхæсс дзы, нæ лæг, мæн хъæуы гъе уымæй, æмæ дзы куыд æрхæссай, афтæ.

Хорæй къуымæл сфыхта æмæ йын хуымæллæгæй æнтуан скодта. Къуымæлæй тынг расыг кодтой. Уæд Сатана фæстæдæр бæгæны æрхъуыды кодта æмæ бæгæны кæнын райдыдта.

Ирон адæммæ рагфыдæлтæй кадджын уыд сау бæгæны. Фыхтой йæ æвзæрст хорæй. Дон та истой донгуырæнтæй. Бæгæныфыцынæн ис йæхи технологи. Фыхтой йæ хицæн мигæнæнты – агты. Бæгæныфыцæн агтæ зындгонд сты 1 æнусæй фæстæмæ.

  2-аг амонæг   Презинтаци «Сатана»

-Ирон фольклоры ис ахæм æмбисонд: «Бæгæны хæрдæн хæрд у, нозтæн – нозт». Суанг ма фыцгæ-фыцын зарыдысты «бæгæны æнтауджыты зарæг».

Нарты нæртон æфсин Сатанайы

Къухæй æфтыд фæу!

Дæ кад Сидамоны кадæн фæуæд!

Де хсар Алгъуызы æхсарæн фæуæд!

Дæ бæркад – Хъусæгоны бæркадæн!

Кæй тыххæй дæ рауагътой.

Уымæ сыгъдæгæй фæхæццæ у!

Мæ къах æмæ мæ къух хорз фæуæт!

Чи дæ бануаза, уыдонæн сойау батай!

 Мæн та дæ кадæй хай уæд!

11. (стук в дверь) Уазджытæ.

- Мидæмæ, мидæмæ!

- Фарн уæ хæдзары!

- Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

- Джеоргуыбайы зæдтæ æмæ дауджытæ уын æххуысгæнæг уæд!

(1- Хонгæ кафт.

2- Фæндырдзагъд.

3- Ханты кафт.)

Æфсин рахæссы фынг.

- Дæ хорзæхæй, хистæр, нæ кувинæгтæ нын акув!

Хистæры куывд.

1-аг амонæг

- Мах тынг фæнды, цæмæй нæ ирон адæм раздæхой сæ хорз æгъдауттæм!

«Нарт уæд нарт уыдысты…»

  2-аг амонæг   

- Ууыл нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ. Бузныг, кæй нæм байхъуыстат. Æмæ ма уын иу хатт зæгъм: «Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!»

 

 

 

 

 

Джеоргуыбайы бæрæгбонhttp://www.prazdnikmedia.ru/files/news/779.jpg

Ирон адæммæ Уастырджи у кадджын дзуарттæй иу. Ирæттæм нымад у нæлгоймæгты бардуагыл. Сылгоймагæн йæ ,цæг ном дзурын æмбæлгæ дæр нæ кæнны, уый фæдыл æй хонынц «Лæгты дзуар». Ирон мифологийы Уастырджийы ном баст у канд лæджы кæнæ фæндаггоны, бæлццоны номимæ нæ, фæлæ ма йын ис стыр ахадындзинад. Зæгъæм:  мæгуырты сæрырхæцæг, денджыздзауты æмбал, хæстонты, суанг ма чындзыхсæвты дзуар дæр ма. Лæгты дзуар хонынц «æргом дзуар». Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ бон у цыфæнды рæстæг дæр йæхи адæмæн раргом кæнын хуымæтæджы фыййауы хуызы, мæгуыр, фæкæсынхъуаг тыхст лæджы хуызы, цæмæй адæймагæн йæ бон баххуыс кæнын уа. Хуымæтæджы йæ нæ хонынц адæм «Сызгъæринбазырджын», «Бæрзондыл бадæг», «Цæхæрцæст», «Урсбоцъо», «Хъæбатыр». Ирæттæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц: «Уастырджи-де мбал, дæ аудæг!» Фæдзæхсынц сæхи бардуагыл.

Уастырджийы æппæтхъом, универсалон бардуагыл кæй нымайынц ирон адæм, ууыл ма дзурæг у фынджы куывдтытæ. Хуыцауы гаджидауы фæстæ райдайынц Уастырджийы номыл куывдæй, фæугæ дæр æй  фæкæнынц Мыкалгабыр, кæнæ Фæндагсар Уастырджийы куывдæй. Абоны онг дæр ма ирон лæг балцы цæугæйæ, Уастырджи, фæндараст мæ фæкæн, зæгъгæ, ма ракува, уый гæнæн нæй.

Ирон лæджы æмбарынады Уастырджийы фæлгонц æвдыст цæуы урс бæхыл бадæг, бæрзонд, æлвæст, фидыцджын, урсбоцъо нæлгоймаджы хуызы. Уастырджийы бадæн бынат у уæларв. Уый Хуыцауимæ дæр быцæуы бацæуы зæххон мæгуыр адæмы сæрыл, Хуыцауæй домы уыдонæн æххуыс.

 Ирон адæмы бæрæгбæттæй иууыл ахсджиагдæр æмæ кадджындæр у Джиоргуыба, Уастырджийы стырбон. Кæнынц æй Майрæмыкуадзæнæй 12 къуырийы куы рацæуы, уый фæстæ, æмæ вæййы ноябры дыккаг æмбисы. Райдыдта иу уый хуыцаубонæй æмæ иу ахаста 1-2 къуырийы бæрц. Ирыстоны хæххон хъæуты (Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр) Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис алы ран дæр. Уыдонæй се ппæтæй зындгонддæр уыдысты Ныхасы Уастырджи (Уæлладжыры комы), Найфат (Дзомагъы), Джеры дзуар (Джеры комы), Къуайсайы дзуар (Къуыдаргомы), Рекомы дзуар (Цъæйы комы), Дзывгъисы дзуар (Куырттаты комы), Дигори изæд (Дыгургомы).

Хæдзары æфсинтæ бæрæгбонмæ сæхи рагацау сцæттæ кæнынц. Равзарынц хуыздæр хор ссадæн æмæ хъæбæрхор сау бæгæныйæн. Алчи архайы æрмæст сыгъдæг мигæнæнты, кæнæ сыгъдæгкъухтæй нæ, фæлæ сыгъдæг, рухс зæрдайæ, рæсугъд уды уагæй. Бæрæгбоны скæнынц тымбыл чъиритæ æмæ æртæдзыгъæттæ. Фынгыл арывæрынц æртæ чъирийы. Уыдон  нысан кæнынц Хуыцау, Хур æмæ Зæхх.

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Внеклассное мероприятие на тему "ДЖЕОРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Специалист контроля качества

Получите профессию

HR-менеджер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 126 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 04.05.2016 1025
    • DOCX 92.6 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Томаева Белла Казбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Томаева Белла Казбековна
    Томаева Белла Казбековна
    • На сайте: 8 лет и 4 месяца
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 46851
    • Всего материалов: 18

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой