«АДÆЙМАДЖЫ НОМ
ЗЫНАРГЪ ÆМÆ КАДДЖЫН У»
(МАМСЫРАТЫ Д. РАДЗЫРД
«ХЪÆНДИЛ»-МÆ ГÆСГÆ)
Ирон
литературæйы урок 5-æм къласы
Зонӕны
нысан:1.Бамбарын
кӕнын, адӕймаджы ном зынаргь ӕмӕ
кадджын цӕмӕй у , уый .
2.Бакусын сывӕллӕтты ныхасы рӕзтыл. Ахуыр
кӕнын адӕмон сфӕлдыстадӕй пайда кӕныныл.
3.Адӕймаджы
кад ӕмӕ намыс,лæгдзинад æмæ хъару
цӕй мидӕг сты, уый ӕмбарын кӕнын.
Зонӕны
хуыз: Зонӕн-беседӕ
.
УАА зонæны(фæстиуджытæ):
Удгоймагон: активонæй
архайынмæ разæнгарддзинад; ахуырадон проблемæ
аивуарс кæнын зонын;
коммуникативон: хи хъуыды раст
дзурын; иннæтæм хъусын;
регулятивон: пъланмæ
гæсгæ кусын, алы архайд дæр фæд-фæдыл æвæрын
зонын; хи æмæ искæй ныхассраст кæнын зонын.
Зонӕны
эпиграф: Нӕу сусӕг хорзӕн
йе’ цӕг ном,
Налатӕн та-йæ фӕсномыг…
Къоста
Æнцойгæнӕн
дзырдтӕ : номдзыд-кадджын,зынгӕ-хъуыстгонд,
номарӕн-нывонд дзырд
(посвящение)
номхӕссӕн-ном хӕссы ӕрмӕст
фӕсномыг-мӕнгном.
Дзырдуатон дзырдтӕ
: сӕрмагонд,
худинаггӕнӕг, дӕлдзӕх .
Æмбисӕндтӕ ӕмӕ
базырджын ныхӕстӕ:
-Йӕхицӕн
ном скодта.
-Номдзыд лӕг зынаргъ у.
-Ном зынаргъ ӕмӕ кадджын у.
-Номӕй лӕгмӕ дзурынц.
-Ном лӕггӕнӕг нӕу.
Текст :Алы адӕймагæн
дар ис сӕрмагонд ном. Æнӕ ном ничи у.Ном вӕййы хорз лӕгӕн дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕн дӕр.
Ном,дам, фӕкӕсынмӕ у.Афтӕ-иу дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ.
Фӕлӕ уый бынтон раст
нæу. Хорз лӕгӕн йӕ ном нӕ сӕфы: цӕргӕйӕ йын баззайы йӕ мӕлӕты фӕстӕ
дӕр,сӕдӕгай,мингай азты дӕргъы.Ахӕм адӕймагӕй фӕзӕгъынц : йӕхицӕн скодта ном.
Фӕлӕ айхъуысы худинаггӕнӕджы ном дӕр.Уымӕй та фӕзӕгъынц йӕ ном фесӕфӕд, ис та
йӕ ном авд дӕлдзӕхы, зӕгъгӕ.
Зонӕны цыд:
I.Бацӕттӕгӕнӕн
рӕстӕг
1. Мотивацион
уавæр
-Зæгъут-ма, цы уынут нывы?
-Æмæ нæ
цымæ хъæндил та цæмæн бахъуыд ирон литературæйы урочы уый биологийы æрмæг куы
у, уæд?
-Мамсыраты
Д. радзырды сæйраг хъайтар дæр хъæндил у, æрмæст цæрæгой хъæндил нæ, фæлæ
адæймаг-хъæндил
II.Рацыд ӕрмӕг
зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Нӕ зӕрдыл ма
цыбыртӕй ӕрлӕууын кӕнӕм радзырд.
Æвзаргӕ каст: -Чи уыдис Хъӕндил?
-Цавӕр цард ын уыд?
-Цӕмӕн рауад Хъӕндилӕй магуса?
-Цӕмӕй тӕрсы Хъӕндил ӕппӕтӕйтынгдӕр?
-Цы у,цымӕ адӕймаджы царды насан?
Зӕгъут-ма,цӕмӕн ис
нӕ уацмысы хъайтарыл «Хъӕндил» ном?
Уый адӕймаджы ном у æви цы у?(Фӕсномыг)
Уœдœ цы хуындис йе’цœг ном та? Чермен.
Æвзаргӕ каст : тексты
ссарын ӕмӕ бакӕсын,ном ыл куыд ӕвӕрдтой , уыцы бынат.
III.Ног ӕрмӕгыл
бакусын.
1.-Сывӕллӕттӕ , сымах никуы
ахъуыды кодтат,цымœ цӕмӕн ӕрхъуыды кодтой адӕм кӕрӕдзийӕн нӕмттӕ дӕттын?
-Байхъусӕм -ма таурӕгъмӕ (Хъусӕм
таурӕгъмӕ ӕмӕ дзуапп дӕттӕм уӕлдӕр лӕвӕрд фарстӕн)
Таурæгъ
Хуыцау куы федта, адæм зæххыл сбирæ сты,
уæд сæ сфæнд кодта къордтыл ныддихтæ кæнын, цæмæй хæларæй цæрой, кæрæдзийы
хуыздæр æмбарой. Сарæзта номхыгъд, æмæ уымæ гæсгæ, адæмæн лæвæрдта нæмттæ:
уырыссæгтæ, немыцæгтæ, францусæгтæ, грекътæгтæ. Адæмы цинæн кæрон нал уыд.
Абонæй фæстæмæ сæм нæмттæй дзурдзысты!
Фæстæмæ здæхгæйæ Хуыцауæн йæ размæ фæци
иу гыццыл адæмы къорд:
- Хуыцау, ном нын ратт, мах дæумæ куы ˈнхъæлмæ
кастыстæм.
- Сымах цыдæр талынг адæм стут, кæм
уыдыстут нырмæ? Мæ номхыгъды ном нал баззад, ацæут æмæ уæ, чи зоны, исчи йæхимæ
бауæдза, - уыди Хуыцауы дзуапп.
Æмæ фæцæуынц æнæном
адæм æнкъард æмæ сæргуыбырæй. Бирæ фæзылдысты бæстæтыл, бирæ фыдæбæттæ
бавзæрстой, фæлæ сæ йæхимæ ничи бауагъта. Афæдзы фæстæ æнæном адæм тынг
ныллæгъстæ кодтой:
- Хуыцау, ном нын ратт, æнæ номæй цæрын
тынг зын у зæххыл.
Æмæ сын Хуыцау дæр
цавæрдæр ном радта. Афтæ алы адæмæн дæр ис ном, алчи дæр уарзы æмæ аргъ кæны
уыцы номæн. Алы адæм дæр дзурынц сæ мадæлон æвзагыл. Æмæ
дæ мадæлон æвзаг куы нæ зонай, уæд дæм цы номæй дзурдзысты?
Бакӕсӕм-ма фӕйнӕгӕй нӕ текст дӕр.Цымӕ нын уым та цы загъд цӕуы адӕймаджы номы
тыххӕй(кӕсӕм текст, ӕвзарӕм ,кӕнӕм лексикон ӕмӕ фонетикон куыст).
-Фӕлӕ фесӕфт ном. Номӕн кад скӕнын
чи бафӕразы,уымӕн та уӕлӕуыл баззайы йӕ кадджын ном мыггагмӕ.
2.Къайгай куыст
-Зӕгъут-ма уырыссаг номдзыд адӕмӕй кӕй
зонут?(сывæллæттæ къайгай хъуды кæнынц хæслæвырдыл, дзурынц номдзыд адæмты…
Ломоносов, Пушкин, Лермонтов…)
-Кӕсут-ма,зонӕм сӕ мыггӕгтӕй.
Ныр та ма мын зæгъут,Ирыстоны номдзыд адӕмӕй та кӕй зонут? (Къоста, Васо,
Шамил…)
Цӕмӕй номдзыд сты?Цы зонӕм,цӕмӕй зындгонд сты?
-Сабитӕ, кӕсут-ма, ӕрмӕст сӕ нӕмттӕ
сын куы зӕгъӕм,уӕддӕр æй бамбарӕм,кӕй кой кӕнӕм,уый.
Уый та, ӕвӕццӕгӕн, дзурӕг у ууыл, ӕмӕ ирон адӕммӕ царды стырдӕр банат ахсы ном.
-Уӕдӕ ма мын зӕгъут, уӕлдӕр цы
номдзыд адӕмы кой кодтам,уыдон кӕд цардысты?Зӕгъӕм Ос-Багъатр ,Чермен.
-Æмӕ кӕд раздӕр цардысты,уӕд цымӕ цы хуызы ӕрхӕццӕ сты сӕ нӕмттӕ абоны онг?
-Куыд кад кодтой ирон адӕм сœ национ хъайтартӕн?(Бабӕттын ирон адӕмон
сфӕлдыстадимӕ: таурӕгътимӕ, хъайтарон зарджытимӕ).
-Цымœ- иу цы зӕгъинаг уыдысты номӕвӕрджытӕ та ахӕм кадджын адӕмы нӕмттӕ
ноггуырдтыл ӕвӕргӕйӕ.Уӕмӕ-иу ӕнхъӕлмӕ кастыты фидӕны лӕгмӕ ?
-Æвӕццӕгӕн- иу сӕ фӕндыд,уыцы
номдзыд адӕймаджы хорз миниуджытӕй,ныфсӕй,зондӕй, лӕгдзинадӕй хайджын куыд фауа,йӕ
ном ын цы чысыл сабийыл ӕвӕрынц,уый.
-Мӕнӕ ма бакӕсӕм, на фыдӕлтӕм
адӕймаджы ном куыд бӕрзонд ӕвӕрд уыд ӕмӕ йӕм цы домӕнтӕ уыд, уымæ.
(кӕсӕм фӕйнӕгӕй ӕмб. ӕмӕ баз.ных., ӕмбарын сӕ кӕнӕм)
-Фӕлӕ мӕнӕ диссаг.Уӕдӕ кӕд ӕмӕ ном
ахӕм кадджын уыд ӕмӕ у нӕ адӕммӕ,уӕд ма нӕ цӕмӕн бахъӕуы цымӕ фӕсномыг та?
-Цавӕр ӕууӕлтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕмӕ ӕвӕрд ӕрцӕуы?
IV.Зонӕнӕй хатдзӕгтӕ
скӕнын(рефлекси).
1.Сабитӕ,нӕ
абоны зонӕны сӕйраг ныхас цӕима баст уыдис?
2.Цы базыдтам ногӕй номы тыххӕй?
3.Адӕмон сфӕлдыстадӕй та цы
базыдтам ногӕй номы тыххӕй!
4.Уӕдӕ ма мын зӕгъут, цымӕ цы у растдӕр:ном лӕггӕнӕг у , ӕви адӕймаг йӕ
цардӕй йӕ митӕй скӕны йӕхицан ном?
Бакӕсӕм-ма нӕ зонӕны эпиграф.Цы зӕгъы на Иры номдзыддӕр лӕг Къоста номы тыххӕй?
5.Лӕг хъуамӕ йӕ номы аккаг уа?
Уӕдӕ кӕд нӕ радзырды сӕйрӕг хъайтарыл дӕр фӕсномыг йӕ номы аккаг нӕй нӕ
уыд,уый тыххӕй ӕвӕрд ӕрцыд, нӕ уӕм кӕсы афтӕ?
V. Хæдзармæ куыст
1)Лит-йы тетр. хӕдзары ныффыссын
цыбыр нывӕцӕн: «Йӕ номы аккаг у.» 2)Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.