Инфоурок Иностранные языки КонспектыБалц Нарты бастам "Тыхджын тыхай нау,фала зондай"

Балц Нарты бастам "Тыхджын тыхай нау,фала зондай"

Скачать материал

Урочы темӕ:Балц Нарты бӕстӕм.«Тыхджын тыхӕй нӕу,фӕлӕ

                       зондӕй».

Грамматикон темӕ: Номдар. Рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.

Урочы нысан: 1. Рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.

2. Ахуыр кӕнын сабиты хи хатдзӕгтӕ кӕнын, хи

                               хъуыдытӕ дзурын.

                           3.Сывӕллӕттӕм рӕзын кӕнынуарзондзинад рай-

                               гуырӕн бӕстӕмӕ, цымыдисдзинад адӕмон сфӕл-

                               дыстады уацмыстӕм.

Урочы метод:  Рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын.

Урочы тип:Тематикон урок.

Урочы ӕрмӕг:Презентаци, музыкӕ, эпиграф, тестытӕ,  дидакти-

                             кон ӕрмӕг, техникон фӕрӕзтӕ, компьютер.

Урочы эпиграф:Уарзут райгуырӕн Батрадзау,

                                Намыс, хъомысӕй Уырызмӕг,

                                Ут тыхджын сымах Сосланау,

                                Арӕхстӕй та ут Ацӕмӕз.

Гӕлуаты А.

 

                                     Урочы цыд.

 

I.                 Организацион хай: Уӕ бон хорз, мӕ чысыл хуртӕ! Абон

                                   нӕ урокмӕ ӕрбацыд уазджытӕ. Ӕгас

                                   нӕм цӕут! Уазӕг хуыцауы уазӕг.

II.             Ахуыргӕнӕджы разныхас: Беседӕ

1.    Хъуысынц музыкӕйы зӕлтӕ.

         Абон мах сымахимӕ балцы ацӕудзыстӕм ивгъуыды гакъон-

макъон фӕндӕгтыл.

2. Экраныл «Арвнӕрд».(хъуысы арвнӕрд)

Ахуыргӕнӕг:  Ай та цы диссаг у?  Арвнӕрд зымӕджы?

     3.Экраныл фӕзыны Батрадзы ныв.

Мӕнӕ царциаты диссӕгтӕ! Ивгъуыдӕй нӕм цы уазӕг фӕзынд, цы?! Цӕмӕй йӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм чи у, уый тыххӕй хъӕуы  фӕйнӕгыл  цыппаркъуымонты бын цы дзырдтӕ ӕмбӕхст ис, уыдон базонын.

А. Хӕс: Алфавитмӕ гӕсгӕ хъӕугӕ дамгъӕтӕ фыссын.

        Н                      А Р                    Т                      Ы

 

20

 

1

 

24

 

26

 

39

 

Б                        А                Т                   Р                  А                ДЗ

 

3

 

 

1

 

26

 

24

 

1

 

9

 

Фарст: Уӕдӕ кӕй уынӕм экраныл?

Дзуапп: Нӕ уазӕг у Нарты Батрадз.

Ахуыргӕнӕг: Абон нӕ урочы темӕ цӕмӕй ныффидар кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ балц уыдзӕн Нарты бӕстӕм.   Ӕрдзурдзыстӕмтаурӕгъ « Батрадз ӕмӕ ӕлдар»-ыл. Нӕ грамматикон темӕ та у номдарӕй цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат кӕнын.

4.  Экраныл урочы темӕ ӕмӕ нысантӕ.

5.  Экраныл эпиграф:

Уарзут райгуырӕн Батрадзау,

  Намыс, хъомысӕй Уырызмӕг,

               Ут тыхджын сымах Сосланау,

     Арӕхстӕй та ут Ацӕмӕз.      

Гӕлуаты А. 

Кӕсын эпиграф.

 

Фарст: Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?

Дзуапп: Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ тырна йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Архайа зондӕй, тыхы руаджы нӕ, фӕлӕ. Стӕй хъуамӕ алчидӕр хайджын уа нарты хъайтартӕм цы миниуджытӕ ис , уыдонӕй.

 6. Экраныл видеоролик «Алӕмӕты уадындз»-ӕй.

Ахуыргӕнӕджы ныхас: Мӕ хуртӕ, цӕмӕй дзуапп раттӕм сабийы фарстӕн, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм нарты эпосӕн йӕ хъайтарты.

1.    Рафыссут дзырдтӕ.

 

Хъайтартӕ, Сослан, ӕгъдау, Уырызмӕг, зондджын, Батрадз,

лӕгдзинад.

 

·       Фӕнысан кӕнут цавӕр фӕрстытӕн дӕттынц дзуапп,уыдон.

·       Фӕнысан кӕнут кавказаг мыртӕ.

·       Рафыссут иумӕйаг номдартӕ ӕмӕ сӕрмагонд номдартӕ.

·       Адих кӕнын дзырдтӕ уӕнгтыл.

 

2.    Хъуыдыйад равӕрут хъӕугӕ фӕткыл.

 

  йӕ  цонгыл ын фӕхӕцыд  Батрадз баййӕфта уӕйыджы, ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццавта.

 

Батрадз баййӕфта уӕйыджы, йӕ цонгыл ын фӕхӕцыд ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццавта.

 

·       Ссарын хъуыдыйады дзырдтӕ кӕцытӕ дӕттынц дзуапп фӕрстытӕ чи? ӕмӕ цы?-йӕн .

 

3.    Дзырд хъайтартӕ-йӕн фонетикон ӕвзӕрзт кӕнын.

 Хъайтартӕ― 8 дамгъӕйы, 8мыры, 5 ӕмхъӕлӕсоны, 3 хъӕлӕсоны, 3 уӕнджы.

 

Ӕ. Фӕйнӕгыл лӕвӕрд миниуджытӕм гӕсгӕ базонын хъайтарты.

Уырызмӕг

 

     Сослан

    Сырдон

     Батрадз

  зондджын

тыхджын

 хин

ӕгъдауджын

  ӕгъдауджын

хъаруджын

 кӕлӕн

хъӕбатыр

  номдзыд

сӕрӕн

ӕрхъуыдыджын

Зондамонӕг

  намысджын

хъӕбатыр

цыргъзонд

тыхджын

куырыхон

ныфсхаст

амалджын

сӕрыстыр

цытджын

 

 

 

·       Сабитӕ рӕнхъгай кӕсынц, иннӕтӕ та ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд.

·       Цыппӕрӕм хъайтары номы бын хъуамӕ ныффыссой сӕйраг миниуджытӕ.

Б. Фӕйнӕгыл дамгъӕтӕ ӕмхӕццӕйӕ, се ͗хсӕнссарын дзырд

     (номдар)

Ж

Б

В

 

Н

О

М

Д

А

Р

Г

И

Е

 

Фарст: Зӕгъут ма мын, цы хонӕм номдар?

Дзуапп: Номдар у ахӕм ныхасы хай, кӕцы ӕвдисы предмет ӕмӕ дӕтты дзуапп фарстытӕ чи? цы?

Фарст: Цал нымӕцы ис номдарӕн?

Дзуапп:Номдарӕн ис дыууӕ нымӕцы: иууон ӕмӕ бирӕуон.

Фарст: Уӕдӕма зӕгъут,цавӕр ныхасы хаймӕ хауынц хъайтарты миниуджытӕ?

Дзуапп: Хъайтарты миниуджытӕ сты миногонтӕ. Миногон у ахӕм ныхасы хай, кӕцы ӕвдисы предметӕн йӕ миниуӕг. Дзуапп дӕтты фӕрстытӕн цавӕр? цыхуызӕн?

 

Ахуыргӕнӕг:Тынг раст, фӕлӕ ма лӕмбынӕгдӕр бакӕсут дзырдтӕм иууылдӕр миногонтӕ сты. Цыдӕр сусӕгдзинад дзы ис ӕмӕ йӕ хъуамӕ сбӕрӕг кӕнат.

 

Скъоладзау: Дзырд зондамонӕг нӕу миногон, уымӕн ӕмӕ дӕтты дзуапп фарст чи?-йӕн. Зондамонӕг ―иумӕйаг номдар, иууон нымӕцы.

Ахуыргӕнӕг: Иугӕр, иумӕйаг номдарты  кой скодтат, уӕд ма мын, зӕгъут цавӕр номдартӕ хонӕм сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг?

Дзуапп.Сӕрмагонд номдартӕ сты стыр дамгъӕйӕ кӕй фыссӕм, ахӕм номдартӕ(адӕймаджы нӕмттӕ, мыггӕгтӕ, горӕтты, журнал- ты, цӕугӕдӕтты нӕмттӕ).   Иннӕ предметтӕ та сты иумӕйаг номдартӕ, фысгӕ та сӕ кӕнӕм гыццыл дамгъӕйӕ.

 

7. Экраныл слайд «Нарты ӕмбырд».                                   

Ахуыргӕнӕг: Ирон адӕм сӕ сӕр бӕрзӕндты кӕмӕй хӕссынц, хъӕздыг ӕмӕ фидауцджын кӕмӕй сты, уыдонмӕ хауынц « Нарты кадджытӕ». Мӕнӕ куыд дзырдта зындгонд этнограф Пфафф: «Ирон адӕм абон дӕр «Нарты кадджытӕм» хъусынц, европӕйӕгтӕ Евангелимӕ куыд хъусынц, афтӕ зӕрдиагӕй».

8.  Экраныл тест.

    Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ. Ныр та сбӕрӕг кӕнӕм зонындзинӕдтӕ тестыты фӕрцы.Фыццаг хатт нӕ кусут семӕ.

В. Уӕ алкӕйы раз дӕр ис хӕслӕвӕрд. Тест куы сӕххӕст кӕной, уӕд алы фарстыл дӕр бӕстондӕр ӕрлӕууын.

Кӕддӕр Нарт ӕртӕ тыны балӕвар кодтой Батрадзӕн. Уыдон уыдысты: ӕгъдау, ӕхсар, лӕгдзинад.

 

Ахуыргӕнӕг: Ныр та иугыццыл баулӕфӕм. Ӕз уын кӕсдзы- нӕн уыци-уыцитӕ, сымах та дӕтдзыстут раст дзуӕппытӕ.

                         Нартӕн басгуыхт кадджын хистӕр,                            

                         Нӕ уагъта иу тых ӕмӕ стӕр.

                         Нӕ зыдта ͗ нцой сӕрд уа, зымӕг,

                         Уый у  Нарты  Уырызмӕг.

 

                         Хъоппӕгцӕст, фӕлӕ уындджын,

                         Уыимӕ ма уыд тыхджын.

                         Знӕгты кодта,уый дӕрӕн

                         Хонӕм ӕй ― Нарты Сослан.

 

                        Уыд ӕвзыгъд ӕмӕ хъӕбатыр,

                        Тохы та уыди  ӕгъатыр.

                        Алцӕмӕ дӕр уыди рӕвдз,

                        Хуынд Хӕмыцы фырт Батрадз.

Баулӕфыдыстут. Ныр та адарддӕр кӕнӕм нӕ балц.

Ахуыргӕнӕг: Ныр та мӕ чысыл хуртӕ байхъусӕм таурӕгъ  «Батрадз ӕмӕ ӕлдармӕ».Текстмӕ хъусынц дискыл. Дарддӕр кусдзыстӕм текстмӕ гӕсгӕ.

 

9. Экраныл слайд « Батрадз ӕмӕ уӕйыг».

  Фарст: Текстмӕ байхъуыстат, мӕ хуртӕ, ӕмӕ ма мын зӕгъут,  цавӕр сгуыхтдзинад равдыста Батрадз?

       Дзуапп: Нартыл фыд аз скодта, ӕмӕ бирӕ хъуӕгтӕ ӕййӕфтой.   Уӕд иуахӕмы Батрадз дзуры йӕ хистӕртӕм:«Искуыдӕм фӕцӕуӕм, ӕмӕмӕ ауӕй кӕнут―кӕд уын цардӕн искӕцырдыгӕй феххуыс уа- ин.(ссарын тексты уыцы бынат).

     Фарст:Цӕмӕн зӕгъынц, йӕхи хуымӕтӕг лӕджы  хуызы дардта?

Дзуапп:Уымӕн ӕмӕ не схъӕр кодта  Нарты Батрадз кӕй у, уый.

Хуымӕтӕг кусӕг уыд ӕлдармӕ.

Фарст: Чи уыд ӕлдар?

      Дзуапп:Ӕлдар уыд бонджын, хъӕздыг лӕг.

Д. Ратӕлмац ма мын кӕнут дзырд «Ӕлдар» уырыссаг ӕвзагмӕ.

Фарст: Мӕгуыр, хуымӕтӕг лӕгӕй цӕмӕй хицӕн кӕны ӕлдар?

Дзуапп:Ӕлдар хъӕздыг лӕг у, мӕгуыр тайӕм ӕххуырсты цӕуы.

 Фарст:Ӕлдар Батрадзыл тыхст ӕви йӕхиуыл? Цавӕр ныхӕстӕй бафхӕрдта Батрадзы?

      Дзуапп:Ӕлдар йӕхиуыл тыхст. ( ссарын тексты уыцы бынат).

Фарст: Куыд уӕм кӕсы Нарт Батрадзы ауӕй кодтаиккой?

Дзуапп:Нарт ӕй зыдтой Батрадз кӕй нӕ ныллӕудзӕн, ӕмӕ кӕй ӕрӕздӕхдзӕн, хин кӕнӕ тыхы руаджы фӕстӕмӕ.

       Фарст: Батрадзы тых кӕимӕ ис абарӕн?

       Дзуапп: Батрадзы тых ис абарӕн Хъаныхъуаты Болайы тых ӕмӕ хъаруимӕ.

10. Экраныл Бола ӕмӕ Батрадзы нывтӕ.

        Фарст: Цавӕр дӕнцӕг у уӕ бон ӕрхӕссын Болайы тыххӕй?

         Дзуапп:Иухатт Бола ласта хъайвантӕ галтыл. Къуыбырмӕ  фӕндагыл, галтӕй иу ныллӕууыд, ӕмӕ нӕдӕр размӕ куымдта, нӕдӕр фӕстӕмӕ. Лӕппу галы суӕгъд кодта, стӕй цӕды иннӕ галимӕ йӕхи сифтыгъдта, ӕмӕ сласта уӕрдон уӕззау уаргъимӕ къуыбырмӕ.

Фарст:Цӕмӕн ӕрхъуыды кодтам Болайы? Батрадзимӕ сӕм цы ис иухуызонӕй?

Дзуапп:Батрадз ӕмӕ Бола уыдысты хъаруджын, тыхджын лӕппутӕ. Арӕх-иу уӕззау уаргъимӕ ӕрӕздӕхтысты хъӕдӕй. Хъӕддзаутӕ-иу нырма хъӕдмӕ нӕ бахӕццӕ сты, афтӕ-иу лӕппутӕ та хъӕуы уынгты  сӕ цӕдимӕ фӕцӕйцыдысты.

Фарст: Цымӕ цӕмӕн ӕрӕрвыста Хуыцау уӕйыджы?

       Дзуапп: Хуыцау дӕр ӕй зыдта, уӕйыгыл чи фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый, ахӕм хуызы фервӕзын кодта Батрадзы амынӕтӕй.

Ахуыргӕнӕг: Ай та цы диссаг уа! Арвнӕрдимӕ нӕм цы дымгӕ ӕрбакодта, уый нын фӕйнӕгыл нӕ дзырдтӕ сӕмхӕццӕ кодта. Равӕрӕм ма сӕ хъӕугӕ фӕткыл.

Ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццавта. йӕ цонгыл ын фӕхӕцыд  Батрадз баййӕфта уӕйыджы,

Батрадз баййӕфта уӕйыджы, йӕ цонгыл ын фӕхӕцыд ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццавта.

        Ахуыргӕнӕг ныхас:  Абон нарты дыргъдонмӕ арвыстон хатӕг, ӕмӕ ма ракӕсут нӕ фӕйнӕгмӕ, цас фӕткъуытӕ ис бӕласыл. Уымӕй уӕлдай ма, алы къорды раз дӕр тӕбӕгъы, цы фӕткъуытӕ уын лӕвӕрдтон урочы дӕргъы, уыдон. Нысан кӕнынц раст дзуӕппытӕ. Фӕйнӕгыл цы фӕткъуытӕ ис, уыдон хуымӕтӕджы дыргътӕ не сты, ис сӕ ӕмбӕхст ӕмбисӕндтӕ. Сабитӕ кӕсынц ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ сӕ ӕмбарын кӕнынц.

Фыдӕлты фарн ӕмӕ ӕгъдау царды уидӕгтӕ сты. Хистӕр кад- джын кӕм у, кӕстӕр―ӕгъдауджын, уым ирон фарн ӕмӕ сфӕл- дыстадон хӕзнатӕн сӕфӕн нӕй,  уымӕн ӕмӕ  нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн семӕ нӕ ахастой, махӕн ӕй ныууагътой кӕрӕдзийы уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн.

        Мӕгуыр та уый у, йӕ фыдӕлтӕ кӕмӕй ферох сты ӕмӕ йе стыр  галуаны йӕхи дӕр чи нал зоны.

 

III.         Хатдзӕгтӕ.Мӕ чысыл хуртӕ, нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм нӕурочы райдиан. Гыццыл лӕппу йӕ дадайы куыд фӕрсы.

  Дзуапп.Дада, цӕмӕн мын загъта ахуыргӕнӕг, нарты байзӕддаг дӕ , зӕгъгӕ? Чи сты Нарт?

11.Экраныл ролик.

  Фарст: Уӕдӕ чи уыдысты Нарт?

  Дзуапп: Нарт уыдысты сӕрыстыр, ӕгъдауджын, зондджын, тыхджын адӕм.

Ахуыргӕнӕг: Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм эпиграф.

  12.Экраныл эпиграф.

    Фарст: Цӕмӕн ныффыста цымӕ автор  ацы рӕнхъытӕ?

    Дзуапп: Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ тырна хорздзинад кӕнынмӕ, архайа зондӕй, тыхӕй нӕ , фӕлӕ. Йӕ райгуырӕн бӕстӕ та хи мадау куыд уарза.

«Кӕд ӕмӕ кӕд сфӕлдыстой нӕ фыдӕлтӕ «Нарты кадджытӕ», фӕлӕ ныр дӕр ма цӕрынц кафты , зарды, нӕ сывӕллӕтты сфӕлдыстады».

   13. Экраныл Ацӕмӕзы ныв.

       Абон цы хъайтартыл дзырдтам, уыдоны ӕхсӕн ис Ацӕмӕз дӕр. Уӕлдӕр кълӕсты йыл бӕстондӕр дзурдзыстут.

       Нарты фӕткъуы, дам, ӕвдадзы хос уыди алы низӕн дӕр ӕмӕ уӕ хорзӕхӕй саходут ацы фӕткъуытӕй. Абонӕй фӕстӕмӕ уӕ къахы ӕнгуылдзӕй дӕр куыд никуы уал схъӕрзат, ахӕм амонд уӕ, уӕд!

 Табуафси, бакӕсут нӕ гыццыл лӕвармӕ. Кафынц скъоладзаутӕ.

IV.          Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

V.              Хӕдзармӕ куыст раттын.

Рафыссын текстӕй миногонтӕ.

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Балц Нарты бастам "Тыхджын тыхай нау,фала зондай""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Музыковед

Получите профессию

Технолог-калькулятор общественного питания

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 664 734 материала в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 02.11.2016 656
    • DOCX 54.2 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Плиева Элла Владимировна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Плиева Элла Владимировна
    Плиева Элла Владимировна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 5764
    • Всего материалов: 8

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Няня

Няня

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Французский язык: теория и методика преподавания в профессиональном образовании

Преподаватель французского языка

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Специфика преподавания испанского языка с учетом требований ФГОС

36 ч. — 144 ч.

от 1700 руб. от 850 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 76 человек

Курс профессиональной переподготовки

Китайский язык: теория и методика обучения иностранному языку в образовательной организации

Учитель китайского языка

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 159 человек из 43 регионов
  • Этот курс уже прошли 228 человек

Мини-курс

Музыкальная журналистика: история, этика и авторское право

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Управление персоналом и коммуникация в команде

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 18 регионов

Мини-курс

Стратегии клиентоориентированного бизнеса

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе