Урочы темæ: "Мæ бинонтæ"
(3къл)
Урочы нысан: Бамбарын кæнын сабитæн цы хонæм бинонтæ.
Сывæллæтты хъуыды кæныныл ахуыр кæнын. Ныхасы рæзтыл куыст. Ахуыр кæнын сабиты
бинонты, хиуæтты уарзын æмæ сын кад кæныныл.
Урочы метод: Эксперимент
Урочы тип: Ног æрмæг бацамонын.
Урочы фæлгонц: Чингуытæ,дзырдбыд,нывтæ,дидактикон æрмæг,проектор,компьютер,дзырдуæттæ.
Урочы цыд:
1.Организацион хай. Урокмæ цæттæдзинад. Ахуыргæнæг: Уæ бон
хорз,сабитæ æмæ нæ абоны урокмæ чи сæмбæлд,уыцы уазджытæ. Уæ кæрæдзимæ
бахудут,кæрæдзи къухтæ райсут æмæ нæ урок райдайæм. Нæ абоны урочы темæ у тынг
цымыдисаг æмæ зæрдæйæн уарзон. Цавæр темæ у,уый та базондзыстæм дзырдбыд куы
райхалæм,уæд.
2.Зæгъын иронау:
1 суббота-? 4 рубашка-? 7 орех-?
2 ложка-? 5 зуб-? 3 число 11-?
6-письмо-?
-Чи йæ базыдта? 1 а11
Зæгъын урочы темæ æмæ нысантæ.Уæдæ нæ абоны урочы темæ у
" Мæ бинонтæ", "Моя семья". Мах базондзыстам:
БИНОНТæ
Цы хонам бинонтæ? Чи йæм хауы? Цæмæй хицæн кæнынц
бинонтæ æндæр адæмы къордæй? Сахуыр кæндзыстæм зарæг "Бинонты мæсыг".
2.1 Фонетикон аулæфт. Мæ фæстæ зæгъут: ныййарджытæ,дыццæг,æфсымæр,Дзæуджыхъæу,адджинæгтæ.
3 Урочы темæйыл бакусын. Бакæсæм ма нæ
урочы эпиграф Ахуыргæнæг -Куыд æмбарут
дзырд "бинонтæ"?
Скъоладзауты дзуæппытæ. Фенæм ма йæ дзырдуаты.
Давайте обратимся к словарю. Словарь Ожегова С.И.
1 Эта группа живущих вместе близких родственников
2 Объединение людей, сплоченных общими интересами.
По Ушакову. Д.Н
Семья-группа людей, состоящая из родителей, детей,
внуков и ближних родственников, живущих вместе. Какое из этих определений более
точно подходит слову семья? Почему?
БИНОНТᴁ -адæмы къорд, кæцымæ хауынц ныййарджытæ, сывæллæттæ æмæ хæстæг хиуæттæ,кæцытæ
цæрынц иумæ. Фæйнæгыл къласы къам. -Кълас схонæн ис бинонтæ?
-Скъоладзауты дзуæппытæ.
4.Фæлладуадзæн рæстæг (релаксаци).
Иу,дыууæ,æртæ,цыппар
Чи цæры нæ хæдзары?
Иу,дыууæ,æртæ,цыппар,фондз
Сеппæты дæр радзурæм:
Фыд,мад,æфсымæр,хо
Иу гæды дæр нæм цæры,
Ис ма нæм къæбыла дæр.
Иумæ стæм æнгом бинонтæ.
4 ТЕКСТИМæ КУЫСТ.
№3.фарс25.
Андрей, базонгæ у нæ бинонтимæ. Не ппæты хистæр у мæ
фыды фыд Чермен. Цæуы йыл æхсай азы. Нæ дада у уæздан,куыстуарзаг лæг. Раздæр
куыста заводы. Ныр та у пенсиисæг.
Мæ фыды мад хуыйны Дзерассæ. Йæ дзыккутæ сты урс, йæ
цæстытæ та-сау. Нæ уарзон нана у фæлмæнзæрдæ. Нана нын фæкæны хæрзад хæринæгтæ.
Фелхæны нын адджинæгтæ. Мах бирæ уарзæм нæ нанайы.
а) Ратæлмац кæнын текст
æ)Ссарын тексты иу уæнгон дзырдтæ
(фыд,урс,сау,мах,лæг)
5.Дзырдуатон куыст
Фыды фыд-дедушка
æхсай-шестьдесят
фæлмæнзæрдæ-добрый
куыстуарзаг-трудолюбивый
6 Сывæллæттæ дзурынц сæ бинонты тыххæй.
Мæ мыггаг у ...
Нæ бинонты хистæр у ...
Мæ фыды ном хуыйны ...
Мæ фыд кусы ...
Мæ мад ...
Ис мын хо ...
Мæ хо скъоламæ нæма ...
Ме фсымæр ...та ахуыр кæны ...къласы.
Мах стæм æнгом ...
7. Сфæлдыстадон куыст.
Сыфыл астæуæй тымбыл. Хæс: Кæронмæ йæ сныв кæнын
бинонты цæй хуызы равдисæн ис? С чем ассоцируется у вас семья?
-Сывæллæттæ дзурынц, цы сныв кодтой, уый
(Хур,дидинæг)
8.Азарæм иумæ.
Мæ кадджын фыд,ды бинонты мæсыг дæ,
Дæ ном дзуры мæ фæндыры хъæлæс.
Дæуимæ æз ирон зæххыл хъæздыг дæн,
Нæ ирон зæххыл базырджын дæн æз.
8.1 Грамматикон хъазт(хъᴂлдзᴂг нывгᴂнᴂг).
Ахуырдзау йᴂ цᴂстытᴂ бацъынд кодта, афтᴂмᴂй фᴂйнᴂгыл кᴂны
йᴂ мады ныв.
9.Бакæсут ма фæйнæгыл дзырдбаст "æнгом
бинонтæ".Цавæр бинонты хонынц æнгом? Качества дружной семьи: доброта-зæрдæхæлардзинад,
любовь-уарзондзинад, доверие-æууæнк,понимание-кæрæдзи æмбарын, уважение-цыт кæнын,
дружба-хæлардзинад, забота-адæймагмæ хъусдард.
-Семья,в которой все уважают друг друга,заботятся друг
о друге,поддерживают и помогают друг другу,вместе проводят свободное время.
- Сымахæн дæр уæ бинонты схонæн ис æнгом бинонтæ?
-Хъуамæ уæ кæстæрты ма фхæрат,уæ хистæртæн та кад кæнат
æмæ сæм хъусат,уæд уыдзыстут фæзминаг кæстæртæ.
10.Рефлекси.
Нæ абоны урок кæронмæ æрхæццæ. Цы базыдтат ногæй? Цы
дзы фæцыд уæ зæрдæмæ? Цы та нæ фæцыд? Ныффыссут ма сыфыл арфᴂтᴂ уᴂ бинонтᴂн, ᴂмᴂ
сᴂ нᴂ бᴂласыл баныхасᴂм.
11. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
12.Хæдзармæ куыст раттын.
Сныв кæнут уæ бинонты. Ныффыссын арфæтæ мадæн.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.