МЕТОДИКОН БАКУЫСТ
ирон
литературæйæ
Темæ:
Цард æмæ мæлæты традицион темæ ирон литературæйы Барахъты Гинойы радзырд «Арæбиаты
Гуыргъохъ» - мæ гæсгæ.
Ахуыргæнæг
Хестанты А.К.
Елхот,
2014 аз.
Урочы
темæ:
Адæймаджы царды нысан
Барахъты Гинойы радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ» - мæ гæсгæ.
Урочы
нысан:
1.
Ахуырдзауты
базонгæ кæнын Барахъты Гинойы цардвæндагимæ, радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ» - ы
сæйраг хъуыдыимæ.
2.
Радзырды фæрцы æвзæрын кæнын удыхъæды хуыздæр
миниуджытæ, æмбарын кæнын адæймаджы царды нысан.
3. Бакусын ныхасы рæзтыл (æмбисæндты
, литературон уацмыстæй, цардæй ист хабæртты фæрцы).
Техникон
фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.
Урочы
фæлгонц:
презентаци
(эпиграф, фыссæджы биографи).
Урочы эпигрæф: «Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд
кæнынæн у,
Цардæн тас
куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта
уæд йæ уд...»
/Плиты Грис. Баллада «Авд цухъхъайы»/
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Ног æрмæг.
Ахуыргæнæджы раныхас:
Абоны литературæйы урок райдайдзыстæм эпиграфæй,
бакæсут
æй, лæмбынæг ахъуыды кæнут æмæ фæрстытæн дзуаппытæ
раттут
1.
Цавæр
уацмысæй сты ацы рæнхъытæ æмæ чи у сæ автор?
2.
Цавæр
арф хъуыды æвæрд ис ацы рæнхъыты?
3.
Разы
стут авторы цæстæнгасимæ?
4.
Чи
сбæлвырд кæндзæн абоны урочы темæ?
Ахуырдзауты
дзуаппытæ:
1.
Адæймаг
æмæ йæ хæс.
2.
Адæймаг
æмæ йæ нысан.
Ахуыргæнæг:
Уæдæ абон нæ урочы
темæ у «Адæймаджы царды нысан Барахъты Гинойы радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ»
- мæ гæсгæ. Нæ урочы хæстæ сты базонын Барахъты Гинойы цардвæндаг, бакæсын æмæ
равзарын радзырд «Арæбиаты Гуыргъохъ», сбæрæг кæнын радзырды сæйраг хъуыды,
цавæр царды нысан уыди радзырды хъайтарæн?
Ахуырдзауы
дзуапп:
1.
Барахъты
Гино райгуырди 1890 азы Салыгæрдæны. Йæ фыд Текко уыди дыргъгуыстгæнæг. Гино ма
хæрзчысыл уыди, афтæ йæ фыд амарди. Дæсаздзыдæй Гино бацыди Салыгæрдæны
скъоламæ, тыхтæамæлттæй дзы дыууæ азы бæрц фæцахуыр кодта, стæй йæ йе фсымæр
йемæ Тихорецкмæ акодта. Уым дæр Гинойы уавæртæ нæ фæхуыздæр сты: æфсымæры чысыл
мыхд ничердæм фаг кодта æмæ, Гино йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй - иу фылдæр хатт
сæ аходæн уыди айдагъ къæбæр æмæ дон. Гино Тихорецкы фæцалх ис уырыссагау
дзурыныл, æмæ йын уый феххуыс йæ дарддæры ахуыры фæндагæн. Йæхи бацæттæ кодта
æмæ бацыд Æрыдоны семинармæ.
Уæрæсейы
фыццаг буржуазон - демократон революцийы уылæнтæ бахæццæ сты Æрыдоны семинармæ
дæр. Семинары ахуыргæнинæгтæ базмæлыдысты, уыдоны æхсæн активонæй архайдта
сусæг æмбырдты Гино дæр. Уый тыххæй семинарæй рæстæгмæ цухгонд æрцыдис. Фæлæ йæ
уæддæр 1911 азы кæронмæ каст фæци. Уый фæстæ бацыди Мæскуыйы Коммерцион
институтмæ. Иу аз дзы сахуыр кодта, фæлæ дарддæр йæ фадæттæ нал амыдтой æмæ йæ
ныууагъта. Сыздæхти йæ райгуырæн хъæумæ æмæ кодта зæххы куыст.
2.
Гино
бахауди Турчы фронтмæ. Хæсты сæр рæстыл нæ нымадта. Поэт сагъæс кæны:
Ызнон
дæр ма
Тæлфаг
бæхтыл
Мах
бадтыстæм
Æнæмæт.
Тæккæ
райсом
Кæйдæр
хæхтыл
Куы
ссардзыстæм
Нæ
мæлæт.
1918-1920
азты Гино хъæбатырæй тох кодта Деникины æфсæдты ныхмæ, 1920-1921 азты уыдис
облæсты милицæйы хицау, газет «Кермен» - ы редактор, Алагиры партийы райкомы
секретарь, Цæгат Ирыстоны Зонад - иртасæн институты директор.
Ралæууыд зын æмæ
тæссаг рæстæг. Бæстæ байдзаг ис нымудзджытæй. Сæ хахуыртæй сæфтой адæмы. Уыцы
зилдухæны бахаудтой Гино æмæ йæ бинойнаг Калоты Еленæ. 1930 азы Гинойы
æрцахстой, схуыдтой йæ националист, падздзахы афицер. 1935 азы дыккаг хатт
бахаудта ахæстонмæ. Ацы хатт цæрæнбонтæм. Гинойы æхсарыл дзырдтой легендæтæ.
Барахъты Гино у Джусойты Нафийы поэмæ «Нырыккон сагъæс» æмæ Плиты Грисы драмæ
«Тæрхоны лæгты» хъайтар. Гино ахсджиагыл нымадта литературон куыст. 1928 азы
газет «Рæстдзинады» редактор куы уыдис, уæд уый фæндонмæ гæсгæ уадзын байдыдтой
газетæн уæлæмхасæн - литературон фарс «Размæ».
Текстимæ
куыст: Радзырды баакæсын, фæрстытæн раттын
дзуæппытæ.
1.
Цавæр
идеалтыл тохгæнæг у уацмысы герой?
/революцион
идеалтыл тохгæнæг, адæмы сæрибрдзинадыл тохгæнæг/
2.
Цы
у йæ царды нысан радзырды сæйраг архайæгæн? Текстæй пайда кæнут.
/«уарзон
сылгоймагæй бæрзонддæр у æндæр хъуыддаг: фесæфæд фæллойгæнджыты къухæй
æввонгхорты сæр!..»/
3.
Писмофыссæг
сылгоймагæн раттут характеристикæ.
/хуымæтæг
ирон сылгоймаг, зынаргъ ын сты йæ къонайы фарн æмæ йæ уды намыс. Къуындæг у йæ
дуне, йæ хъуыдытæ нæ цæуынцйæ къонайæ дарддæр, нæу йæ цардæмбалы хъуыддæгтæ
бамбарын/
4.
Æрхæссут
фæзминаг дæнцæгтæ цардæй, литературон уацмыстæй.
/Ахуырдзаутæ хæссынц дæнцæгтæ/
5.
Адæймаджы
царды нысанимæ баст æмбисæндтæ.
Куыст къордтæй:
Саразут синквейн.
Хуызæг:
1.
Гуыргъохъ
2.
Хъаруджын,
сæрибаруарзаг.
3.
Хъхъхъæны
æмæ уарзы райгуырæн бæстæ, архайы.
4.
Сæрибарыл
тох кæны.
5.
Уæлахиз.
1.
Нысан
2.
Сæйраг
æмæ бæллиццаг.
3.
Разæнгард
кæны, архайын кæны, сиды.
4.
Бæрзæндтæм
хизын кæны.
5.
Намыс.
Ахуыргæнæг:
Скæнæм хатдзæг:
Гуыргъохъ хъизæмар кæны, зоны йæ мæлæт, фæлæ нæ сафы лæджы æууæлтæ. Æмбары
сылгоймаджы уавæр дæр, азым æм нæ хæссы, бары йын йæ лæмæгъдзинад. Гуыргъохъ
æнувыд у йæ бинонты фарныл, йæ уарзтыл, фæлæ уымæй æнувыддæр та у йæ царды
нысаныл. Йæ цард æмæ йæ тыхтæ иууылдæр лæвæрд æрцыдысты дунейыл рæсугъддæр цы
ис уымæн - адæмы сæрибар кæныны сæраппондæн.
Хæдзармæ
куыст:
1.
Хи
ныхæстæй зонын дзурын фыссæджы биографи.
2.
Нывæцæн
«Адæймаджы царды нысан».
Рефлекси.
Анкета
1
|
Урочы
|
архайттон/нæ
архайттон
|
2
|
Абон
æз базыдтон
|
?
|
3
|
Мæ
куыстæй разы
|
дæн/нæ
дæн
|
4
|
Мæ
цæстæнгас адæймаджы царды нысанмæ
|
аивта/нæ
аивта
|
5
|
Ног
æрмæг
|
бамбæрстон/нæ
бамбæрстон
|
6
|
Хæдзармæ
куыст у
|
зын/æнцон
|
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.