Темæ:
Фæсномыг хъуыдытæ Джыккайты Ш. æмдзæвгæ «Авдæны зарæг назы
талайæн» - ы.
Нысан: Сбæрæг кæнын авдæны зарæджы
миниуджытæ æмдзæвгæйы,
сæ хицæндзинад иннæ
зарджытæй.
Бацамонын æмдзæвгæйы сæйраг
хъуыды.
Фæлтæрты фыдæлты фарн æмæ
хуыздæр миниуджытимæ бæттын.
Урочы æрмæг: Джыккайты Ш. – презентаци,
авдæн, «Авдæны зарæг»
Эпиграф: Авдæнæй сывæллон хъæлдзæгдæр
æмæ рæсугъддæр,
хъæрдæр æмæ цардмондагдæрæй
фæхуды.
Урочы цыд.
Ι. Бацæттæгæнæн рæстæг.
ΙΙ. Ног æрмæг.
Урок райдайын «Авдæны зарæг» - æй.
1. Ахуыргæнæджы
раныхас.
Ирон адæммæ иуæй-иу нымæцты æвæрд ис дины
тæваг, дзурынц сæ нымдгæнгæ, табугæнгæ æмæ арфæйаг ныхæсты. Уыдонæй иу у нымæц
авд. Авдимæ бирæ дзырдбæстытæ ис:
Авд хуры,
Авд Уациллайы, Ерманы, Пуриаты, Регахы,
Гæлиаты,
Уазы Авд дзуары,
Авд æддæгуæлæйы.
Аргъæутты авд дзуары,
Уæйыгыл авд сæры,
Авд хохы сæрты ахизы таурæгъы, аргъауы
хъæбатыр.
Бæркæдтæ дæр, дам, авд авды сты.
2. Нарты
кадджытæй «Уырызмæджы мæсыг»- æй скъуыддзаг бакæсын.
Уастырджи дзуры Уырызмæгмæ: «Дæ
мадырвадæлтæй цы цъынды æрхастай, уый ахæсс фæстæмæ. Ацу мæ бæхыл, дæхион йæ
сæрæн нал у. Акæн мæ куыдзы дæр. Куыдз фурдмæ ныррæйдзæни, науæд дæхи хъæр нæ
фехъуысдзæн Донбеттыртæм. Стæй дæм чи фæзына, уыдонæн дæ цъынды радт æмæ зæгъ:
«Авд хатты мæм авд фæлтæры авд-авды адæм æрхуы мæсыг амайынмæ куыд фæзынат
Нартыхъæумæ».
Ома, 2401 адæймагæй.
3. Ирон
адæмы дзыхæй дзургæ сфæлдыстадыл афæлгæст.
4. Проектон
куыст. «Царды ивддзинæдтæ.»
Царды цыд æгъатыр у. Уыцы уавæр нæ
фыдæлтæ хорз æнкъардтой, уымæ гæсгæ сæхи хæхты уазæг бакодтой. Къæдзæхтæй æфтыд
айнæг дуртæй фидæрттæ, мæсгуытæ æмæ галуантæ арæзтой. О, фæлæ афтæ кæдмæ цардаиккой
хохаг зынвадаты. Зыдтой, ам хæхбæсты сын фидæн кæй нæй, быдыры та тыхы сæр
хъуыд. Æмæ сæм цæмæй ахæм тых сæвзæрдаид, уый тыххæй фæкарздæр кодтой кæстæрты
хъомылад. Адæм цæмæй цот фылдæр кодтаиккой, уый тыххæй хистæртæ сфидар кодтой
æнæфыст æгъдау. «Алы бинонтæн дæр авд сывæллонæй къаддæр хъуамæ ма уа». Æмæ
авдæн ног мæйы хуызæн дыууæ æрдæг цалхыл ирон хæдзары къонайы фарсмæ йæ фарны
бынат æрцахста. Ирон адæммæ сывæллон сси хæдзары æлдар, зæды къалиу. Сæ хуыздæр
хæринаг, сæ хуыздæр зарджытæ æмæ бæллицтæ систы йемæ баст. Авдæн та – табуйаг.
Фæсвæд ран æвæрын, афтидæй йæ аузын нæ фæтчыд, -хæйрæджытæй, дæлимонтæй йæ
хызтой. Йæ куыст-иу куы бакодта, уæд – иу æй хорз ныссыгъдæг кодтой, дзæбæх –
иу æй батыхтой æмæ йæ цары бæрæг ран æфснайдтой.
Авд сывæллоны бæрц
кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Æвдæм сывæллоныл та
арæх æвæрдтой (уæлдайдæр та дыгурмæ) ном Авдан – Æвдæм.
5. Адæмон
дзыхæй дзургæ сфæлдыстад, кæцытæ æрымысыдысты хистæртæ сывæллæттæн хуыйны
мадæлон поэзи. Уыдон сты сывæллæтты фольклоры иу хай.
Фæрстытæ:
Кæй уацмыстæ уæзæрдыл æрлæууыдысты ацы фольклоры хаймæ чи хауы ахæмтæ?
-
Къостайы «А –лол- лай»
Æмдзæвгæ
радзурын.
6.
Абон æрныхас кæндзыстæм Джыккайты Шамилы
æмдзæвгæ «Авдæны зарæг назы талайæн»
7.
Презентаци равдисын Шамилы тыххæй.
8.
Дзырдуат.
Тала-
саженец
Хихтæ
– иголки
Æхсæрæг
– æхсæрсæттæг
Хъæз
– кæрдæджы мыггаг
Уаз
– сыгъдæг, табуйаг
9.
Бæлæсты тыххæй беседæ саразын, назы
тыххæй радзурын.
10. Зымæгон
æрдз цæстытыл ауайын кæнын.
11. Æрдз
хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый тыххæй беседæ саразын.
12. Æмдзæвгæ
бакæсын.
13. Фарстытæ:
Куыд
æвдыст цæуы æмдзæвгæйы зымæгон æрдз?
(Ирд
стъалытæ цæхæртæ калынц, æхсæрæг ис бæласы хъæбысы, мæй цæгъды дзæнгæрæг æмæ
фæдзæхсы назы талайæн «тагъддæр рæз»)
Цæмæй
тæрсы поэт назы талайæн?
(Æвзæргæнæг
хъæдбынты хæты æмæ дæ сугæн хæсдзæн, зазхæссæн дæр тагъд уыдзæн æмæ искæй назы
хих хъæудзæн.)
Цæй
мидæг ис æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды?
(Автор сагъæс кæны назы хъысмæтыл, уацмысы
мидис- æрдзыл аудын)
Фæлæ æмдзæвгæйы ис фæсномыг
хъуыдытæ – тыхгæнæг æмæ аразæджы быцæу, царды дыууæ хуызы æмæ дыууæ зондахасты,
æлдары фыдзæрдæ æмæ кусæджы уæздандзинад. Æмдзæвгæйы зыны зонд æмæ рæстдзинады
уæлахиз.
Мит – гæлæбутæ дæ
хихтыл
Уаз фынтау кæнынц
пæр-пæр,
Пух гæбынайау та
мигътыл
Ды æркъул кодтай дæ
сæр…
Бирæ цæр!
Уацмысы вæййы кæнæ æргом, кæнæ
дæлгоммæ ныхас. Дæлгоммæ ныхасы вæййы фæсномыг хъуыды. Уацмысы ныхас цæуы бæласы
тыххæй. Фæлæ ацы æмдзæвгæ басня нæу, уымæн æмæ дзы назы тала йæхæдæг архайæг
нæу. Поэт комкоммæ æвдисы назы уавæр, йæ уæззау хъысмæт, фæлæ дзы дæлгоммæ
ныхас цæуы адæймаджы цардыл. Адæймаджы цард зын æмæ тæссаг кæй ис, хъахъхъæнын
æй кæй хъæуы, уый у авторы фæсномыг хъуыды.
Рефлекси
- Абоны урокмæ цавæр зæрдæйæ æрбацыдтæ?
- Урочы хæстæй цымыдисагдæр кæцы уыд?
- Чи сарæхст
æппæты хуыздæр ,куыд уæм кæсы?
- Цы базыдтат
абоны урочы ногæй?
- Цы ма дæ хъæуы
базонын, бамбарын?
- Дæ зæрдæмæ
фæцыди абоны урок?
- Абоны урочы уæ куыстæн цавæр
аргъ скæниккат?
Х/к. Ныффыссын чысыл радзырд «Æрдз нæ
алыварс»
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.