Инфоурок Другое КонспектыТемæ: Къостайы цардуалдзæг нæ цардуалдзæджы мысæм…

Темæ: Къостайы цардуалдзæг нæ цардуалдзæджы мысæм…

Скачать материал

Темæ: Къостайы цардуалдзæг нæ цардуалдзæджы мысæм…

Урочы нысан:1. Рафæлхатын рацыд æрмæг.

2. Къостайы сабийы бонтимæ базонгæ кæнын сывæллæтты.

3. Сывæллæтты зæрдæты уарзондзинад рæзын кæнын Къостайы сфæлдыстадмæ.

4.Æххуысгæнæн фæрæзтæ: проектор,презентаци.

 

                                                                  Урочы цыд.

1.     Салам раттын.

2.     Мотивацион уавæр.

-Уæ хъус ма æрдарут, фæйнæгыл цы æмбисонд фыст ис,уымæ,уæ хорзæхæй.

Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр.

-Хъæрæй йæ бакæсæд ахуырдзау.

Уæ литературæйы тетрæдты йæ ныффыссут.

-Куыд ын æмбарут йæ хъуыды?

-Уæдæ уæм куыд кæсы,кæй ныхæстæ сты адон,чи у сæ автор?

(Х.Къоста)

-Абонмæ уын хæс уыди Къостайы уацмысты афоризмтæ ссарын æмæ сæ махæн бакæсын.

-Бузныг.

-Банкъардтат цы тынг арф хъуыдытæ æмбæхст ис Къостайы рæнхъыты,уый!

Уыдон систы æмбисæндтæ æмæ сæ адæм парахатæй пайда кæнынц сæ ныхасы. Мах дæр ныртæккæ нæ урочы æрымысдзыстæм ацы бонты æнæхъæн Ирыстон кæй  Гуырæнбон бæрæг кæны, уыцы цытджын,куырыхон,адæмуарзон поэт,публицист,нывгæнæг,ирон аив литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æрттивгæ ном.

-Фæлæ уал мæ фæнды,цæмæй,нæ урочы сæйрагдæр темæмæ рахизыны размæ куы байхъусиккам поэтæн йе `мдзæвгæтæм, уый.

Иу æртæ æмдзæвгæмæ байхъусын.

-Лæскъдзæрæн, кыд зонæм,афтæмæй у фыццаг литературон аргъау.

-Цы у йæ сæйраг хъуыды?

(Хъæздыг,тыхджын,фæлæ зондæй цух уæйыгыл фæуæлахиз цыргъзонд,рæстзæрдæ мæгуыр фыййау. Къоста худы æлдæрттыл,равдыста сæ уæйыджы фæлгонцы).

-Бузныг,сывæллæттæ.

-Ныртæккæ уын радзурдзынæн иу æцæг хабар. Иухатт ,раджы кæддæр немыцаг горæт Веймарны уынгты фæцæйцыдысты философ æмæ фыссæг Гете æмæ композитор Бетховен. Чи сыл –иу амбæлд,уыдон иу сæ сæртæй ныллæг акуывтой Гетейæн. Гете уæздан лæг уыд æмæ –иу фефсæрмы,æппæт адæм дæр ын кад æмæ æгъдау кæй лæвæрдтой уынджы,уый тыххæй. Уæд ын Бетховен загъта:

Ды махæн иу дæ! Уæдæй рацыд бирæ азтæ. Фæлтæртæ аивтой фæлтæрты,фæлæ ма абон дæр адæм цæуынц Гетейы уæлмæрдмæ,сæ сæртæй йын ныллæг акувынц,йæ ингæны алы бон дæр вæййы дидинджыта.

-Махæн,ирон адæмæн дæр Къоста иу у! Сæдæгай азты иухатт райгуыры ахæм адæймаг,куы райгуыры ,уæд та нал амæлы.

Йæ цард æмæ сфæлдыстад у стъалыджын æнæкæрон,арвау рæсугъд æмæ æрттивгæ!

Æмæ цæмæй уыцы тыгъдады ма фæдзæгъæл уæм,цæмæй Къостайы хуыздæр базонæм,уый тыххæй йæ абон Хъазыбеджы хохы цъуппæй æрисæм æмæ йæ фæдыл Нары уынгты азгъорæм. Æмæ нæ цардуалдзæджы æрымысæм Къостайы цардуалдзæг.

 

-Цæмæйдæриддæр  цух уыди,уыдон ын баххæст кодтой Нары адæм. Фæлæ цымæ æххæстæй? Чи баивдзæн мады рæвдыд? Йæ мад та,куыд зонæм,афтæмæй тынг раджы амард…

-Айразмæ сымахимæ базонгæ стæм Дзаттиаты Тотырбеджы радзырдимæ «Къостайы  сабийы бонтимæ.

-Мæнæ куыд дзырдта Чендзейы чындз Козиан Къостайы тыххæй.

-Кæсы ахуырдзау.

Фыдбон æмæ фыддуджы райгуырд Къоста. Сывæллоны райгуырды хæдфæстæ амарди йа мад.  Леуан фæхъыг кодта зианыл. Сывæллон уыд тынг лæмæгъ æмæ йæ уæд ме фсин-Гыцци райста йæхимæ. Мах, чындзытæ, дæр ын кодтам æххуыс. Афтæмæй йæ бахъомыл кодтам. Зындарæн сывæллон нæ уыд. Æвæццæгæн зыдта йа сидзæры бон, кæд мах цыфæнды архайд кодтам,йæ зæрдæмæ йæ цæмæй ма хæсса,ууыл,уæддæр,æмæ –иу уыдис сабыр».

-Æвæццæгæн –иу уæддæр мысыд  йæ мады æмæ куыд нæ! Мад та кæй нæ хъæуы! Мады зæрдæйæ диссагдæр та цы ис?

-Зындгонд уырыссаг фыссæг Лев Толстой дам,кы мард,уæд тынг тыхст,хъуырдухæн кодта. Æппынфæстагмæ арф ныуулæфгæйæ тыххæйты сдзырдта .Мæ мады къухтæ мысын, мæ мады лæгъз ныхас мын нæ фаг кæны».

Уæдæ бынтон диссагдæр та у ирон таурæгъ мады тыххæй:

-Кæсы ахуырдзау.

Цардысты 2 хойы. Сæ иу уыд зæнæгджын,иннæ та æнæзæнæг. Зæнæгджын хо фæтаæригъæд кодта йе нæзæнæг хойæн æмæ йын ратта йæ кæстæр лæппуйы. Рæстæг цыд. Иу хатт мад æрцыд йæ хо æмæ  йæ лæппуйы бæрæггæнæг. Фæстæмæ куы цыд,уæд гыццыл лæппуйы къухтыл дыууæрдыгæй хæцгæйæ цыдысты. Афæндараст кодтой сæ уазæджы.

Уæд лæппу загъта:

Уыцы усæн цы хъарм къух уыд.

-Ауай,уæдæ,аййаф æй,уый дæ мад у,-æнкъардæй загъта æнæзæнæг хо æмæ ауагъта йæ хæсгæ фырты йе цæг ныййарæгмæ.

Сидзæр лæппуйы хъысмæт Къостайæн уыдис тынг хæстæг æмæ йæ равдыста йе мдзæвгæтæ «Чи дæ?», «Хъуыбады», «Сидзæргæс»-ы, йæ диссаджы нывты «Донхæссæг», «Дурсæтджытæ». Уæлдай цымыдисагдæр та йæ мады ныв у. Уынгæ йæ никуы фæкодта,йæ къам ын нæ баззад,афтæмæй йæ адæмы ныхæстæ æмаæ йæм йæ мидзæрдаæ куыд  дзырдта,ахæмæй йын хуызджын ахорæнтæй ныффыста йæ сурæт. Ныв,йæ мад Марияйы чи зыдта,уыдон куы федтой,уæд сæ  дисæн кæрон нал уыд ,бынтон йæхи хуызæн рауад. (Ныв равдисын).

-Ныртæккæ цы зарæгмæ байхъусдзыстæм,уый мидис хæстæг лæууы нæ темæмæ. (Зæгъын цæуыл у ацы зарæг?). (Мад арфæ кæны йæ сывæллонæн зарæджы хуызы).

(Илурты Риммæ «Мæ хъæбулæн»).

(Æмæ  кæцы ныййарæджы нæ фæнды йæ хъæбулы хорздзинад).

-Сывæллон  сывæллон у фыдуаг митæ дæр акæны, æвæццæгæн,уый сымахмæ дæр хауы,нæ. Куыд сымах,афтæ Къоста дæр уыд фыдуаг дæр,хивæнд дæр,цымыдис дæ р,тæлфаг дæр.

-Дзадтиаты Тотырбеджы уацмысæй цы базыдтат? Цавæр фыдуаг ми бакодта Къоста? (Иуанейы бæх адавта).

-Къахдзоныгътыл та кæй ахуыр кодта къуыбырæй бырын? (Мæхæмæты).

Кæсæм ма дарддæр Хетæгкаты Нафирæт æмæ Хæблиаты Сафары фыст «Къостайы кадæгмæ».

  (Иууылдæр кæсынц текстмæ).

1.     Уæллаг Нары хъæуы иу бæрзонд къæдзæхыл задис фæткъуы бæлас. Фæззæгмæ æввахс –иу срæгъæд. Уыцы адджын тæф –иу дардмæ былтыл  цавта. Зæронд лæгтæ иу афтæ дзырдтой: -Ралыг æй хъæуы, кæннод кæстæртæй искæй фесафдзæн. Лаппутæй фæткъуымæ чи смондаг уа,уый йæм хиздзæн æмæ къæдзæхы сæрæй рахаудзæн. Уæд иу афон Къоста акæстытæ кодта æмæ зæронд лæгтæй иу дæр фæзы нал уыди. «Баирвæзт бæласмæ æмæ фæткъуытæй йæ худ байдзаг кодта. Фæстæма куыд рацæйхызти,афтæ фæбырыд æмæ къæдзæхæй рахауд. Йæ амонд уыди  æмæ нæумæ æрхауд. Иу зæронд лæг æй куы ауыдта,уæд ныхъхъæр кодта:

-Æллæх, Нары хъæу, Къоста къæдзæхæй рахауд. Тагъд кард,æмæ йын йæ алыварс хахх акæнут! –фехъуыст Къостамæ. Лæппу карды койæ фæтарст .«Кард уымæн агурынц æмæ мын хæдмæлæй тæрсынц». Фестад æмæ йæ фындзы туг кæлгæ хъæдмæ лидзæг фæци.

(Цæуыл дзурæг у ацы цау? Фыдуагдзинадыл).

-Зæгъут ма цы нысан кæны ацы хъуыд.

Тагъд кард,æмæ йын йæ алыварс хахх акæнут! (Цæмæй ма фæсур уа,уый нысан).

Цавæр нысæнттæ ма зонут ирон адæммæ гыццыл сывæллæттæн?

1.     Сывæллон æрæгмæ(зынтæй) куы ауайы къахæй,зæгъæм афæдзы фæстæ,уæд ын фæстæрдыгæй кардæй йæ дыууæ къахы æхсæн ахахх кæнынц,æмæ ауайы.

2.     Сывæлон æсæв æнæхуыссæг куы уа,уæд мад райсы сывæллоны йæ къухмæ,цæхх иннæ къухмæ сываллоны ныхыл æй авæры æмæ йæ артмæ бакалы,афтæ æртæ хатты.

3.     Сывæллон  цæмæй ма тæрса иунæгæй  йæ хуыссæны,уый тыххæй йын йæ нывæрзæны нывæрынц цыргъаг (кард кæнæ хæсгард).

 

2 Кæсы ахуырдзау.

Къостайы фандыдис арвыл стъалыты дзыгуыр фенын «авд хойы». Нана йын загъта,зæгъгæ æмбис æхсæвæй цасдæр куы рацæуы,уæд кæй фæзынынц. Къоста æхсæв-бонмæ нал бафынæй. Йæ фыды-фыды хъæбысы тæлфыд æмæ тæлфыд.

Фынæй цæуылнæ кæныс, исты дæ риссы?

-Ницы мæ риссы,фæлæ дуармæ куы цæуай,уæд –иу мæнæн дæр зæгъ.  Æз ацы æхсæв хъуамæ «Авд хойы» базонон.

(Ацы цау та цæуыл дзурæг у? Цымыдис кæй у Къоста ууыл.

3.Иухатт Нармæ мыд æрбаластой уæй кæнынмæ.

Сылгймæгтæ йæ хæлофæй æлхæнынц. Къоста æмæ Дауыт стыхстысты: мæлæты æрæгмæ цæуынц устытæ-цыма мæрддзыгой адæм сты. Уæдмæ мыд æлхæд дæр фæуыдзæн. Лæппутæ уæйгæнæгмæ хæстæг бацыдысты. Къоста мыды лалымы йа къухтæ фатъыста æмæ дзы иу стыр къæртт фелвæста. Дыууæйæ дæр фæйнæрдæм лидзынмæ фесты. Къоста лæгæты бамбæхст. Мыдæй асдæры æмæ йæхицæн фæзæгъы: «Ацы мыд æз куы фæуон,уæд Дауыт тæригъæд у. Афонмæ йæ кæд Хетъа лæдзæгæй фæнадта æмæ кæуы». Дауыт та Къостайы агуырдта. Агургæ-агургæ æрбахæццæ лæгæтмæ. Къоста йын йæ кæуын куы айхъуыста,уæд йæ сæр лæгæтæй радардта.

-Цы кæуыс,мыдæн кæд бахордтон йæ къаддæр æрдæг. Йæ фылдæр ын дæуæн куы ныууагътон.

(Ацы уац та цæуыл дзурæг у? Фæлмæнзæрдæйыл).

4.Кæсы ахуырдзау.

-Цы зæгъдзыстут ацы цауы фæдыл та? Къоста æмæ Дауыт æрæгвæззæджы хъомы рад хизынмæ ацыдысты уæлвæзмæ. Къоста иу ранмæ бауад. Кæсы,æмæ иу мыст æхсар æхсыны й уæрмы раз. Лæппу йæ лæдзæгæй зæхх ракъахта æмæ дзы диссаджы æвæрæнтæ ссардта. Æхсæр акъœрцц кæны æмæ аппæй йæ тæккæ дзаг.

-Мæнæ диссаг,ацы ран æхсæр æввахс куы нæ зыны, уæд сæ кæцæй хъуамæ арбахастаид?-дзуры Къоста Дауытмæ.

-Кæс ма мыст куыд зондджын у æмæ йæхицæн зымæгмæ æвæрæнтæ куыд кæны. Æхсæртæй сæ дзыппытæ айдзаг кодтой. Уæд Къоста афтæ зæгъы: «Фæуадзæм ма йын дзы, тæригъæд у. Дадайы карды фистон дæр бахордта,фæлæ йæ уæддæр уазал зымæджы æххормагæй куыд ныууадзæм. Къоста æмæ Дауыт мыстæн сæ кæрдзынтæ ныммуртæ кодтой æмæ йын сæ йæ хуынчъы нывæрдтой, æхсæртæй дæр ма йын ныууагътой.

(Цæуыл дзурæг у ацы цау та? Куыд уæм кæсы? Тæригъæдгæнаг кæй уыд,ууыл).

 

 

-Зæгъут ма цалгай азтæ цæуы сымахыл?

-Уæ хæдзæртты исты æххуыс стут? (фефснайæм,тæбæгътæ фехсæм,дуканимæ фæцæуæм).

-Уæдæ йæ зонут,10-аздзыд лаппу лæг кæй у!

-I. Къоста дæсаздзыдæй хосласæн фæндаг сарæзта;

-II. Сарæзтой куырой дæр;

-III. Сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм куы ацыдысты,уæд тынг мит ныууарыд æмæ фæстæмæ фæндаг бæрæг нал уыд. Уæд Къоста йе `мбæлттимæ фæндаг ныссыгъдæг кодта. (Уый та ууыл дзуры æмæ кусын кæй уарзта).

-Уæдæ,сывæллæттæ,бахъуыды кæнут: Адæймаг йæ сывæллоны бонты йæхи хорзæй куы равдиса,уæд ын æвзæрæй тас нæу. Кæд сывæллонæй йæ зонд фæбæззы,йæ архайд,йæ хъуыды,уæд куы слæг уа,уæд йæ хорздзинад хъуамæ  цы фæуа,кæд æмæ йæ зонд дæр фылдæр æмæ домбайдæр кæндзæн?

Йæ сабийы бонты цы федта,хорзæй дæр,æвзæрæй дæр,уыдон фæзындысты йе мдзæвгæты. Йæхæдæг цæмæй фæцух,уыдон рæдауæй схай кодта Иры сывæллæттæн.

-Зæгъут ма,цавæр уацмыстæ ныффыста Къоста сымахæн,сывæллæттæн? («Зæрватыкк», «Дзывылдар», «Цъиу æмæ сывæллæттæ», «Лæгау», «Фыдуаг», «Кæмæн цы», «Скъоладзау»).

Ацы æмдзæвгæтæ, сывæллæттæ, сымах ахуыр кæнынц ,цæмæй уат  хæларзæрдæ,фæлмæнзæрдæ,фæллой уарзат,зонат  хи дарын,ма тæрсат зындзинæдтæй,уарзат æрдз.

-Къоста тынг уарзта сывæллæтты,уый бæрæг у йæ фыстæджытæй.

-Байхъусут ма,куыд фыста йæ ахуыргæнæг Смирновмæ уый:

-Куыд æхсызгонæй æрвитин æз уыдонимæ(сывæллæттимæ) ацы бæрæгбæттæ ,уæд та иунæг сахат абадыныл дæр цас æмæ цас раттин.

   Кæй уарзта,уыцы сылгоймаг Цæлыккаты Аннæмæ дæр фыста:

-Мæ фысымтæм ис 7 сывæллоны.Байуæрзтон сын кърандæстæ æмæ тетрæдтæ,ахуыр сæ кодтон.Изæры къардиуы былыл фæбадæм,фæзарæм .Райсом та балхæндзыстæм пурти æмæ къуырынæй хъаздзыстæм.

 

Хатдзæгтæ (рефлекси):

 

-Уæдæ, æвæццæгæн абон сымах бамбæрстат Къоста сывæллæтты тынг кæй уарзта,сæ миддунемæ сын зыдта ныккæсын,ссардта фæндаг сæ зæрдæтæм.

 

Уæдæ абон цы базыдтат ногæй?

 

-Бæрæггæнæнтæ.

-Хæдзармæ куыст.

Цыбыр разырд ныффыссын «Мæн æмæ Къостайы сабибонтæ».

 

Æххуысгæнæн  дзырдтæ:

Сабибонтæ,фыдуаг,коммæгæс, кусаг, хъæлдзæг, сидзæр, ме мбæлттæ, уарзон, мæгуыр, тыхджын, сæрæн, цымыдис, куыстуарзаг, хинæйдзаг.

 

 

Афоризм-краткое выразительное изречение,содержащее обобщающее умозаключение.

 

Дзырдуатон куыст.

Цардуалдзæг-сабибонтæ.

Лалым-мигæнæн.

Фистон-кæрддзæм-ножы.

Фыстæг-письмо.

Стъалыты дзыгуыр-созвездие.

                                         Къуырынæй хъазт-футбол.

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Темæ: Къостайы цардуалдзæг нæ цардуалдзæджы мысæм…"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Флорист

Получите профессию

Няня

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 188 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 18.11.2016 450
    • DOCX 33.3 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Дзапарова Ирина Георгиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Дзапарова Ирина Георгиевна
    Дзапарова Ирина Георгиевна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 4890
    • Всего материалов: 7

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Няня

Няня

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 283 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 850 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 155 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 490 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 329 человек

Мини-курс

Управление проектами и стоимостная оценка в современном бизнесе

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Фитнес: вопросы здоровья и безопасности во время тренировок

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 10 человек

Мини-курс

Педагогические идеи выдающихся педагогов и критиков

8 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе