Темæ: Уалдзыгон нывтæ.
Урочы нысан: 1. Диалогыл бакусын.
2. Сывæллæтты ныхасыхъæд фæхъæздыгдæр кæнын.
3. Уалдзыгон æрдз.
Урочы æрмæг: презентаци, карточкæтæ, дзырдуат.
Урочы цыд:
1. Бацæттæгæнæн рæстæг.
2. Мотивации – равдисын презентаци
(слайдтæ - уалдзыгон æрдз)
- Нывты цы æвдыст цæуы?
- нывты æвдыст цæуы мит куыд тайы, ранæй – рæтты цъæх
кæрдæг куыд фæзынди, æрдз ивын райдыдта.
- Кæцы афæдзы афон æвдыст æрцыд?
- уалдзæг
- Ранымайут-ма афæдзы афонтæ, цал сты?
- уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг.
- уæ зæрдæмæ дзы кæцы афон цæуы? Цæмæн?
Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.
- Алы афæдзы афон дæр у сæйраг æмæ хъæугæ æрдзæн.
1. Раттæм – ма цыбыр характеристикæ алы афæдзы афонæн
дæр.
- Зымæг – уазал афон, мит æруары æмæ сывæллæттæ
хъазынц дзоныгътæй, бæстæ вæййы урс-урсид.
- Уалдзæг – æрдз райхъал вæййы зымæджы фæстæ, мит
тайы, цъиутæ фæстæмæ æртæхынц, бон ивын райдайы.
- Сæрд – райдайы улæфты рæстæ, вæййы тæвд, найынмæ
цæуыны рæстæг, бæлæстыл срæгъæд вæййы алыхуызон дыргътæ, хъæдты вæййы бирæ
гагадыргътæ.
- Фæззæг – адæм æфсынайы райдайынц сæ цæхæрадæттæ,
быдыртæ фæбур вæййынц, бон фæцыбыр æмæ фæуазал вæййы.
- Уæдæ алы афæдзы афон дæр у рæсугъд æмæ хъæздыг,
алкæцыдæр дзы æрхæссы йæхи диссæгтæ.
2. Саразæм - ма диалог – дыууæ скъоладзауы аразынц
диалог.
Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм уалдзæджы мæйтæ.
- Тæргæйтты мæй, хуымгæнæны мæй æмæ зæрдæвæрæны мæй.
- Цæмæн хуыйнынц афтæ?
- Тæргæйтты мæй – ацы мæйы боныхъæд йæхи фæдары ног
чындзау, тæргæйттæ кæны.
- Хуымгæнæны мæй – ацы мæй райдайынц зæххы куыстытæ,
быдыртæ хуым кæнынц, цæхæрадæтты тыллæг тауынц.
- Зæрдæвæрæны мæй – ацы мæй баст у марды кæндимæ.
3. Физминуткæ:
Æмдзæвгæ:
Денджызы
уылæнтæ,
Ма
кæнут хыл!
Ма
калут уе ’ртæхтæ
Афтæ
мæныл …
Денджызы
уылæнтæ,
Ахуыссут,
цæй!
Ма
хæссут дурзæйтæ
Айнæгбылæй.
Денджызы
уылæнтæ,
Ма
ут, ма фыдуаг!
Зонут
уæ фезмæлдæн
Рад
æмæ уаг …
(Баситы М.)
4. Карточкæтимæ
куыст:
Рафыссын уалдзæгимæ баст дзырдтæ:
Мартъи, мигъ, дзоныгъ, их, дидинæг, тæдзынæг, кæрдæг,
тайын, сауцъиу.
Баххæст кæнæм 3-аг фæлтæрæн хъуыдыйæдты бавæрын
миногонтæ æмæ фæрсдзырдтæ.
5. Хатдзæгтæ:
базыдтон …
Абон мæ зæрдæмæ фæцыд …
нæ фæцыд …
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.