Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
Мæ Иры къæсæр у мæ райдиан…
2 слайд
3 слайд
Зындгонд ирон поэт Хаджеты (Джусойты) Таймуразы йæ диссаджы лирикон æмдзæвгæты тыххæй бирæтæ хуыдтой «ирон Есенин».
Хаджеты Таймураз райгуырд 1 мартъийы 1945 азы Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Ногхъæуы бирæ бинонты æхсæн. Уыдон уыдысты куыстуарзаг, ирон æгъдæуттыл хæст бинонтæ. Таймураз йæ сывæллоны бонтæ арвыста йæ райгуырæн хæхты хъæбысы. Фыццаг ахуыр кæнын райдыдта Къуайсайы, астæуккаг скъола та каст фæци 1964 азы Цхинвалы. Советон Æфсады арæнхъахъхъæнæг хæйтты баслужбæ кæныны фæстæ 1968 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ. Фидæны поэтæн ам фидардæр кодта йæ поэтикон курдиат.
Таймураз æдзухдæр агуырдта сфæлдыстадон сæрибардзинад æмæ, цæмæй йæ номдзыд æфсымæр Джусойты Нафийы аууон йæхи ма хатыдаид, уый тыххæй йæхицæн æрхъуыды кодта литературон псевдоним «Хаджеты», йæ фыды-фыды хуыдтой «Хадже», æмæ уымæ гæсгæ.
4 слайд
5 слайд
6 слайд
7 слайд
Таймуразы ныййарджытæ Григори æмæ Хуыгаты Софья( Сопи).
8 слайд
Хаджеты Таймураз æрмæст курдиатджын поэт нæ уыд, фæлæ тæлмацгæнаг дæр, стæй ма хорз арæхст зарынмæ, йе мдзæвгæтыл фыста музыкæ æмæ-иу сæ йæ хæлæрттæн зарыд. Йæ æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ зарынц Цоциты Аннæ, Гуыцмæзты Георги, Джабиты Лаурæ æмæ бирæ æндæртæ.
9 слайд
10 слайд
11 слайд
Джусойты
Нафи
Клавдия
Таймураз
12 слайд
Таймуразы чингуытæ цæуын райдыдтой 1973 азæй фæстæмæ: «Фараст барæджы», «Хъысмæт æмæ зарæг», «Уацмыстæ», «Æхсон дуры хъæлæс», «Урс хæхты зарджытæ», «Фæндæгты фарн», «Фæсизæр», «Арты уидæгтæ»…..
Йæ поэзи дзаг у райгуырæн уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæй, ныййарæгмæ, уарзон сылгоймагмæ, цин æмæ маст кæимæ дих кодта, уыцы æмбæлттæм.
13 слайд
Хаджеты Таймураз 1979 азы Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг цы сси, æндæр ницавæр нæмттæ æмæ хæрзиуджытыл хъуыды кодта. Фæлæ йын адæм йæ поэтикон уацмыстæ кæй уарзтой. Æмæ, æнæ адæмон поэты ном райсгæйæ, адæмон поэт кæй уыд, уый уыд йæ иууыл стырдæр хæрзиуæг.
Поэт амард 1996 азы, æмæ йæ бавæрдтой Ногиры. Фæцард 51 азы.
14 слайд
Йе сфæлдыстады ахсджиаг бынат ахсынц, йæ бæхимæ кæм ныхас кæны, уыцы æмдзæвгæтæ. Афтæ æнувыд уыд йæ бæхыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй йæ фыццаг чиныджы æхцатæй балхæдта тæлтæг бæх, Цæгат Ирыстоны куы цард, уæд. Зылдис æм йæ зонгæ хъæуккаг, æмæ-иу Таймураз чысыл гæнæн дæр куы уыд, уæ-иу æй абæрæг кодта.
15 слайд
Поэт Хаджеты Таймураз уыд, рæстæджы фыдæвзарæнтæй зæрдæсаст чи фæци, фæлæ, куыд фæзæгъынц, чи ныггуыбыр кодта æмæ æвæллайгæ фæллой чи кодта, уыцы поэттæй. Уый йæ удыхъæдмæ гæсгæ уыд лирик. Йæ лирикон хъайтар у рæстдзинадыл тохгæнæг, рæстзæрдæ адæймаг. Поэт æмбæрста, куыд вазыгджын у цард. Куыд арф у адæймаджы зæрдæ, æмæ йæ фæндыди сабыргай, хъуыдыгæнгæ æрдзы, адæймаджы, царды сусæгдзинæдтæ басгарын. Уымæн зæгъы:
«Мæн сындæггай цæуын фæнды.
Сабыр нæ зæххыл,
Сусæг тасау, къæрцхъус, фæлæ
Барджын, уæндонæй.
Райсом боны рухс цъирын,
Æхсырау йæ цъæхыл
Хъусын æхсæвы аргъаумæ тары
дæлдонæй».
(« Мæн сындæггай цæуын
фæнды»)
16 слайд
Раст бакодта автор, йæ фæндаджы райдайæн райгуырæн зæхх – Иры къæс кæй рахуыдта, уымæй. Ардыгæй гуырынц поэты æнæхин рæстдзæф рæнхъытæ:
«Уым саджы цæстау æнæбын у арв,
Уым хæхтæ æрсытау - уæлгоммæ.
Æхсæрдзæн та рындзыл фæуадзы йæ хæрв,
Йæхæдæг ныййарц вæййы коммæ.»
(« Мæ Иры къæс»)
17 слайд
18 слайд
Йæ уды рæбинæгтæ, æрдзы фæзындтытæ, хъæууон царды нывтæ равдисынмæ хорз арæхсы автор. Уыдон ын арæх свæййынц хъуыды ирддæрæй, парахатдæрæй раргом кæныны фæрæз:
«Хæрзæфснайд кæрты хъуг цæгъды сынæр.
Дыууæ тынау мæ хойы æрмттæй æхсыр
Сæх-сæх кæны. Йæ урс-урсид уынæр
Цыргъ цæвæджы сыгъдæг зæллангау хъуысы.»
(«Рухс изæр»)
19 слайд
Цыма æппындæр фыдæх нæй, цыма хъизæмар æппындæр никуы бавзæрста Таймуразы лирикон хъайтар, афтæ кæсы адæймагмæ фыццаг бакастæй. Фæлæ йæ тухитæ фергом вæййынц. «хæстарыд» кæй у, уыдæттæй. Æфхæрд зæрдæйæн йæ масты цæхæр куы ссудзы, уæд зын бамынæггæнæн у:
«Æмæ кæны мæн иу хъуыдымæ дуг –
Уый хъуамæ зона афоныл знаг дæр:
Куы фемæхса зæронд хъæдгомæй туг,
Уæд у цыфæнды хæтыхæй тæссагдæр!»
(«Рухс изæр»)
20 слайд
21 слайд
Таймураз кæд йæхæдæг кæстæры ном хаста фысджыты хсæн, уæддæр кæстæртыл зæронд лæгау аудыдта. Уый иу æмæ дыууæ æвзонг уды нæ бауагъта ныфс сфæлдыстадон гуыргъахъ фæндæгтыл цæуынмæ: Косты Лизæ, Касаты Батрадз, Будайты Милуся, Джусойты Марат, Къадзаты Станислав….
Æрмæст æм баулæф, æндæр - иу йæхи хъуыддæгтæ дæр ныууагъта æмæ кæстæрмæ, æмгармæ æххуысы къух бадардтаид.
22 слайд
Адæймаг дуры сæр куы райгуыра, уæддæр ын уымæй зынаргъдæр нæй æмæ хъуамæ ма уа. Ахæм у поэты хъуыды, æмæ йыл чиныгкæсæг дызæрдыг нæ кæны.
Æрдзы рафæлив-бафæливты, æрдзы сконды чъизидзинадæй ницы ис, Чъизидзинæдтæ адæймагæн æрмæст йæхицæй цæуынц. Æмæ уый зæрдæйæ чи æнкъары, æрмæстдæр ахæм адæймаг сныв кæндзæн мæнæ ахæм поэтикон ныв:
«Фæфæдис комы арф рæбынтæй дон,
Æмæ ма йæм къæйдурты уæз кæм хъары…
Чысыл саби та агъуысты кæрон
Йæ сау-сауид буар цыхцырæгмæ дары…»
(«Сусæны изæр»)
23 слайд
Хаджеты Таймуразæн æвæццæгæн, Ирыстоны адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры хуызæн кад ничи скодта, Алыксандр фыста:
«Хаджеты Таймураз ирон аив дзырды хæзнадонмæ бахаста æмбисонды æвæрæн, равдыста æцæг курдиатджын поэты миниуджытæ – сфæлдыстадон ног комулæфт, æмæ уымæй бацахста йæхи сæрмагонд къæпхæн, сбæрæг йæхи фæндаг. Кæронмæ æнусон æнæлыг темæтæ – хъысмæты сар, цард æмæ мæлæтыл сагъæс, адæймаджы миддунейы судзгæ хъуырдухæнтæ, æрцæуинаг цы уа ацы зæххыл, уый раз, рæстад æмæ фыдохы-хæрамы æгъатыр тох æмæ бирæ æндæр вазыгджын фарстатæ лыг кæны не рыгон æдзард поэт.
Ахæм темæтæй иу у рагон фыдæлтæй баззайгæ исбон, æнæ уый нын цæрæн кæмæн нæй, уыцы мадæлон æвзаг – скифты, сæрмæтты, аланты æрдынæлвæст, нуарджын æмæ рæстдзæвин ирон ныхас:
«Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг –
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг)-
Дæуимæ сæфы дунейы истори.»
24 слайд
Нæ поэты интимон лирикæ зæрдæйы къуымтæ арф агайы, нæй йæ нымайæн хуымæтæджы хиирхæфсæн хъуыддагыл, уый у уды хъизæмæртты философи æмæ трагеди дæр…
Таймуразæн йæ кæцыфæнды уацмыс дæр йæ чиныг «Фæсизæр»-ы у сæрмагонд æркасты, равзæрсты аккаг. Зæгъæн ис: Джусойы-фырт иунæг æмдзæвгæ «Фараст барæджы» йеддæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр айдагъ уымæй дæр йæ бынат цæттæ уыдаид нæ поэзийы!
Цæрукъаты Алыксандр.
25 слайд
26 слайд
Уалдзæджы фыццаг бон райгуырд Джусойты Таймураз æмæ уалдзæгау уыд нæрæмон. Ирыстон ын кæстæры хайæн радта йе взаджы хæзнатæй æмæ йæ рæнхъытæ зæлланг кæнынц æлвæст æрдынбосау:
Мæ чысыл Ир! Æз дæр дæ фырт дæн!
Æдæрсгæ сдзурын мæ фæнды.
Мæ рухс бæллицтимæ фæзындтæн
Ирон куыстдзагъд лæджы кæрты.
Æз хæрзтæй равзæрстон лæгдзинад –
Фæнды мæн самонын хъæрæй
Фыдæлты зард. Сæ ныфс – зæрин саг
Мæн сайы урс хæхты сæрæй.
Кадзаты
Станислав.
27 слайд
Цардау цардæй, зæгъæн ис, æмæ ницы федта Хаджеты Таймураз. Фæлæ æнамонд нæ уыд. Нæ уыд, уымæн æмæ йын æнæкæрон стыр æмæ цытджын хъуыддаг бантыст йæ цыбыр царды – поэты ном райста. Таймураз поэзийы арæнæй ничердæм фæцудыдта, йæ хорз курдиаты зæрдæхудты нæ бацыд, ирон аив дзырды раз æй æндæр хæрзтыл нæ баивта.
Йæ курдиатджын зæрдæйы æхсыст аив дзырд ын хæсдзæн кад æмæ намыс æнæ искæй фæрсгæйæ.
Æниу мæн ницы хъуыд бæгуы
Зæрдæйы рухс æмæ сæрибар
Уыдысты хохагæн мæгуыр,
Йæ уды цин æмæ йæ риссаг…
Гусалты
Барис.
28 слайд
29 слайд
30 слайд
31 слайд
32 слайд
33 слайд
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
6 665 164 материала в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Битарова Вера Муратовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
500/1000 ч.
Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Курс повышения квалификации
72/180 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
3 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.