Уӕ
бон хорз!
Фарн уӕм бадзурӕд,ӕмӕ фӕрнӕйдзаг ут,
хорз адӕм!
Ӕз дӕн Гӕбӕраты Дианӕ,Артуры чызг,
Плиты хӕрӕфырт.
Ахуыр кӕнын 15-ӕм скъолайы,10-ӕм
къласы.
Мӕ нывӕцӕн мӕ райдайын фӕнды
немыцаг поэт Йоганн Вольфган фон Гетейы ныхӕстӕй: «Ӕрдзы чиныгӕн йӕ алы
сыф дӕр
дзаг у арф хъуыдыйӕ»
…Уæларвæй
стъалы ратахт æмæ æрхаудис аргъæутты бæсты: бæрзонд урссæр цъититæ, айнæг
къæдзæхтæ кæм ис, æхсæрдзæнты æмæ цъиуты зард кæм не 'нцайынц, уыцы бæсты –
Ирыстоны…
Рӕсугъд
у Ирыстон. Аргъӕутты бӕстӕ.Ӕрмӕстдӕр,ӕвӕццӕгӕн,ахӕм бынаты цӕрой
скифты-сӕрмӕтты байзӕттӕгтӕ мах,алантӕ.
Уыцы
рӕсугъддзинад ӕрмӕст бынӕттон цӕрджытӕ нӕ уынынц,фӕлӕ нӕм абон алы рӕттӕй цы
бирӕ уазджытӕ цӕуы,уыдон дӕр. Уыдонӕй мах фехъусӕм дисгӕнгӕ цы аргъӕутты бӕсты
цӕрӕм,уый. Куыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон адӕм цӕры нӕ гыццыл Ирыстоны зӕххыл!
Ӕхсызгон
нӕ
вӕййы алкӕмӕн дӕр ахӕм хъарм,фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ныхӕстӕ фехъусын! Тынг
ӕхсызгон! Уӕлдай ӕхсызгон вӕййы уазджытӕй фехъусын нӕ уазӕгуарзондзинад нын кӕй
бафиппайынц,уый!
Фӕлӕ,хъыгагӕн,
ӕз уынын ӕндӕр, зӕрдӕйӕн хъыг чи вӕййы, ахӕм бынӕттӕ. Алчидӕр ма акӕсӕд йӕ
алфамблай ӕмӕ зӕгъӕд:цы уыны, уый. Цы цӕстӕй кӕсӕм нӕ дарӕг зӕхмӕ?
Уӕлдайдӕр
та мах,кӕстӕртӕ. Хъахъхъӕнӕм нӕ алӕмӕты ӕрдз? Ӕцӕгӕй дӕр ӕм уарзон цӕстӕй кӕсӕм?
Ӕви йӕм куыдфӕнды цӕстӕй кӕсӕм?
Мӕн
фӕнды ацы фарстатыл ӕрлӕууын. Ацы ӕрмӕгыл кусгӕйӕ ӕз ме мбӕлттимӕ
архайдтам,цӕмӕй нӕ къуымтӕм ӕркӕсӕм ӕмӕ уырдыгӕй райдайӕм «ӕфснайын». Арӕх фехъусын
мӕ бирӕтӕзонаг нанайӕ: «Куы фснайай,мӕ къона,уӕд къуымтӕй райдай» .
Ӕз
уарзын хистӕртӕм хъусын ӕмӕ сӕ зондӕй фӕрсын. Уыдоны фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын.
Мах
цӕрӕм Турханайы. Афтӕ хонынц Промышленон районы иу хай йӕ цӕрджытӕ. Не
скъолайы разамонджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ архайынц,уӕмӕй не скъолайы раз нӕ,
фӕлӕ районы дӕр уа сыгъдӕг. Ӕфснайгӕ цы бон фӕкӕнӕм, уӕд ,мах хистӕр кълӕсты
скъоладзаутӕ,банкъарӕм,куыд ницы цӕстӕй кӕсӕм нӕ дарӕг зӕхмӕ,уый. Хӕрз цыбыр
рӕстӕгмӕ нӕ голджытӕ айдзаг вӕййынц бырӕттӕй…
Ӕмӕ
чи чъизи кӕны? Чи калы кӕм нӕ хъӕуы уым йӕ бырӕттӕ?
Мах,
адӕм! Ӕндӕр планетӕтӕй нӕм,мыййаг, не ртӕхынц!
Иннӕ
ныв та! Кӕс ӕмӕ ӕнӕхицау куитӕ ӕмӕ гӕдытӕ ратӕх-батӕх кӕнынц уынгты. Гыццыл
сывӕллӕттӕ сӕ тӕрсынц,кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы,куитӕй! Куыд сын баххуыс кӕнӕм уыцы
куитӕн мӕ гӕдытӕн? Ӕз тынг уарзын куыдз дӕр ӕмӕ гӕды дӕр. Фӕлӕ се ппӕтӕн мӕ
бон баххуыс кӕнын нӕу хӕринагӕй.
Мӕнмӕ
гӕсгӕ,уыдонӕн ис баххуыс кӕнӕн . Хицауад сын саразӕнт бынӕттӕ, «приют» кӕй
хонынц,ахӕм. Уӕд уал иу проблемӕйӕ фервӕзиккам. Иннӕ та- бырӕтты бынат. Мӕнмӕ
гӕсгӕ, уыдон арӕхдӕр куы ласиккой, уӕд-иу афтӕ арӕх не мбырд кӕниккой ӕмӕ
уӕлдӕр цы куиты кой кодтон,уыдон уым афтӕ бирӕйӕ не мбырд кӕниккой!
Кӕй
зӕгъын ӕй хъӕуы, хъомыладон куыст кӕнынц ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр.
Фӕлӕ арӕх фенӕн ис,сывӕллон йӕ бырӕттӕ бынатмӕ нӕ фӕхӕццӕ кӕны алы ӕфсӕндты
тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ахӕмтимӕ тох кӕнӕм, амонӕм, цы у хорз, цы та
ӕвзӕр.
Куыд загътон, афтӕмӕй Промышленон районы цӕрын. Абон урочыты фӕстӕ дӕ
хӕдзармӕ куы цӕуай,уӕд банкъардзынӕ,уӕлдӕф куыд сыгъдӕг у, уый. Фӕлӕ хӕрз
ӕрӕджы дӕр ма махӕн нӕ бон нӕ уыд ахӕм сыгъдӕг уӕлдӕфӕй улӕфын. Изӕры, кӕнӕ райсомӕй
тынг раджы –иу нӕ горӕты сӕрмӕ тар мигъ ныббадт. Уӕлдӕф иу цыдӕр ӕнахуыр
туаг тӕф кодта. Уый-иу завод «Электроцинчы» газ уыд. Адӕмӕн зын улӕфӕн
уыд,уӕлдайдӕр та йӕ рӕуджытӕ рынчын кӕмӕн сты,уыдонӕн. Абон нал ис завод! Ӕмӕ
уӕлдӕфы мигъ ӕмӕ туагдзинад фӕцыдӕр сты!
О,ӕмбарын –ӕй: бирӕтӕ ӕгуыстӕй баззадысты. Бинонты дарджытӕ ныккатай кодтой, цӕмӕй
дардзысты сӕ бинонтӕ,зӕгъгӕ. Фӕлӕ,мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад ӕмӕ цард ӕппӕт
сахарӕн дӕр ахсджиаг у,уыцы гыццыл къордӕй!
Нал кусы завод, ссардтой ӕгуыстӕй цы адӕм баззад, уыдон ӕндӕр мадзӕлттӕ! Фӕлӕ
цы уыдаид, абон дӕр ма завод куы куыстаид,уӕд? Цал ӕмӕ ма цал адӕймаджы
фӕрынчын уыдаид уыцы цъаммар низӕй, «рак» кӕй хонынц,уымӕй? Ацы низ нӕ горӕты
кӕй сарӕх, уый заводы аххос дӕр кодтой.
Ацы
ныхӕстӕ –иу ӕз нӕ хистӕртӕй хъуыстон,ӕмӕ,ӕвӕццӕгӕн, раст уыдысты.! Дзӕгъӕлы нӕ
сидтысты адӕм, цӕмӕй завод «Электроцинк» ӕхгъӕд ӕрцӕуа!
Адӕмы
тых бирӕ у! Завод ӕхгӕд ӕрцыд!
Бон цӕуы ӕмӕ фарн йемӕ хӕссы! Цӕрынц адӕм…
Ӕмӕ абон
ӕз
сидын алы адӕймагмӕ дӕр!
Бахъахъхъӕнӕм нӕ ӕрдз!
Ма бауадзӕм
сафын нӕ
алӕмӕты бӕстӕ
–Ирыстоны рӕсугъддзинад!
Алчи дӕр
ахъуыды кӕнӕд,цы
ныууадздзӕн
райсом йӕ
кӕстӕртӕн,ууыл!
…Ӕхсӕрдзӕнты
зард, суадӕтты
ӕмӕ дӕтты хӕл-хӕл ӕмӕ
цъиуты цъӕхснаг
хъӕлӕс!
Уыдонмӕ
хъуамӕ
нӕ
байзӕттӕгтӕ дӕр
цингӕнгӕйӕ
хъусой!
Ӕрдзы
музыкӕйы
зӕлтӕ
хъуамӕ
хъуысой цӕрӕнбонмӕ!
.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.