Урочы темæ:Номдар
(предметы нæмттæ æвдисæг дзырдтæ).
Урочы
нысан:бацамонын номдары нысаниуæг ,зæрдыл æрлæууын кæнын
ныхасы хæйтты тыххæй цыбыр иумæйаг æмбарынад,
сывæллæттæн бацамонын ,номдартæй ирон æвзаджы
фарста ЧИ?-домы , адæймæгты нæмттæ чи нысан кæны,
ахæм дзырдтæ, скъоладзаутæн уарзын
кæнын сæ мадæлон æвзаг.
Кусæн æрмæг:проектор,компьютерон
презентаци урокмæ.
Урочы цыд:
1.Бацæттæгæнæн рæстæг .
Зивæггæнаг не стæм,
Ахуырмæ цæрдæг стæм.
Чиныг боныг ,тетрад-
Нæ
разы сты ,цæттæ сты!
Ахуыргæнæг:
-Уæдæ
райдайæм нæ урок.
- Абон урочы уæ
дзуаппытæн аргъ кæндзыстут ахуыргæнæджы
бæсты æмæ куыд
бакусат, уымæ гæсгæ уæхæдæг æвæрдзыстут бæрæггæ –
нæнтæ.
Фæнды мæ, цæмæй
хæларзæрдæ дарат кæрæдзимæ, æххуыс дæр иу
акæнат, чи
фæкъуылымпы уа, уыдонæн.
1.Сыгъдæг
фыссыны рæстæг æмæ дзырдуатон куыст:
Лæппу,сывæллæттæ,фыссын,хъулон,маймули,хъæддаг,бæрзонд.
2.Урочы темæ
раргом кæнын.
-Сываллæттæ,
ссарут ма ацы дзырдты æхсæн предмет чи нысан кæны, ахæм дзырдтæ.
(лæппу,
сывæллæттæ, маймули).
.Ног æрмæгмæ
бахизæн.
-Мах
2- æм къласы базыдтам , предмет æвдисæг дзырдтæ кæй домынц фарстатæ
ЧИ? Æмæ ЦЫ? Фæлæ ма ирон æвзаджы ахæм дзырдтæн ис иумæйаг ном---НОМДАР. Сываллæттæ
бакасут ма нывтæм фæйнæгмæ.Ахъуыды ма кæнут , æмæ ма нын нæ зæрдыл æрлæууын
кæнут,фарста ЧИ?цавæр преметтæм дæттæм?(адæймæгты нæмттæм)
-Фарста
ЦЫ?-та?( æнæуд предметтæм,сырдтæм,мæргътæм).
(Ахуыргæнæг
дих кæны сывæллæтты 2-уæ рæнхъыл. Фæйнæгыл 2-уæ дихæй фыссынц дзырдттæ.Иуырдыгай
ЧИ?-йыл ,иннæ рдыгæй –ЦЫ?Кæцы рæнхъ фылдæр базондзæн .)
3. Чиныгимæ куыст.
А)бакæсын раиртæст
чиныгы.
Б)фæлтæрæн равзарын
иумæйагæй æмæ йæ рафыссын тетрадмæ.
4.Физминуткæ.
Тæрхъус быдырмæ –сæпп,сæпп,сæпп.
Тæрхъус быдырмæ –гæпп,гæпп,гæпп.
Æз æй æрцахсин, æз йемæ хъазин.
Фæлæ мæ куы фæтæрса, мыййаг.
Тæрхъусы зæрдæ-тъæпп,тъæпп,тъæпп.
Тæрхъусы зæрдæ-хæпп,хæпп,хæпп.
Мæнмæ фæкасти,
мæнæй фæтарсти,
Уæртæ ма кæсут-гæпп,гæпп,гæпп!
5.Фæйнæгыл фыст.(иумæйагæй куыст)
(хъуыдыйадтæ раст
саразын)
ТАР,Цæры,тæрхъус,хъæды.( цавæр?-Тар кæм ?- хъæды
цы ми кæны?- цæры- зæгъинаг цы?-тæрхъус-«сæйрат»)
(равзарын
хъуыдыйад хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ)
Æз, бæстæ,мæ,уарзын,райгуырæн(.æз уарзын мæ райгуырæн бæстæ)
6. Хибарæй куыст.(карточкæты фыст дзырдттæ адих кæнын дыууæ къордыл—ЧИ? æмæЦЫ?-йыл)
7 Рефлекси.
- Цы баззыдтат
урочы?
- Цымыдисаг уæм цы фæкаст урочы?
-Урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр куыст
фæцыдис?
-
Зындæр та уæм кæцы куыст фæкаст?
8. Бæрæггæнæнтæ.
-Стыр бузныг,
урочы активон кæй уыдыстут, кæрæдзийæн кæй æххуыс кодтат.
- Уæ мадæлон æвзаг
бирæ кæй уарзут, уый бæрæг у. Дзурут иронау æмæ уæ ныййарджыты зæрдæтæ рухс кæнут!
9. Хæдзармæ куыст.
Сахуыр кæнын раиртæст,бакусын фæлтæрæныл.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.