Инфоурок Другое КонспектыОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА . "Уарз дæ Райгуырæн бæстæ"

ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА . "Уарз дæ Райгуырæн бæстæ"

Скачать материал

 

 

 Урочы темӕ: Уарз дӕ райгуырӕн бӕстӕ ( фӕлхат кӕныны урок).

Урочы нысан:1. Сывӕллӕттӕм уарзондзинад рӕзын кӕнын Ирыстонмӕ ӕмӕ ирон ӕвзагмӕ.

2.Ирыстоны тыххӕй зонындзинӕдтӕ парахатдӕр кӕнын.

3.Ахуырдзауты аив ныхасы рӕзтыл куыст.

Урочы метод: Эксперимент.

Урочы тип: Рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.

 Урочы фӕлгонц: интерактивон фӕйнӕг,презентации.

Уочы цыд.                               

Ахуыргӕнӕг: -  Сывӕллӕттӕ йӕ адӕмы ивгъуыд  цард  чи зоны, уый фӕсмойнаг никуы фӕуыдзӕн. Мах та, иумӕ райсгӕйӕ, хорз нӕ  зонӕм нӕ истории, нӕ  аргъ кӕнӕм нӕ ивгъуыд цардӕн. Ивгъуыд  дуг, абон  ӕмӕ фидӕн та кӕрӕдзийыл баст сты, кӕрӕдзийӕ цӕуынц.

  – Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма, алы  адӕймаг дӕр фылдӕр хъуамӕ кӕй уарза ӕмӕ цы уарза?

Ахуырдзаутӕ:  Дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

 Ахуыргӕнӕг: Раст загътат, сывӕллӕттӕ. Ирон ӕвзаг куы фесӕфа,уӕд ирон адӕм дӕр нал уыдзысты.  Райгуырӕн бӕстӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдон хъӕуы уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын зонын; Уарзын хъӕуы нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, нӕ  рагфыдӕлты цард; Уарзын хъӕуы нӕ Ирыстоны ӕмӕ нӕ мадӕлон ӕвзаг.

Байхъусут  ӕмдзӕвгӕ «Ирон ӕвзаг», ныффыста йӕ Гасанты Валерий.

Ахуырдзау: «Ирон ӕвзаг»

          Нӕй амӕлӕн ирон ӕвзагӕн, нӕй.

          Ирон адӕм уӕд амӕлдзысты йемӕ.

          Ирон ӕвзаг мӕ зӕрдӕ у мӕнӕн,

          Куы амӕла уый, уӕд амӕлдзынӕн йемӕ.

Ахуыргӕнӕг: – Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ абоны урочы темӕ у

«Уарз дӕ райгуырӕн бӕстӕ».

 

 

 

 

 

-Ирыстон сӕрыстыр у йӕ бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ урсдзыкку ӕхсӕрдзӕнтӕй, йӕ гауызфыст быдыртӕй, йӕ райдзаст горӕттӕй ӕмӕ хъӕутӕй.

Фӕлӕ уӕлдай сӕрыстыр та у йӕ фӕзминаг хъӕбултӕй. Райгуырӕн зӕххӕн кад ӕмӕ ном чи скодта. Бирӕ ахуыргонд лӕгтӕ радта Ир. Сӕ удуӕлдай куыстӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Ирыстонӕн дӕр скодтой стыр кад. Сӕ нӕмттӕ хъуыстгонд сты канд Иры нӕ, фӕлӕ Уӕрӕсейы ӕмӕ суанг фӕсарӕнты дӕр.

Ахуыргӕнӕг: Зӕгъут-ма, кӕй зонут уыцы зындгонд адӕмӕй?  Ахуырдзау:  Ӕз зонын Абайты Васойы. Уый уыдис стыр ахуыргонд, академик. Дунейы адӕмты базонгӕ кодта нӕ гыццыл Ирыстоны историимӕ, нӕ адӕмон сфӕлдыстадимӕ, нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагимӕ.Йӕ бирӕ чингуытӕ, уӕлдайдӕр та йӕ ирон ӕвзаджы «Историон-этимологон дзырдуат» - сты ӕвидигӕ хӕзна.

Ахуырдзау:  Ноджыдӕр ма, Хетӕгкаты Къоста. Уый уыд ирон литерӕтурӕ ӕмӕ литерӕтурон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг, фыццаг ирон нывгӕнӕг ӕмӕ поэт. Къоста бирӕ уарзта сабиты. Фыста сын ӕмдзӕвгӕтӕ, аргъӕуттӕ ӕмӕ зарджытӕ.

Ахуырдзау:  Ӕз та зонын, Колыты Аксойы. Уый уыдис ирон рухстауӕг,ахуыргонд. Уый стыр куыст бакодта Ирыстоны ахуырдзинады тыххӕй. Аксо йӕ хӕдзары, йӕхи хардзӕй байгом кодта ирон чызджытӕн фыццаг скъола.

Ахуырдзау: Ӕз та зонын Мамсыраты Темырболаты. Уый уыди фыццаг ирон профессионалон поэт. Уый царди Бетъырбухы. Ахуыр дӕр кодта Бетъырбухы. Службӕйы уыди бӕхджын ӕфсады. Бирӕ азты размӕ афтыди Туркмӕ. Уым мысыд йӕ фыдӕлты зӕхх, Ирыстоны хӕхтӕ,йӕ хӕстӕджыты. Нӕ рох кодта йӕ райгуырӕн бӕстӕ.

Ахуырдзау:  Ӕз зонын Плиты Иссӕйы. Уый уыд ирон адӕмы хуыздӕр фырттӕй иу. Нӕ бӕстӕйы Дыууӕ хатты хъӕбатыр, Монголы республикӕйы хъӕбатыр, ӕфсады инӕлар. Иссӕ уыди бӕхджын ӕфсады разамонӕг. Фыдыбӕстӕйы хӕсты хъӕбатырӕй тох кодта знӕгты ныхмӕ. Уый тыххӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди бирӕ ордентӕ ӕмӕ майдантӕ, хъӕбатыры  ном.Иссӕйӕн сарӕзтой цырт. Адӕм йыл йӕ  цӕргӕйӕ скодтой зарӕг.

 

 

 

 

 

 Ахуырдзау:  Уӕдӕ уын ӕз та радзурдзынӕн, Тӕбӕхсӕуты Балойы тыххӕй. Уый уыд, ӕгас дунейы йӕ ном кӕмӕн айхъуысти, ахӕм ирон актер. Бало уыди, Отеллойы роль зӕххыл хуыздӕр чи ахъазыд, уыцы ӕхсӕз актертӕй иу. Балойӕ хуыздӕр ничи сарӕзта сценӕйы ирон

адӕмы уарзон хъӕбул Чермены фӕлгонц.  Абон ирон театр хӕссы  Балойы рухс ном.

 Ахуырдзау:  Ӕз зонын Гергиты Валерийы. Уый у ӕппӕт дунейыл хъуыстгонд  дирижер. Кусы Бетъырбухы, нӕ бӕстӕйы тӕккӕ зындгонддӕр театры сӕргълӕууӕг ӕмӕ сӕйраг дирижерӕй.

Ахуырдзау:  Ӕз зонын Хъаныхъуаты Болайы. Уый гыццылӕй дӕр тыхджын уыди. Иухатт йӕ мад доны къӕртатӕ дуармӕ фӕуагъта. Цыппараздзыд Бола сӕ мидӕмӕ бахаста. Болайы иууылдӕр хуыдтой номдзыд богал. Йӕ рӕстӕджы дунейы тыхджындӕр хъӕбысӕйхӕцджытӕй кӕй нӕ абырста, ахӕм дзы бирӕ нӕ баззад. Уый стыр кад скодта ирон адӕмӕн ӕмӕ Ирыстонӕн.

Ахуырдзау:  Ӕз зонын Ӕлборты Барысбийы. Уый уыд  фыццаг ирон профессор. Сарӕзта фыццаг ирон ӕвзаджы грамматикӕйы чиныг. Уымӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕ ахуыр кодтой ирон ӕвзаджы грамматикӕ, зонгӕ кодтой ирон адӕмон сфӕлдыстады хӕзнатимӕ. Барысби бирӕ уарзта Нарты кадджытӕм хъусын. Уый зылди хъӕутыл ӕмӕ сӕ ӕмбырд кодта. Барысби стыр куыст бакодта Нарты кадджытӕ зонадон ӕгъдауӕй раиртасыныл. Йӕ бирӕ фӕллӕйтты тыххӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди профессоры ном.

Ахуыргӕнӕг:  - Тынг хорз дзуаппытӕ радтат. Ӕхсызгон мын у, афтӕ хорз кӕй бахъуыды кодтат Ирыстоны кадджындӕр хъӕбулты, уый.

- Кӕд сдзырдтам Нарты кадджыты тыххӕй,уӕд  дарддӕр нӕ ныхас  дӕр уыдзӕнис уыдоныл.

- Сывӕллӕттӕ, чи уыдысты Нартӕ?

Ахуырдзау:  Нартӕ уыдысты ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ.

Ахуыргӕнӕг:  Кӕй зонут Нартӕй?

Ахуырдзау : Уырызмӕг – Нартӕн сӕ хистӕр, куырыхон ӕмӕ хиуылхӕцгӕ.

Ахуырдзау: Хӕмыц – уыдис тыхджын ӕмӕ ныфсджын.

 

 

 

Ахуырдзау: Сослан – дуры хуызӕн фидар ӕмӕ хъӕддых.

Ахуырдзау: Батрадз – ӕндон ӕфсӕйнагау.

Ахуырдзау: Сырдон – сайӕгой ӕмӕ хинӕйдзаг.

Ахуырдзау:  Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕг – уыдысты фаззӕттӕ, хъахъхъӕдтой Нарты фӕткъуы.

Ахуырдзау: Ацӕмӕз – зарыд тынг рӕсугъд ӕмӕ цагъта уадындзӕй.

Ахуырдзау: Сатана  та уыди, Нарты сылгоймӕгтӕн сӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕр.

Ахуырдзау: Дзерассӕ – Донбеттыры чызг, уыди  тынг рӕсугъд.

Ахуыргӕнӕг: Кӕд афтӕ хорз хъуыды кӕнут Нарты хъайтарты, уӕд ма уын хӕдзармӕ куыст лӕвӕрд уыди бацӕттӕ кӕнын фӕрстытӕ Нарты кадджытӕм гӕсгӕ.

- Адих уӕм дыууӕ къордыл.

׀ къорд – Нарты гуыппырсартӕ

׀׀ къорд – Фӕзминаг фӕдонтӕ

 - Кӕрӕдзийӕн ратдзыстут фӕрстытӕ  ӕмӕ фылдӕр раст дзуаппытӕ чи радта, уыдон рамбулдзысты.

׀ къорд – Нарты гуыппырсартӕ

1.   Чи уыдис Нартӕн сӕ хистӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕр

( Нартӕн сӕ хистӕр ӕмӕ зонджындӕр уыди Уырызмӕг).

2.   Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕджы фыд чи уыди? ( Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕджы фыд  уыди Уӕрхӕг).

3.   Кӕй уадындзы цагъдмӕ-иу ӕрӕмбырд сты сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ? (Ацӕмӕзы уадындзы цагъдмӕ ӕмӕ зарынмӕ-иу ӕрӕмбырд сты мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕ).

 

׀׀ къорд – Фӕзминаг фӕдонтӕ

 

 

1.   Нарты сылгоймӕгтӕн сӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕр?

 ( Нарты сылгоймӕгтӕн сӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕр уыди Сатана)

   2.Чи уыди Нартӕм ӕппӕты хиндӕр ӕмӕ сайӕгойдӕр?

(Ӕппӕты хиндӕр ӕмӕ сайӕгойдӕр уыди Хӕмыц).

   3.Чи ᾿рхъуыды кодта Ӕлутон бӕгӕны?

(Ӕлутон бӕгӕны ӕрхъуыды кодта Сатана).

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз сывӕллӕттӕ.  Нарты тыххӕй нӕй  ӕнӕ зӕгъгӕ, Нартӕй нӕм цы ӕмбисонд ӕрцыд, уый тыххӕй. Уыдон арӕх дзырдтой: «Фыдвӕдӕй – ӕвӕд хуыздӕр».

-Куыд ӕмбарут ӕмбисонд.

Ахуырдзаутӕ: - Ӕвзӕр кӕстӕрты бӕсты, фӕлтау ӕнӕ кӕстӕр у.

-Ӕвзӕр фӕд ныууадзыны бӕсты, фӕлтау ӕппындӕр мацы фӕд ныууадз.

Ахуыргӕнӕг:  Раст загътат. Ӕмӕ-ма Ирыстоны тыххӕй исты ӕмбисӕндтӕ хъуыды кӕнут.

 Ахуырдзаутӕ: - Йӕ райгуырӕн бӕстӕ чи нӕ уарзы, уый ӕндӕр бӕстӕ дӕр нӕ бауарздзӕн.

-Мадӕлон ӕвзаг, ныййарӕгау адджын у.

-Райгуырӕн бӕстӕ зынаргъ у.

Ахуыргӕнӕг: Тынг раст, сывӕллӕттӕ. Хорз бакуыстат абон. Уарзын хъӕуы Райгуырӕн бӕстӕ, мадӕлон ӕвзаг. Дзурут нӕ мадӕлон ӕвзагыл, цӕмӕй ма фесӕфа.

Ӕмӕ ма кӕронбӕттӕны зарӕг «Ирон ӕвзаг» (зарынц сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг).

- Сывӕллӕттӕ, ууыл нӕ цымыдисаг урок фӕцис.

 Хӕрзбон!

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА . "Уарз дæ Райгуырæн бæстæ""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Агроном

Получите профессию

Бухгалтер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 090 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 11.01.2016 511
    • DOCX 45.3 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Саутиева Альма Хасановна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Саутиева Альма Хасановна
    Саутиева Альма Хасановна
    • На сайте: 8 лет и 9 месяцев
    • Подписчики: 1
    • Всего просмотров: 8123
    • Всего материалов: 8

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Бухгалтер

Бухгалтер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 24 человека из 17 регионов

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 154 человека

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Мини-курс

Культурное наследие России: язык и фольклор

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 17 человек

Мини-курс

Современные тенденции в архитектуре

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Мозг и психотерапия: влияние, методы и направления

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 64 человека из 29 регионов
  • Этот курс уже прошли 27 человек