Министерство
образования и науки РСО -Алания
МОУ
СОШ № 2 г. Дигоры
Расмотрено
ШМО: Согласовано: Утверждено:
Руководитель
Зам. директора по УВР Директор
Хутиева
Ф.С. Туаева Р.Г Кайтукова
Б.В
«
» _______ 2017 « » _______ 2017 « »
_______ 2017
Рабочая ПРОГРАММА
И КАЛЕНДАРНО - ТЕМАТИЧЕСКОЕ
ПЛАНИРОВАНИЕ УРОКОВ
ПО ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ
2017-2018 Г.Г.
Класс: 2
Количество часов в неделю: 2
Количество часов на год: 64
Программа разработана на основе программы
Гуриева М.А., Бдайциева З.С.
«Ирон æвзаджы чиныг 2-аг къласæн», Дзæуджыхъæу: Ир, 2007.
Составила: Сабанова Инга Руслановна,
учитель начальных классов, 1 квал. категория.
Æмбарынгæнæн
фыстæг
Программæ арæзт у Республикæ Цæгат
Ирыстон – Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ
литературæйы программæйы бындурыл.
Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон
æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы
титулон наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклты иу хай
æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн,
уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ
æгъдæуттыл.
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг
арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау
дзурын сахуыр уой.
Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын,
фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;
-сывæллæттæ зоной: æхсæнады адæмты хсæн ног
ахастытæ кæй ис, иннæ адæмы хаттыты сывæллæттæ дæр ирон æвзаг кæй ахуыр кæнынц,
æмæ сæ уый кæрæдзийыл фидардæр кæй бæтты; сæ алыварс цæрæг адæмтимæ хæларæй
цæрын кæй хъæуы, уый;
- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр
кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ
тырнын;
- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны
алыварсыгæй хъомыл кæнын;
- райдайæн скъолайы сывæллæтты лингвистикон
зонындзинæдтæ рæзын кæнын хуымæтæг хуызы, цæмæй кæсын фыссын базоной;
- адæймаджы хуыздæр миниуджытыл хъомыл
кæнын;
- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр
рæзын кæнын;
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад
рæзын кæнын;
- чингуытæм, иннæ ахуырадон предметтæм сæм
аудыны цæстæнгас рæзын кæнын.
Скъолайы иннæ ахуырадон предметы
хсæн ирон æвзаджы нысан у ирон æвзагæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æмæ
сывæллæтты æхсæны культурæ бæрзондæр кæнын:
1-аг нысан – зонындзинæдтæ фылдæр
кæнын. Ам скъоладзаутæн æмбарын кæнын хъæуы æппæтдунеон наукæйы иу къабаз кæй
у, йæ сæйрагдæр хæйтты йын зонын кæй хъæуы; уыцы зонындзинæдты бындурыл та аразын
логикон хъуыдыкæнынад.
2 -аг нысан – æхсæны культурæ
бæрзонддæр кæнынмæ хауы скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинад, ома дзургæ
æмæ фысгæ ныхасы рæзт, монологон æмæ диалогон ныхас, раст æмæ æнæрæдыдæй
фыссын. Уыдон иумæ сты адæймаджы иумæйаг культурæйы бæрæггæнæнтæ.
Дыккаг къласы ирон æвзаджы
программæ арæзт у ахæм хæйттæй: «Мыртæ æмæ дамгъæтæ; Уæнг; Дзырд; Ныхасы
хæйттæ; Хъуыдыйад; Ныхасы рæзтыл куыст; Сыгъдæгфыссынад».
Дыккаг къласы кæронмæ скъоладзау хъуамæ зона
æмæ арæхса:
- æмкъай зылангон æмæ æзылнгон æмхъæлæсонтæ;
- ныхасы хæйттæ: номдар, мивдисæг; миногон;
- уæнг, дзырд, хъуыдыйад, -сæ хицæндзинæдтæ;
- дзырдтæ мырон-дамгъон æвзæрст кæнынмæ;
- предметты нæмттæ æмæ сæ æууæлæвдисæг
дзырдтæй дзырдбæстытæ аразынмæ;
- иумæйаг пъланмæ гæсгæ цыбыр сочиненитæ æмæ
изложенитæ фыссынмæ (40-50 дзырды онг).
Сахæт-
тæ
|
Уроччы №
|
Уроччы темæ.
|
Чиныджы фарс
|
2
|
1
|
Дзырд. Хъуыдыйад.
|
4 ф
|
4
|
2
|
Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Хъæлæсонтæ æмæ
æмхъæлæсонтæ.
|
9 ф
|
2
|
3
|
Уæнг. Дзырд.
|
19 ф
|
2
|
4
|
Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын.
|
22 ф
|
2
|
5
|
ᴁмхъæлæсонтæ й æмæ у кæм уа, ахæм дзырдтæ иу рæнхъæй
иннæмæ хæссын.
|
24 ф
|
3
|
6
|
Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты дамгъæтæ
э, ю, я, е, ё, ж, ш, щ, ъ æмæ ь нысантæ раст кæсын æмæ фыссын.
|
29 ф
|
3
|
7
|
Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ,
чъ раст кæсын æмæ фыссын.
|
36 ф
|
4
|
8
|
Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты астæу æмæ сæ
растфыссынад, дзырдтæ иннæ рæнхъмæ хæсгæйæ.
|
49 ф
|
1
|
9
|
Цавд. Дзырдты мидæг цавдон æмæ æнæцавдон
уæнгтæ.
|
57 ф
|
2
|
10
|
Дамгъуат. Абетæ.
|
61 ф
|
2
|
11
|
Дзырд. Стыр дамгъæ нæмтты, фыды нæмтты æмæ
мыггæгты.
|
64 ф
|
1
|
12
|
Стыр дамгъæ фосы нæмтты.
|
68 ф
|
1
|
13
|
Дзырд. Стыр дамгъæ бæстæты, горæтты,
хъæуты, кæмтты, дæтты æмæ уынгты сæрмагонд нæмтты.
|
72 ф
|
3
|
14
|
Фæрстытæ чи? цы? –йæн дзуапп цы
дзырдтæ дæттынц, уыдон къордтæ кæнын.
|
76 ф
|
4
|
15
|
Фæрстытæ цыхуызæн ? цавæр?-æн дзуапп
цы дзырдтæ дæттынц, уыдон къордтæ кæнын.
|
87 ф
|
3
|
16
|
Фæрстытæ цы ми кæны, цы кæны? –йæн
дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон æвзарын.
|
98 ф
|
3
|
17
|
Предметт, предметты миниуæг æмæ архайд
æвдисæг дзырдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнын.
|
108 ф
|
3
|
18
|
Сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг чи
лæууы кæнæ ныхæй-ныхмæ чи у, ахæм дзырдтæ.
|
114 ф
|
4
|
19
|
Хъуыдыйад. Ныхас хъуыдыйæдтыл дих кæнын.
Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ.
|
120 ф
|
3
|
20
|
Фæрстыты руаджы хъуыдыйады мидæг дзырдты
æхсæн бастдзинад бæрæг кæнын.
|
132 ф
|
2
|
21
|
Стъæлф, фарсты æмæ хъæры нысантæ хъуыдыйады
кæрон.
|
138 ф
|
Къалендарон-
тематикон пълан
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.