Инфоурок Другое Другие методич. материалыСценарии по на тему" Коста ама ирон авзаг". Внеклассное мероприятие.

Сценарии по на тему" Коста ама ирон авзаг". Внеклассное мероприятие.

Скачать материал

    ГБОУ  «ӔРЫДОНЫ АГРАРОН –ТЕХНОЛОГОН  ТЕХНИКУМ» 

 

 

                       

                           СЦЕНАРИ

 

 

                            153  азы Къостайыл

 

              «КЪОСТА  ӔМӔ  ИРОН  ӔВЗАГ».

 

             

               Сценӕйыл  Къостайы  къам  йӕ  быны  фыст 

 

http://cs619731.vk.me/v619731473/1ee92/qLJzTRQTXrE.jpg

 

 

 

 

                  -153-

 

 

 

 

       ИРОН ÆВЗАДЖЫ КЪУЫРИЙЫ ПЪЛАН:

 

10.10 –  ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет æмæ къæлидор саив кæнын,  Къостайы  бæрæгбонмæ;

 

11.10 –  къласон  сахат: «Къоста – гений»;

 

12.10 –  рефератты  равдыст;

 

13.10 –  Къостайы æмдзæвгæты  конкурс;

 

14.10 –  Ирон æвзаг æмæ литературæйы изæр:  «КЪОСТА  ӔМӔ  ИРОН  ӔВЗАГ».

 

 

 

                        Жюрийы  архайджытӕ:

 

1.     Габеты  М.Д. – ирон  ӕвзаджы  ахуыргӕнӕг;

2.     Гӕцойты  Э.С. – техникумы  хъомыладон   хайады  сӕргълӕууӕг;

3.     Гаситы  И.Ц.   -  музей   «Подвиг» ы  сӕргълӕууӕг;

4.     Адырхаты  Р. В.  –техникумы  библиотекӕйы  сӕргълӕууӕг.

 

 

 

 

Рацыд ахуырдзау   Дигойты  Хъазбег   18  къорды  ахуырдзау йæ  къухы  бæгæныйы  кӕхц æмæ хъæрæй  кувы:

 

 

                «О, Стыр Хуыцау!»
                                         Цомайты Ростислав

 

 

           О, Стыр Хуыцау !!!
Фыдрæстæгæй нæ бахиз.
Нæ чысыл Ирыл ма рауадз фыдæх
Куыд уой йæ фырттæ алы ран уæлахиз,
Куыд  уа  æнустæм   амондджын йæ зæхх.

 

          Мæ Ирыстонæн ма фесæфæд йе 'взаг
Мæ Ирыстоныл ма æрцæуæд зæй.
Æдзæттæйæ  нæ  ма  баййафæд  не 'знаг
Нæ  кæрæдзийы  мауал  кæнæм  уæй.
                                                                  (ацыд)

 

Йæ   фæстæ  рацыд  иннæ  ахуырдзау  Адырхаты  Николай

  4 къорды  ахуырдзау:

 

                   « Нæхи ирæттæ»


Зон  æй  мæ  Ирыстон
Æнæ  дæу  сидзæр  дæн,
Хур мæ  нæ  тавы  дзæбæх.
Цинимæ  зæрдæйы
Урс  цæссыг  фезмæлы
Афтæ  зынаргъ  у дæ  зæхх
О, фæлæ, иу  сагъæс  зилы  мæ  хъуыдыты
Хорз  амонд  кургæйæ  нæу,
Мах  фæстæ а зæххыл
Чи  цæудзæн, чи цæрдзæн
Уый   та  куыд  уарздзæни  дæу?

 

I  - кæсæг:  Бибилашвили  Мария,  15- къорд.

II – кæсæг: Музайты  Жаннæ, 12 – къорд.

 

I  - кæсæг: Уæ бонтæ хорз  зынаргъ  æмбæлттæ,  æмæ  йæхи  æцæг  ироныл  чи  нымайы,  уыцы  зынаргъ  адæмтæ!

II – кæсæг:  Мах  абон  иумæ  æрбамбырд  стæм, цæмæй  кæрæдзи  цы æвзаджы  руаджы  æмбарæм  æмæ  зонæм,  ууыл  æрдзурæм. Махæй  алчидæр  хъуамæ уа  сæрбæрзонд  Къостайау  мах  дӕр  ахæм  рæсугъд  ирон  æвзагыл  кæй  дзурæм.

 

I  - кæсæг: - Бузныг  нæ  фыдæлтæн, ахæм  рæсугъд  æвзаг  нын  чи     ныууагъта. Бузныг  нæ  мадæлтæн,  абоны  онг  нын  ацы  рæсугъд  æвзаг  чи  рахæццæ  кодта.

II – кæсæг:  -  Бузныг  Къостайæн  не 'взагæн  нын  бындур  чи  æрæвæрдта.

 

I  - кæсæг:   -  Абон  мах  иумӕ  бабастам  Къоста  ӕмӕ ирон  æвзаджы.

II – кæсæг:  Кæй  зæгъын  æй  хъæуы?  Къоста æнæ  ирон  æвзаг  нæ фидауид, ирон  æвзаг  та  æнæ  Къоста. Уæдæ  нæ  изæр  дæр  рахуыдтам  афтæ: «Къоста  æмæ  ирон  æвзаг». 

 

I  - кæсæг:   Табуæфси,  бакæсæм  кафт «Хонгæ»-мæ.   Æххæст  ай  кæнынц  нæ техникумы  ансамбль  «Казбек»,  Хетæгкаты  Къостайы  райгуырды  цытæн.

 

Кафт:  «ХОНГÆ»

 

I  - кæсæг:  - Ахæм  æмбисонд  искуы  фехъуыстат:  «Ахуыр -  рухс, æнæахуыр -  талынг». 

II – кæсæг:    - Фехъуыстам  æмæ  цы?  Уый  афтæ  кæй у, уый  алчидæр  зоны.

 

I  - кæсæг:   - Къоста  йæ  ахуыры  тыххæй  йæхицæн  бинонтæ  дæр  куыннæ  æркодта  афтæ  дзурынц.

 II – кæсæг:  -  Раст  зæгъыс.  Афтæ  д  иу  дзырдта: «Сылгоймагмæ  иууыл  уæзданæй  дзурын  хъæуы,  æмæ  мын  мыййаг  æнæ  рæвдыдæй  куы  зайа, æз  иууыл  фыссыны  куыст  кæнын,  æмæ  мæ  къухы  йæхи  æнамонд  куы  хона. Фæлтау  ус  нæ  ракурдзынæн, цæйнæфæлтау  мæ  уарзон  сылгоймаг  йæхи  æнамондыл  нымайа    мӕнимӕ  цӕргӕйӕ.

 

I  - кæсæг:  - Уæдæ ма  бакæсæм  ахуыр кæнын  тынг  кæй  фæндыд,  уыцы «Гацыры  фæлварæн» - мæ.

        Бацæттæ  йæ  кодтой  14 æмæ  12  къорды  ахуырдзаутæ.

II – кæсæг:   - Табуæфси!  Мæн  дæр  фæнды  бакæсын.

 

                              «ГАЦЫРЫ  ФÆЛВАРÆНТÆ»

 

Архайджытæ:  Гацыр, Хъызыл, Профессор.


Спайда   кодтам:  Гацырæн йæ  къухты чингуытæ, йæ сæрыл кепкæ.
Хъызылæн йæ сæрыл ирон нымæтын худ, йæ къухы та халамæрзæн. 
Гацырæн йæ разы  стъол, кæсæнцæстытæ æмæ фыссæн дзаумæттæ йæ разы.

 

Гацыр:  (рауайы  тагъд,  тагъд  æмæ  хæрхæмбæлд  фæци  йæ  сыхаг  Хъызылыл.)  Дæ  бон  хорз   Хъызыл!

Хъызыл:  -  Æгас  цу, æгас. Кæдæм  тагъд  кæныс   Гацыр?

 

Гацыр:   -  Институтмæ, мæ  хæлар, институтмæ.  Абон  ма  фæстаг  фæлварæн,  æмæ  студентæй  агæпп  кæндзынæн.

Хъызыл: - Раздæр  уал  агæпп кæн, стæй  та  «Гопп»,  зæгъ.  Цалдæр азы    фæлварыс,  фæлæ  та  сæргуыбырæй  æрæздæхыс. 

 

Гацыр:  -  Æнæ   тухийæ  ницы ис,  фæлæ  ма   ацы  хатт  фæкæс,  æндæра  институты  тæккæ  астæу  не  смидæг  уаин.

Хъызыл:  - Дæуæй  студент  нæ  рауайдзæн,  фæлтау  мемæ  цом æмæ колхозы  иумæ  кусæм.

 

Гацыр:   - Колхозы!  Дæ  цæст  мын  æндæр  ницы  уарзы?

Хъызыл:  -  Уæдæ  фæндараст. Мæн  кустмæ  хъæуы. (ацыдис)

 

(Профессор  бады  столы  фарсмæ  æмæ  цыдæртæ  фыссы.)

Гацыр:  - (бахоста  дуар)  - Дæ бон  хорз  цытджын  профессор!


Профессор:  - Æгас  нæм  цу!  Дæ  ном,  дæ  мыггаг?
Гацыр:  -  Ау!  Хынджылæг  кæныс?  Нал мæ  зоныс?


Профессор:  - Æнхъæлдæн,  кæмдæр  ма  дæ  федтон  иу  хатт.
Гацыр:  - Æз  Хабедзаты  Гацыр  дæн  æмæ  мæ  иу  хатт  нæ  федтай ,  фæлæ  дыууæ  хатты.

 

Профессор: - Æмæ   нæм  афтæ  арæх  цæмæн  цæуыс?

Гацыр:  - Цæмæн  куы  зæгъай,  уæд  дæ  аххосæй,  ды мæ  нæ  бауадзыс  ахуырмæ.  Къостайы  биографии нæ  зыдтон æмæ  мын-иу  дыууæ  сæвæрдтай.  Фæлæ  ныр,  табу  Хуыцауæн  къæр-къæргæнгæ  йæ  радзурдзынæн.


Профессор:  - Уæдæ  ныр  цæттæ  дæ  зæгъыс?

Гацыр:  - О,о,  тынг  цæттæ  дæн. (дзурын  райдыдта)  Хетæгты  Къоста  уыд     стыр  лæг, уый 

            райгуырд  мин  аст  фараст  фондзæм  азы.

 

Профессор:  - Хетæгты  нæ  фæлæ Хетæгкаты.

Гацыр:    - Ма  мæ  хъыгдар  цытджын  профессор!  (дзуры  дарддæр)  Къоста  райгуырд  йæ  мад æмæ  йæ  фыдæн  кæфты  мæйы, æхсæвы  талынджы,  кæвдæсы  мидæг.  Ныффыста  бирæ  диссаджы  хабæрттæ,  хъаймæты  æмбиссæнттæ. 

 

Профессор:  - Æгъгъæд  дзур!  Æз  дæ   Къостайæ  куынæ  фæрсын. Мæнæ  ма  билет  сис  æмæ  уымæ  гæсгæ  дзуапп  кæн.

Гацыр:  - Уый  та  куыд?   Нал  мæ  ныууадздзынæ?  Дыууæ  азы  мæ  Къостайæ   фæрсыс,  ныр  та  дам  билет  сис.  Цы  дын  кодтон ?  Ценнæ  мæ  уарзыс?  Уæлæмæ  скæсын  мæ  нæ  уадзыс,  цы  мæм  нынных  дæ! 

 

Профессор:  - Лæппу  æгæр  бирæ  дзурыс,  зонгæ  та  гыццыл.

Гацыр:    Уымæй  раст  зæгъыс.  Бирæ  куы  зонин, уæд  ма  ардæм  цæуин  ахуырмæ.


Профессор:  - Уæдæ ма  мын  радзур  Гæдиаты  Секъа  куыд  амард, уый?

Гацыр:   - Цытджын  профессор!  Сомы  дын  кæнын  мæ  мадæй, ницы  зонын  Секъайы     мæлæтæн.  Æви  мæн  гуырысхо  кæныс?


Профессор:  (худы) - Уæдæ йæ  нæ  зоныс, нæ?

Гацыр:  -Нæ, нæ!  Ницы  зонын. Ай мыл  цы æнамонды  хабар  æркодта. Лæгмары  ном  мыл        ма  сæвæр. Цæуылнæ  дæ  уырны,  æз ницы  зонын, уый.

 

Профессор:  Тынг  мæ уырны, тынг  æнæ  сомыйæ  дæр.

Гацыр:   - Уæ,  дæ  цæрæнбон  бирæ уа,  æгайтма  дæ  бауырныдта.

 

Профессор:  -  Ацу  уæдæ  «дыууæ».  Иннæ  аз та  æрбацæудзынæ.

Гацыр:   -  Ма  бакæн!  Ма  бакæн!  (йæ  къухмæ  йын  февналы). Ныр  иу  сахат  демæ  куы  дзурын,  уæд  мæм  иу  «æртæ»  дæр   не'мбæлы? 

 

Профессор:  - Дзургæ  бирæ,  фæлæ,  дзæгъæлы.

Гацыр:  Æмæ мын  ды  дæр  иу  æртæ  дзæгъæлы  ныввæр.  Кæд  мыййаг  дæ  удæй  нæ  фæхъæудзæн.

 

 Профессор:  (сыстад)- Мæ  удæй  нæ  фæхъæудзæн,  фæлæ  мæ  дзыппæй

Гацыр: ( хъуыр-хъуыргæнгæ  рацыд)  -   Мæнæ  та  Хъызылы  фæндиаг  куыд  фæдæн!

 

 

                                                                                   Кæрон.

 

 

 

I  - кæсæг:  -  Хетæгкаты  Леуаны  фырт  Къостайы  стырдæр  бæллиц , уыд ирон  адæм, нæ  фæсивæд, цæмæй  талынг  цардæй  рахизой  рухсмæ.

 II – кæсæг:    12- æм  къорды ахуырдзау  Джанайты  Каринæ  бацæттæ  кодта  Къостайы  æмдзæвгæ «Нæ  Иры  фæсивæд».  Ацы  æмдзæвгæйæ  райста  дыккаг бынат  аив  кæсыны  конкурсы  мидæг. Табуæфси,  Каринæ!

 

I  - кæсæг:   Хетæгкаты  Къоста  æмæ  ирон  фысджытæй  бирæтæ  тыхстысты  мæгуыр  адæмы  тыхцардыл,  фыстой  хъæздгуыты  хъал  митыл,  мæгуыр  адæмы  куыд нæ   уарзтой,  сæ  туг  сын  куыд  нуæзтой,  ууыл.

 II – кæсæг:  Уæдæ  мах  дæр  бакæсæм  мæгуыр   æмæ  хъæздыг    адæймаджы  ныхæстæм ,  æххæст  æй   кæнынц   11-12   къорды  ахуырдзаутæ.

 

«ÆЛГЪИН  ФЫСЫМ  ÆМÆ    МÆГУЫРГУР»

 

 

Спайда  кодтам:  Фысымæн  йæ  уæлæ  æлдары  худ.  Мæгуыргур та  зæронд  дзаумæтты,  йæ  ккой  та  голладжы мидæг  зæронд  дзаумæттæ.

Ус: (лæг)   (хæдзары  дуармæ  æрлæууыд).
- Ацы  хæдзар   хъæздыг  зыны  æмæ  сæм  куы бахоин. Куыд  ницы мын  авæрдзысты,  æххормагæй  фæмæлын.  (хойы)

Фысым: - Цы та  дæ  хъæуы,  ацы  мæгуыргур.  Цы уынгты  зилыс? Ацы  мæгуыр  адæмæй  мæ  удхæссæг  уынын.

 

Мæгуыргур: - О,  стыр  Хуыцауæй  фæдзæхст  уæд  дæ  хæдзар, фæлæ   сыдæй  мæлын,  æмæ  ма  мын  иу  къæбæр  авæр.

Фысым: - Хуыцау  æвдисæн,  иу  къæбæры  мур  дæр  нæм  нæй.  (адæмы  'рдæм). Къæбæр  нæм  нæй,  иууылдæр  нын  гас  дзултæ  сты. 

 

Мæгуыргур:   ( йæ  губыныл  йæ  къух  æвæры). Тынг  æххормаг  дæн  æмæ мын  уæд  та  иу  дзидзайы  мур  авæр.  Дзидза  фыцут  æвæццæгæн  йæ  тæф  кæлы. Кæннод  ам  мæ  къæхтæ  адаргъ  кæндзынæн.

Фысым:   - Искуы  ам  уыныс  фыст : «дзидзайы  дукани»,  кæнæ  «мясо». Цæй  дзидза  мæ  агурыс?

 

Мæгуыргур:  - Мæнæ цы  чъынды  дæ!  Уæд та  мын  иу  гыццыл  ссад  авæр.  Мæ  хæдзар  цъыбыртты  сыгъд  баци  æмæ  мæ  дзыхы  цы акæнон, уый  дæр  мын  нæй.

Фысым:   - Æмæ  дæ  хæдзары  сыгъд  мæ  аххос  кæныс?  Стæй  дæм  мæ  хæдзар  куыройы  хуызæн  кæсы?  Цæй  ссад  мæм  ис?!

Мæгуыргур:  - (афтæ нæ  ацæудзынæн)   Уæд та  мын  иу  къус  дон  авæр.

Фысым :  -  Мæнæ  хъаймæт!  Мæ  кæрты  мидæг  искуы  цæугæ  дон  уыныс, суадон  дæр  дзы      нæй.  Ацу  ныр  ардыгæй! 

 

Мæгуыргур:   - Дæуæй зымæг  мит  дæр  нæ  рантысдзæн.  Фæлæ  Хуыцау  ахæм  арфæ  ракæнæд,  æмæ  æцæг  мæгуыры  бонмæ  куыд  æрцæуай.  Мæ хæдзарау  дæ  хæдзар  дæр  цъыбыртты  сыгъд  куыд  бауа.  Уый  дын  мæ арфæ!  (фæцæуы) 

Фысым:   - О,о!  Хуыцау !  Ма йæм байхъус!  Куыдзы  рæйын  дæм  ма  фехъуысæндт!              ( атæрдзæн  æй  лæдзæгимæ  йæ  разæй).

                                              

    Кæрон.

 

 

I  - кæсæг:   - Къоста  æрмæст   адæмы  цардыл  нæ  фыста,  уый  сывæллæттæ  тынг  уарзта  æмæ  сын  æмдзæвгæтæ  дæр  фыста.

 II – кæсæг:       - Алы  ирон  сылгоймаг  дæр  иу  авдæнмæ  йæ  сывæллонæн  азарыд                    «А-ЛО-Л-АЙ».  Бацæттæ  нын æй  кодта  26 къорды  ахуырдзау  Пагæты  Мæдинæ.               Табуæфси,  байхъусут! 

 

                      «А-ЛО-Л-АЙ»


   Спайда  кодтам:  ирон  нациналон  костюмæй,  авдæн  æмæ куклæйæ.

 

 I  - кæсæг:  - Ирон  адæммæ  зæронд  адæймаг  тынг  нымады  уыдис  раджы  заманы. 

II – кæсæг: - Æмæ  афтæ  зæгъынмæ  хъавыс  ныр  æй  нал  нымайынц?

 

  I  - кæсæг:   -  Алчи  нæ  фæлæ, мæм  афтæ  кæсы  цымæ  йе  'взаг  чи  нæ  зоны,  уый  ма  æгъдау  та  кæцæй  зондзæн,  хистæрæн  куыд  кад  хъæуы, уый. 

II – кæсæг:  Æз  дæр  демæ  разы  дæн.  Æмæ  уын  мæнæ  æвдисæн, бацæттæ  йæ  кодтой    12 –къорды  ахуырдзæуттæ: Джанайты  Кристинӕ,  Джанайты  Каринӕ  ӕмӕ  Моурауты   Артур.

 

                              Сценкæ  «Афтек  агурын»

 

 

Спайда  кодтам: Зæронд  усæн  -  зæронд  усы  дзаумæттæ, сумкæ, кæсæнцæстытæ.
Лæппуйæн -  телефон, наушниктæ.

 

 

 

Зæронд  ус: -  (Рацæуы   йæ  къухы  гæххæтты  гæбаз, кæсы  йæм  æмæ  цыдæр  агуры). 

            Мæ  хæдзарыл!  Кæм  æй  агурон!  Стæй  цы  æлхæнын, уый дæр куы  нæ  зонын.  Уæдæ  æнæахуырæй  æвзæрдæр  исты  ис?  Цы  зæгъон  мæ  рæстæгæн  скъолайы  дуарæй  никуы  бакастæн,  стæй  уæд  мæ  кæстæр  хомæ  та  чи  кастаид.  Мæ  мад  куынæ  бакуыстаид, уæд  та æххормагæй  мардаиккам.  О, о!  Уæртæ  уыцы  лæппуйы  куы  афæрсин. Хорз лæппу! Дæ  бон  хорз!

Лæппу:  (нæ хъусы,  йæ  хъусты  наушниктæ, йæ къухы  та  телефон,  афтæмæй  йæхинымæр  кафы  йе  уæхсджытæй).

 

Зæронд  ус:  Дæумæ  дзурын  лæппу! ( æвналы  йæм) - Нæ  мæ  хъусыс?  Æви  ирон  нæ  дæ?

Лæппу: (исы  йæ  наушниктæ) - Что  бабуля!  Я  ирон  на  жонис.
                      (фæстæмæ сæ  бакодта   йæ  наушниктæ.)

 

Зæронд  ус:   ( гæххæт  æм  дары).  Мæ  фырты  фырт  рынчын  у,  æмæ  хостæм  рацыдтæн  горæтмæ.  Æркæс  ма  ацы  гæххæтмæ  æмæ  мын  афтек  дæр  ацамон.

Лæппу:       Бабуля!  Я  же сказал:  Нæ  жони  ирон.

 

Зæронд  ус:  Афтек  мын  уæддæр  ацамон. 

Лæппу:        Афтек - мафтек,  я не  понимаю. ( иннæрдæм  азылд  æмæ  та  йæхицæн  кафы)

 

Зæронд  ус:  Ай  цавæр  лæппу  дæ?  Зæронд  адæймаг  дæ  сæрмæ нæ  хæссыс  æви?

                        ( Сæ ныхасмæ  лæппуйы  мад  рауад)

 

Мад: -    Цы  дæ  хъæуы  мæнæ  ус? Кæй  агурыс?

Зæронд  ус:   О,о!  Кæдæй,  уæдæй  ма,  ирон  горæты,  ирон  ныхас  фехъуыстон.  Мæнæ  ацы  лæппу  дæ  лæппу у?

 

Мад:  -   Мæн у, мæн, а что из  этого? 

Зæронд   ус:  Иу  ныхасæн  мын  дзуапп нæ  ратта,  æвæццæгæн  иронау  æцæг  не 'мбары,  æви  мæ  хынджылæг  кæны?

 

Мад:  - Махæн  Вовочк  по  осетинский  не  понимать  кæны. Притом  хæдзары  все  дзурæм  по  русский.

Зæронд  ус:  Ау!  Æмæ  уæм  æппындæр  худинаг  нæ  кæсы?  Ахæм  хæрзконд  ирон  лæппу, æмæ йæ  сæрмæ  иронау  дзурын  нæ  хæссы.

 

Мад:   -   Æмæ  ирон  та  кæм  хъæуы?  Где  это надо?  Мæнæн  Вовчик  Мæскуыйы  ахуыр  кæндзæн.

Зæронд  ус: -  Мæскуы  бæргæ  хорз у,  фæлæ  йæхи  æвзаг  та?  Йæ  мадæлон  æвзаг  ма  хъуамæ  зона?

 

Мад:  -  Оф!  Цы  кадджын  дæм  кæсы  ирон  æвзаг. Цы  нын  ныууагътой  хорзæй,  нæ  предкæтæ?

Зæронд  ус: (зæхх æрхоста  лæдзæгæй)  - Цы, æмæ  кадджын  æгъдæуттæ,  æмæ  рæсугъд  æвзаг!  Кæцыйы  хъахъхъæнын  нæ  зонынц,  мæнæ  дæу  хуызæттæ!  Дæ  фыртæн  дæр  ды  сæнад  кодтай  йæ  мадæлон  æвзаг!  Æмæ  чи у дæ  фырт, уый  бæрæг  дзы  нал  ис.

 

Мад:           Ацы  хорз   ус, цы дæ  хъæуы  махæй?  Нал  нæ  ныууадздзынæ  абон. Надоела  уже!  Цы  æххуыс  дæ  хъæуы? Кæннод  мне  уже  домой  пора.

Зæронд  ус:  Ницы  мæ  хъæуы  дæуæй.  Ирон  адæмы  низтæ  бахæр!

 

Мад:         - Ни  поняла!  Пошли  Вовчик!  Ацы  деревенщина  нæ  цалынмæ  нæ  фæнадта  уæдмæ.   

                                                                              (ацыдысты)    
       

                                                                                                   
 Зæронд  ус:   «Ирон  æвзаг»

 

           «Ирон  æвзаг – Хуыцауы  лæвар
Диссаджы  аив  дзырдты  хуртуан
Кæд  ма дзы исты  баззад   алутонæй  махæн,
Уæд  иунæг  ды - нæ мадæлон æвзаг!» ( ацыдис).

 

                                                                                                       Кӕрон.

 

 

  I  - кæсæг:  Уæдæ  нæм  Вовчикы  хуызæттæ    æвæццæгæн  бирæ  ис, мæнмæ  гæсгæ.  Хъодзаты  Æхсары  æмдзæвгæ  «Æз  дæн  ирон»  бацæттæ    кодта  14  къорды  ахуырдзау   Асламурзаты   Алан. 

 II – кæсæг:  Уæдæ  йæм  байхъусæм , табуæфси! 

 

           « ÆЗ  ДÆН  ИРОН».

 

           Ис  æвзагæй  нал  дзурæм  иронау
Ис  хъæбулæй  не  'взаг  у   æвæд
Стыр уырысæн  нал   хизæм  йæ  ронæй,
Удæй   ма  куыд  уæм  ирæттæ  уæд!

 

          Макæй   уарзæм   афтæ  æз  нæ  зæгъын
Фæлæ  уарзтæй  ма  хъуамæ   уæм  куырм
Зæрдæ  дæр  цы  риуæн   равзæрд   хурау
Рухс  кæнæт  æппæты  фыццаг  уым!

 

          Ирон  æвзаг!   Мæ  зынджы  хай,  мæ  арт!
Æрттив,  æхсид   æнустæм  ды  æдасæй!
Дæ  цæрайæ,  дæ  рухс  æмæ  дæ  тæвсæй
Цæрдзыстæм  мах  æмæ  хæрдзыстæм  ард!

 

I  - кæсæг:   Рынчын  адæймаг  мæгуыр  у.  Дæ  бон  ын  æххуыс  кæнын  куы  нæ  уа,  уæддæр  æй   дзыхы  ныхасæй  уæддæр  арæвдау,  ныфсытæ  йын  авæр.

  II – кæсæг:  Уæдæ  ма  бакæсæм  къуырма  йæ  сыхаг  рынчынæн  куыд  ныфсытæ  æвæрдта,  уымæ. Бацæттæ  йæ  кодтой   12 –æм   къорды  ахуырдзаутæ:

 

«РЫНЧЫНФÆРСÆГ»

 

 

Спайда  кодтам:  Рынчынæн – йæ сæр баст  æмæ  хуыссы. Къуырмайæн -  лæдзæг, зæронд  усы  дзаумæттæ. Цæуы  гуыбырæй йæ  къухы  лæдзæг.

  Кæсæг:  Иу  къуырма  лæгæн  йæ сыхаг  фæрынчын.

 

 

 

 

Куырма:   (рацыд йæ  къухы  лæдзæг)  - Мæ сыхагмæ  рынчынфæрсæг  бауаин,  фæлæ  йемæ  куыд  дзурдзынæн, къуырма  дæн  æмæ  йæ нæ  хъуысдзынæн. (рауай-бауай кæны)  - О,о!  Æрхъуыды  кодтон!  Ай,  диссаджы  коппайы  хицау  нæ дæн.   Куыд  дæ зæгъгæ  йæ  куы бафæрсон, уæд  мын  зæгъдзæн: «Фæдзæбæхдæр  дæн». Æз  та  йын  зæгъдзынæн: «Гъе мæ Хуыцауæй  разы.  Тынг  æхсызгон  мын  у».  Уый фæстæ та  йæ  бафæрсдзынæн:  «Æмæ   хæргæ  та  цы  кæныс?». Исты  куы  зæгъа, уæд ын  зæгъдзынæн: «Гъе мæ, дын  хæлар  уæд!». Стæй  та  йæ  бафæрсдзынæн : «Æмæ  дæ  дзæбæх  та  чи  кæны?». Цы  фæнды  куы  зæгъа,   уæддæр  дохтырæй  æз  тынг  феппæлдзынæн».

 

Кæсæг:  (æмæ  къуырма  араст  рынчынфæрсæг  йæ  сыхагмæ).

Къуырма:    ( бахоста дуар  æмæ бацыд мидæмæ)  - Куыд  дæ  куыд, мæ  дзæбæх  сыхаг  Ханиффæ?

 

Рынчын:   -  О, мæ  дзæбæх  сыхаг,  рæхджы  мæ  удхæссæг  фæхæсдзæн  йемæ. Мæлгæ  кæнын  æвæццæгæн.

Къуырма:  -  Гъемæ  Хуыцауæй  разы!.  Тынг  æхсызгон  мын  у!

 

Рынчын:  (йæхи  иннæрдæм  акъуырдта).  – Æрмæст  ме  'знаг  бабæлдзæн  мæ  мæлæтмæ.  - Цы йын  кодтон   уагæры?

Къуырма:   - Æмæ   хæргæ  та  цы кæныс  Ханиффæ,  хæргæ?

 

Рынчын:  -  Ницы  æппындæр,  хойраг  мын  марг у.

Къуырма: -  Гъе  мæ  дын  хæлар уæд, бирæ  дзы  иу  бахæр  мæ  сыхаг!

 

.Рынчын:  - ( йæ  сæрыл  ныххæцыд  æмæ  иннæрдæм  азылд).

Къуырма – Æмæ  дæ  дзæбæх  та  чи  кæны?

 

Рынчын:  -  Æвæццæгæн  удхæссæг  йæхæдæг.

Къуырма:  -  Уый  хорз  хъуыддаг  у.  Уый  тынг  хорз  дохтыр у,  æмæ  дын  æнæмæнгæй   схос  кæндзæн.  Цæй  уæдæ  æз  ацæуон, мæ  дзæбæх  сыхаг!

Рынчын: ( рабадт  æмæ  йæ  сæрыыл  хæцгæ  дзуры)   -  Уый æнхъæл   дзы  нæ  уыдтæн,  æмæ  мын  мæ  мæлæтмæ  афтæ  бæллы. Иу къæбæр  иумæ фæхордтам,  уый  та  йе'муæз  марг у.

                                                                                                          ( ацыдысты)

                                                                                                                                     Кӕрон.

 

  I  - кæсæг: Ныр та байхъусæм  Къостайы  æмдзæвгæтæ  аив  кæсыны  конкурсы  фыццаг  бынат  чи  бацахста, уымæ  10 къорды  ахуырдзау  Ализаты  Заринæ

II – кæсæг:  Табуæфси, Заринæ, хъусæм  дæм!

 

                                                 «Сидзæргæс».

 


Спайда  кодтам: Саударæджы  дзаумæттæй, къона, рæхыс  йæ  агимæ , йæ  фарсмæ æртысгæн ( зынг æсхъауæн).  Хæдзарæн  зæронд  заманы хуыз  раттыны  тыххæй  дыууæ дихæй  æрæвæрдтам,  ахæм  хæдзарон  дзаумæттæ.

          Сылгомæгты 'рдыгæй : хъуылæг, кæхц, хъæдын  уидыг,  æртæ  тæнон  фæндыр, æртæ  къахыг  фынг, фыццагон,авдæн,  донхæссæн  æрхуыйæ  дурын, иту.
Нæлгоймæгты 'рдыгæй:  цæвæг,  халамæрзæн, æхсырф, хъама, цæвæгцæгъдæн,  дурын, йæ фарсмæ  сыкъа.

 

  

  I  - кæсæг:  - Адæймаг  йе  'взаг  куы  уарза,  уæд  ын  йæ  царды  мидæг  æнцондæр  уыдзæн  цæрынæн.  Ныр  та  байхъусæм   15- къорды  ахуырдзаумæ    Нефедова  Галинæмæ, Цомартаты  Дунетханы  фыст  æмдзæвгæмæ:   

«Дæуæн».

 

          Цы  къалиуыл  бадыс, уый хъахъхъæн  сæттынæй,
Цы  обауыл  лæууыс  бæрзонддæр, уый хон
Цы  фæндаг  равзæрстай,  уым  ма  тæрс  кæлынæй
Хуыздæрты  æвзарын  æмгæртты  хсæн  зон.

 

          Цы  фæндтæ  æвзæры  дæ  зæрдæйы  арфы,
Цы  бæллицтæ  гуыры  дæ  риуы  æдзух.
Цы  номæй  дын  ракæнынц  хистæртæ  арфæ,
Ды  уыдоны  фарнæй  - иу  макуы  су  цух.

 

 

I - кæсæг:  Ныр  та  бакæсæм  цыбыр  сценкæмæ:  «Цыртдзæвæн»- мæ. Бацæттæ  йæ  кодтой  12   къорды  ахуырдзаутæ:  Музайты  Жаннӕ  ӕмӕ  Джанайты  Каринӕ.

 

 

«ЦЫРТДЗÆВÆН»

 

 Спайда  кодтам:  Цыртаразæгæн – крандас, ныв.  Зæрон  усæн – дзаумæттæ, портрет,  лæдзæг.

 

Гатъи : (йæ  лæппу амард  Гатъийæн ,  æмæ  йын  цырт  хъуамæ  скæнын  кæна.  Бацыд  цыртаразæгмæ.)
-  Дæ  бон  хорз  лæппу!

Цыртаразæг:  - Кæй  бон,  у  уый  хорзæх  дæ  уæд,  мæ  мады  хай.

Гатъи:  - Дæ  нывонд  æрбауон,  мæ  фырт  æнæнхъæлдзæджы  æрбамард, æмæ  дæм  цырдзæвæн  аразыны  тыххæй  æрбауадтæн.  Йæ  къам  мын  дурыл  раныв  кæн,  раст  цыма  æгас у, афтæ. (дæтты  йæм  къам).  Æрмæст – иу  æй  худæнбыл  ракæн.

Цыртаразæг:  - Хорз  мæ  мады  хай,  æппындæр  дæ  зæрдæ  ма æхсайд, куыд  зæгъай,  афтæ  уыдзæнис.

Гатъи:  - Уæдæ  хорз  æууæндыл  дыл.  (фæцæуы, фæлæ  фæстæмæ  фездæхт). - Дæ  хорзæхæй,  мæ  зæрдæйы  худты  ма  бацу,  раст  цымæ  йæ дæхицæн  аразыс , афтæ  дзæбæх  мын  æй  раныв  кæн.

Цыртаразæг:   - Хорз  мæ  мады  хай, хорз.  Стыр  бузныг  дын.  Дæ  зæрдæ  æппындæр  ма æхсайæд.  Ды мын  æрмæст  фидгæ  бакæн, æндæр  дын  дæхицæн  дæр   ахæм  дур  скæндзынæн  æмæ  диссаг.

Гатъи:  - Ай!  Мæнæ  æвзæр!  Æдзæсгом!  Мæ  мæлæтмæ  мын  бæллыс  нæ? Цæмæй  двайно  æхца  саразай  нæ?  Нæ  федтай  æдзæсгом,нæ!

Цыртаразæг:  - Æз!  Æз  бæллын,  æви  ды!  Мæнæ  диссæгтæ, ацы  усмæ  æз  цы  сайын.  Йæ  мæлæтмæ  йын  æз бæллын,  æви  ай. (фæзмы йæ) « Раст  цымæ  йæ  дæхицæн  кæныс!».  Мæ  цæстытыл  ауадтæн   дуры  уæлæ, нывгондæй!!!    ( йæ сæр  тилгæ  ацыд)


                                                                                                   
Кæрон.

 

I  - кæсæг:   Нæ  изæры  кæрон  ма  байхъусæм  Къадзаты  Станиславы æмдзæвгæ  «Нæртон  бæллиц»-мæ.  Бацæттæ  йæ  кодта  12- къорды  ахуырдзау  Музайты  Жаннæ..

 

                «Нæртон  бæллиц»

 

          Ирон  дзырдтæ - мæ  базыртæ
Мæ уидæгтæ  - мæ  цин
Æз  сæ  цы рæвдыд  базыдтон
Æвидигӕ  фæци.

 

          Мæ  уд  хъæдгæмттæ  бандыдзы
Нæ  фыдæлты  хъæлæс
Цыфæнды  маст  дæр  алидзы
Куы  йæ  фехъусын  æз.

 

          Ирон æвзаг -  арвайдæнау
Кæсын  æм   зон  æрмæст
Йæ  алы  дзырд  дæр  адджын  у,
Нæ  дзы  æфсæды  цæст.

 

         Нæртон   бæллиц  мæм  ахæм  и –
Куы  рафтауид  æфсир – 
Цъæхирд  тъымы-тъыматæм  - иу
Иронау  дзурæнт  Ир!

 

I – кæсæг:  Нæ изæр  кæронмæ  æрхæццæ.

II – кæсæг:  Хæрзизæр  раут!

 

Музайты  Жаннӕ  изӕры  кӕрон  радзырдта  Къостайы   басни:  «Халон  ӕмӕ  рувас». Сценӕмӕ  кӕсджытӕн  се ᾽ мдзӕгъд  айхъуыст  ӕнӕхъӕн  залы.


Жюрийы  архайджыты  фӕндонмӕ  гӕсгӕ   активондӕртӕ   ӕмӕ  ирон  ӕвзаджы  ахуыргӕнӕг  Габеты М.Д , хорзӕхджын  ӕрцыдысты  кады  грамотӕтӕй  ӕмӕ  райстой  арфӕтӕ:

 

         1. Музайты  Жаннæ12  къорд;

         2.  Джанайты  Кристинӕ   12  къорд;      

         3.  Джанайты  Каринӕ   12  къорд;

         4. Пагæты  Мæдинæ   26  - къорд.                                                                      

 

                   Ирон  музыкæйы  зæлтæ:  «Хъуыбады».

 

Фӕйнӕгыл  Къостайы  цардӕй  презентации  ӕвдисы.

                                                                                                                             Кæрон.

 

 

 

 

 

                                                           Бакуыста  йыл    Габеты  М.Д.

                                                       Г. Ӕрдон  2012  -  2013 аз.

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Сценарии по на тему" Коста ама ирон авзаг". Внеклассное мероприятие."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Таргетолог

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 114 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 08.12.2015 1637
    • DOCX 365.6 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Габиева Мери Давидовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Габиева Мери Давидовна
    Габиева Мери Давидовна
    • На сайте: 8 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 36222
    • Всего материалов: 28

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Менеджер по туризму

Менеджер по туризму

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Мини-курс

Художественная гимнастика: углубленная физическая подготовка

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Введение в инвестиции и инвестиционный процесс

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 26 человек из 13 регионов

Мини-курс

Психология общения: от многоплановости до эффективности

10 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 50 человек из 29 регионов
  • Этот курс уже прошли 12 человек