Инфоурок Другое КонспектыСценарий на тему " Ирон сылгоймаг цардаразӕг фарн у"

Сценарий на тему " Ирон сылгоймаг цардаразӕг фарн у"

Скачать материал

Æз - сылгоймаг - цардаразæг фарн дæн,
Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,
Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Хабаты Р. ныхæстæ. Зарæг "Иры чызджытæ..."

Сылгоймаг... Дзырдтæн сæ тæккæ цытджындæр, кадджындæр...

Сылгоймаг - бинонты фарн. Хæдзары фидауц.
Сылгоймаг - æрдзон рæсугьддзинад.
Сылгоймаг - царды айдæн.
Сылгоймаг - æгъдау æмæ æфсармы сæрæвæрæн.

 

Æгъдæутты ратæдзæн нæфыдæлтæм уыд сылгоймаджы æфсарм. Иугæр æфсармы кары бацыд сылгоймаг, уæд ын йæ алы уæнджы дæр уыдтой æгъдау.

 

Рæзгæ чызгæн куырыхон хистæртæ æмбаргæ хъæлæсæй амыдтой хидарыны домæнтæ:

 

- чызг дæ æмæ лæппуйы митæ ма кæн;

- гаккырисæй уынгты ма хъаз;

- дæхи дарын зон;

- цæугæйæ дæ развæндагмæ кæс;

- къуыппыты - дзыхъхъыты дæ къæхтæ аив ис;

- сыртт - сыртт, сæпп - сæпп кæнын чызгæн нæ фидауы;

- цæугæ - цæуын худинаг у хæрын;

- хъæрæй ма худ;

- æгæр бирæ дзурын æнæуаг ми у;

- дзургæйæ къухтæ тилын нæ фидауы;

- къæрцц - ныхас ма кæн;

- нæлгоймагæн комкоммæ йæ цæстытæм ма кæс;

- дæ дзырд искæй ныхасмæ ма æппар;

 

 

Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста ирон сылгоймаг. Бирæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд.

 

Хæххон æвадаты æрдз ын йе `ккойыл уæззау уаргъ æрæвæрдта. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста. Йæ мæгуыры бонтæ тыдта. Къуындæг - йæ царды уавæртæ. Цыбыр - йæ æвналæнтæ.

 

Уæвгæ, кæд нæ фыдæлты историйон царды сыфтæ æнусон тох æмæ æрдзон фыдбылызты амæттаг баисты, уæддæр хæдзардзинæй бахъахъхъæдтой сæ ирон æвзаг, сæ ирон фарн, сæ ирон æгъдæуттæ.

 

Уæддæр нæм ирон сылгоймаджы намысы цæсгом ирдæй зыны литературон уацмысты фæлгонцтæй: Æфхæрдты Госæма, Туаты Дауыты драмæ "Сидзæргæс" - æй, Къостайы зæрдæриссæн фæлгонцтæ - сидзæргæс æмæ Фатимæ. Уыдон мах ахуыр кæнынц бæрзонд идеалтыл.

                      "Додой"-ы музыкæмæ скъуыддзаг "Фатимæ" - йæ.

 

Рагæй - æрæгмæ таурæгъты дзуринаг уыд ирон сылгоймаджы кады ном.

 

Дыууадæсæм æнусы айхъыуст, зæгъгæ, ирон паддзах Худаны чызг - Бурдуханы - ракуырдта гуырдзыйы паддзах Георгий - æртыккаг. Гуырдзыйы хроникæ куыд фыста, афтæмæй, сæхи сылгоймæгтимæ абаргæйæ, уындæй, кондæй, зондæй Бурдуханы хуызæн рæсугъд чындз Гуырдзыйы нæ уыд.

Бурдуханæн райгуырд чызг - Гуырдзыйы фидæны паддзах Тамарæ.

 

Фыдыуазæг, рæстдзинад, уарзондзинад...

Сылгоймаг ацы æнкъарæнтæн у табугæнæг, уымæн æмæ хорз æмбары - уыдон сты царды сæйраг æнцæйттæ;

                       Хостыхъоты З. æмдзæвгæ "Зæгъма мын искуы..."

                       Хабаты Р. æмдз.

 

Ирон сылгоймагæн гакъон - макъон уыдис йæ цардвæндаг. Йæхиуыл бавзæрста царды дæрзæг миниуджытæ. Раджы бамбæрста, Фыдыбæстæйы сæраппонд, рæстдзинад æмæ уарзондзинадыл тох кæнын кæй хъæуы, уый.

 

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæ бæстæйы уыдис тæккæ уæззаудæр фæлварæн. Ирон сылгоймаг лæгæй - лæгмæ æрлæууыд цыфыддæр знаджы ныхмæ.

Хæсты фыццаг бон Ирыстон афæндараст кодта фронтмæ 800 арыгон чызджы.

 

Куыддæр тæхæджы дæсныйад райста лейтенант Даураты Илитæ, афтæ райдыдта æххæст кæнын йæ хæс Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Куыд ныфсхаст уыди, уымæй дисы æфтыдта суанг фашистты дæр.

 

Иуахæмы та Илитæ æрæппæрста немыцаг тæхæджы. Сылгоймаг æй æрæппæрста, ууыл не `ууæндыд фашист. Куы бамбæрста æцæгдзинад, уæд Илитæйæн балæвар кодта къухылдаргæ сахат йæ хъæбатырдзинады тыххæй.

 

Суанг хæсты фæстаг бонтæм цæф советон хæстонты ирвæзыныл тох кодта медицинон службæйы булкъон Саламты Софья.

 

Снайпер Сланты Нинæ уæрæсейы сылгоймæгты маст райста знæгтæй æртиссæдзы мæрдтæм барвитгæйæ.

 

Æцæг советон патриотизм æмæ хъайтардзинад æвдисæг у Баситы Чабæханы æнæмæлгæ ном. Уый равзæрста мæлæт немыцимæ газеты кусыны бæсты.

 

Ирон сылгоймаг зæд у... Зæдау ауды ныхасæй, хъуыддагæй, æмæ кувы Лæгты дзуармæ. Йæ куывдæн та ахæм тых ис, æмæ цыфæнды фыдбылызæй дæр бахизы.

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъайтардзинад, фæразондзинад æвдыста алы хуымæтæг ирон сылгоймаг дæр.

Немыцаг æрдонгтæ æрбабырстой Ирыстонмæ дæр. Зæнджиаты Володяйы хæдтæхæг фæшисттæ æрæппæрстой. Мард æнхъæлæй йæ удæгасæй мæрдтимæ баппæрстой...

Басаты чындз йæ æртæ сывæллонимæ сæ рæзты цæугæйæ айхъуыста  хъæрзын. Валодяйы рахастой, нæхионтæм æй  арвыстой. Фæлæ Басаты чындзы чидæр банымыгъта æмæ йæ йæ сывæллæттимæ марынмæ акодтой. Тымбыл хъæды дзуары раз сылгоймаг йæ сывæллæтты уæрджытыл æрлæууын кодта, йæхæдæг бакуывта : "Лæгты дзуар, баххуыс кæн," - зæгъгæ.

Уыцы рæстæг советон хæдтæхджыты Алагиры сæрмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой.

... Немыцæгтæн сæ кой дæр нал баззад.Басаты чындз та йæ сывæллæттимæ удæгас баззадысты.

 

 

Уыцы сывæллæттæй иу у, абон Ирыстон сæрыстыр кæмæй  у, уыцы стыр ахуыргонд, стыр Ныхасы сæрдар Басаты Барис.

 

 

Уæвгæ, Сау фæнык куыд нæ фестадысты сæ зæрдæтæ, ирон мадæлтæ сæ хъæбулты сау гæххæттытæ куы истой, уæд?!

 

 

Цавддуртæ куыд нæ фестадысты нæ чысыл Ирыстоны хæстæф - хæрд мадæлтæ, кæд æмæ:

2 хæдзармæ нал сыздæхтысты æвдгай æфсымæртæ;

7 хæдзармæ - æхсæзгæйттæ;

36 хæдзармæ - фæндзгæйттæ;

92 хæдзармæ - цыппæргæйттæ;

сæдæгай хæдзæрттæм - æртыгæйттæ.

 

Æниу, æвæдза, мадæн йæ хъæбул нæ мæлы. Ныййарæг йæ царды бонтæ æрвиты цæссыг згъалгæйæ, хъæбуллæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Æмдзæвгæ "Мад". Гаджиты Георги.

 

Мад... Цы ис мадæй адджындæр, кадджындæр?!

 

Мад... Зæххын зæд! Хъæбулы уды рухс!

 

Мад цотæн у фидар мæсыг, уыцы мæсыджы дуар та æхгæд никуы вæййы.

Мады зарæг. Хадыхъаты Аллæ.

 

Мад йæ цотæн - æнæбайсысгæ суадон. Адæймаг уарзы йæ хойы, йе `фсымæры... Фæлæ зын сахаты агуры æхуысмæ йæ мады. Арвæй цы дур æрхауы, уый зæхх нæ уромы, фæлæ йæ бауромы мады зæрдæ.

С. Дзуцев."Гыцци"

 

Мад... Уый диссаг у, æвæдза! Дæ кары бацæудзынæ, уыдзæн дын цот, уæддæр ма дын дæхи хондзæн сывæллон. Гъе уымæн ыл зарæн нæ хуыздæр зарджытæ.

Хъуысаты Э. "Мæ уарзон гыцци".

 

Мад... Цæуынхъом нал вæййы, фæхуыссы йæ сынтæджы, уæддæр йæ каст вæййы дуармæ - æнхъæлмæ фæкæсы йæ хъæбулы фæзындмæ, иудадзын йæ зæрдæ йемæ фæдзуры!

 

Мады зæрдæ, æвæдза, диссаг у! Уарзтæн - æгæрон, мастæн - фæразон, таурæгъты дзуринаг!

Под музыку легенда "Мады зæрдæ"

 

1359-æм азы Тимур ныббырста Аланты хъæутæм. Адæм, стырæй-чысылæй, сыстадысты йæ ныхмæ. Цыдис мæлæтдзаг тох, туг донау ивылд. Цы бакодтаиккой Тимуры æфсадæн-дыууæсæдæ мин адæймаджы бырстой размæ, карстой адæмы. Аланты рæнхъытæ тадысты, зæхх мæрдтæй байдзаг.

Дуне тохы уынæрæй куы `рсабыр, уæд мæрдты астæу зылди иу сылгоймаг. Йæ хъустыл ауад сывæллæтты кæуын. Йæ цыд фæтагъддæр кодта, æмæ йæ размæ фæци сывæллæтты къорд. Сылгоймаг йæ дыууæ къухы уæлæмæ систа:

"О Стыр Хуыцау, ма фесаф аланты мыггаг. Ацы сывæллæттæ-де уазæг". Æмæ сæ йæ хъæбысы æрбакодта.

Сывæллæтты ракодта Дыгургомы `рдæм æмæ лæгæты æрцардысты. Дыгургом хъæздыг уыд хъæддаг дыргътæй, æмæ уыдонæй ирвæзын кодта сывæллæтты. Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ хуыдтой Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ хуыдтой Нана.

 

 

Азтæ цыдысты. Нана æрзæронд. Æрхæццæ йæ адзалы сахат. Æнæхъæн Дыгургом æрцыдысты Задалескмæ зæххон дуагæн æгъдау раттынмæ. Фæсивæд Нанайы чырын бæрзонд систой æмæ ныззарыдысты "Нанайы зарæг".

Будайты А. "Аланты Нана".

 

 

Задалески Нана йæ уды хъармæй бахъахъхъæдта Ирыстоны сомбон. Мады Майрæм йæ сыгъзæрин базыры бын бакодта Ирыстоны хуыздæр мадæлты æмæ сын балæвар кодта кадджын хъæбулты: Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Гергиты Валерийы, Андиаты Сосланы, Кочысаты Розæйы, Дудараты Вероникæйы, Тугъанты Дзерассæйы, Адырхаты Светланæйы, Хостыхъоты Зинæйы, Гæзданты Аврорæйы, Бутаты Фæтимæйы, Туаты Ольгæйы.

Уыдон сæ диссаджы курдиатæй ляггад кæнынц Ирыстоны кадæн.

 

Чи зоны, йæ уарзæгой зæрдæ уæлæуыл ныууагъта зæд - мад Аланты Нана æмæ дзы æппæт ирон мадæлты фæхайджын кодта.

 

Сылгоймаг - дирижёр Дудараты Вероникæйæн симфонион-оркестрон аивады стыр аргъ кодтой суанг фæсæрæнты: Кубæйы, Германийы, Венесуэлойы, Данийы, Мексикæйы.

 

Мæскуыйы литературæ æмæ аивады бонтæ куы цыдысты, уæд Адырхаты Светланæ, урс цухъхъайы уæвгæйæ, равдыста балеты аивады йе стыр курдиат. Светланæ кафыд паддзахадон ансамбль "Алан"- имæ композитор Гæбæраты Ильяйы музыкæмæ.

Уыцы кафт уыдис Светланæйы лæвар йæ уарзон Ирæн.

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Сценарий на тему " Ирон сылгоймаг цардаразӕг фарн у""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 6 месяцев

Ректор

Получите профессию

Фитнес-тренер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 665 082 материала в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 25.01.2016 2691
    • DOCX 24.9 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Абаева Мадина Мурадиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Абаева Мадина Мурадиевна
    Абаева Мадина Мурадиевна
    • На сайте: 8 лет и 3 месяца
    • Подписчики: 2
    • Всего просмотров: 12709
    • Всего материалов: 10

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой