Гом урочы нывæст:
«Хетæгкаты Къоста-поэт æмæ гражданин»
(8æм.кълас)уырыссаг къорд
Гаглойты С.А.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
2015 аз.МБОУ
СОШ №37
Хетæгкаты Къоста –
поэт æмæ гражданин
Урочы нысан:
- Базонгæ уæвын къостайы цард
æмæ сфæлдыстадимæ;
- Æмдзæвгæйы мидис(поэты
хъуыдытæ)
- Уарзондзинады æнкъарæнтæ
æвзæрын кæнын поэты сфæлдыстадмæ.
Скъоладзау хъуамæ зона:
- Раст дзурын уацмыс æмæ чиныджы
сæргонд.
- Раст дзурын поэты ном æмæ
мыггаг.
- Бакусын алыхуызон кæсыны
хуызтыл.
- Аив кæсын урокмæ бацæттæ
æрмæг.
Цæстуынгæ
æрмæг:компьютер,экран,мультимедиа проэктор,новое
и старое издание книги
«Ирон фæндыр»
презентация PowerPoint – 14 слайдов.
Урочы цыд.
I. Организацион
момент.Ахуыргæнæджы разныхас.
Ахуыргæнæг. Абон
нæ урочы дзурдзыстæм номдзыд поэт æмæ нывгæнæг,патриот,ирон Леонардо да
Винчи,кæй ном ныр æнусы дæргъы баст у æрмæст ирон националон культурæимæ
нæ,фæлæ ма Уæрæсейы культурæимæ.
Ахуыргæнæг.Æвæццæгæн
зынаргъ скъоладзаутæ бамбæрстат кæй тыххæй уыдзæн нæ ныхас.
Мах дзурдзыстæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы
цард æмæ сфæлдыстадыл.
1слайд.Къостайы
портрет.
музыка «Рагон
хонга» обр. И.Мистуловой
«Я счастия не
знал, но я готов свободу,
Которой я привык, как счастьем, дорожить,
Отдать за шаг один, который бы народу
Я мог когда – нибудь к свободе проложить».
Ахуыргæнæг.Ацы
æмдзæвгæйы рæнхъытæ Къоста нымадта йæ царды вазыгджындæр хæсыл.Йæ цард та уыд
цыбыр,фæлæ стъалыйау æрттивгæ
Ахуыргæнæг.Цы зонæм
Къостайы тыххæй.(Сывæллæттæ дзурынц сæ бацæттæ æрмæг)
II.Урочы темæйыл
куыст.
1Хетæгкаты
Къостайы биографи.
2 слайд. Нары
хъæу.Къостайы мад æмæ фыд.
15 отябры 1859 азы хæххон
хъæу Нары,цæгат Ирыстоны, хæххон- ирон лæг Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырд
Къоста.Уæззау æмæ мæгуыр уыд йæ сабидуг лæппуйæн.Йæ райгуырды фæстæ уайтагъд
баззад сидзæрæй..Йæ мад Гуыбаты Мария Гаврилы чызг амард .йæ райгуырды .Раджы
базыдта лæппу маст æмæ хъуагдзинæдтæ.
Къоста ахуыр кодта хъæууон
скъолайы. Стъараполы нæлгоймæгты гимнази.
Уый фæстæ та Стъараполы нæлгоймæгты
гимназы.Уыцы гимназы сахуыр кодта 10 азы..
Ахуыргæнæг.Уыцы
рæстæг Къостайы фыд Леван уыд æфсæддон кусæг .Уыд уырыссаг æфсады
подпоручик.Фæндыд æй йæ фырт Къоста дæр куы ацæуид йæ фæндагыл,фæлæ Къоста
фæззæджы 1881 ахуыр кæнынмæ бацыд Бетъырбухы аивæдты академимæ..
5 слайд.Бетъырбухы
аивæдты академи.
Бирæ рæстæг не мбæрста фыд ,цæмæн
бацыд Къоста аивæдты академимæ æмæ иу арæх фарста «Цы дæ рауайдзæн лæппу?.»
Къостайæн йæхицæн удæнцой лæвæрдта
ныв кæнын,фæлæ йын ахуырæн æхца нæ фаг кодта,йæ фыд та æгæр æрзæронд æмæ йæ
фыртæн æххуыс ницæмæй уал уыд.
Ныртæккæ зын зæгъæн у, куыд
рауадайыд йæ царды фæндаг куыд нывгæнæг йæ ахуыр куы фæуыдаид уæд.
6 слайд
Цагъд«Хонга» муз.
Ревазова
2. Хетæгкаты
Къ.-нывгæнæг.
7 слайд. Репродукция
картины К.Л.Хетагурова «Ущелье Аман – Ауз»
Къоста уыд бирæ рæтты,Хъæрæсейы
хæхты-Тибердайы.Нывы уынæм æппæты стырдæр цъити Аман-Ауз.Райсомы хур хъазы
бæрзонд хæхты цъуппытыл.Кæмдæр бынæй арф комы бады мигъ доны сæрмæ,йæ алыварс
бæлæстæ.Къоста тынг рæсугъдæй равдыста Кавказы æрдз.
8 слайд.Къоста
«Дурсæттæг сывæллæттæ»
Уæ размæ хаст цæуы ныв «Дурсæттæг
–сывæллæттæ».Къамы уынут ирон лæппу,уый фæндаджы был сæтты дуртæ æмæ уыдон
мидæг цы зынаргъ авг-хрусталь ис уый агуры. Нывы лæппу фæндаггонмæ йæ къух
куыд бадаргъ кодта: «Ома балхæн» Йæ фарсмæ гыццыл, 6-з азы кæуыл цæуы ахæм лæппу,æрдæггомтæй.Æркæсут
ма сæм сæ уæлæ цавæр æскъуыдтæ дарæс ис,сæ сæртыл фысдзармæй худтæ.Стырдæрæн йæ
къахыл хæцъилæй хуыд дзабыртæ,иннæмæн йæ къæхтæ гом.Уый уыуыл дзурæг у,кæй сты
мæгуыр бинонты хæдзарæй.Фæлæ ма бакæсæм сæ цæсгæмттæм:Сты хъæлдзæг,цардбæллон.
9 слайд. Репродукция
картины К.Л.Хетагурова «За водой» «Дондзау».
Иннæ ныв «Дондзау»-ы æвдыст цæуы
сылгоймаджы уæззау уавæр.Уый хъуамæ донмæ схиза бæрзонд къуылдымтыл æмæ ма йæ
гыццыл лæппумæ дæр йæ хъус дара,цæмæй ма ныххауа арф коммæ..
Физминутка
– Бафæлварæм ма нæ цæсгомы мимикæйы
руаджы равдисын ,цавæр æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодтой ацы нывтæ.
3. .Хетæгкаты
Къоста – поэт
Ахуыргæнæг.Къоста
бирæ рæстæг арвыста дард Ирыстонæй.Фæстæмæ куы сыздæхт,æмæ куы федта йæ адæмы
уæззау цард æмæуавæр,уæд тынг фæрыст йæ зæрдæ.
Ахуыргæнæг.Къоста фыста
æмдзæвгæтæ,поэмæтæ,пьесæтæ.Адæммæ сидт,цæмæй схæцой æлдæртты ныхмæ
сæрибарыл,байхъусæм ма æмдзæвгæ «Балцы зарæг»-мæ.Фæлæ абон мæн фæнды æрлæууын
Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».Къоста йæ чиныг фыста йæ царды
дæргъы.Уæды рæстæджы кæм мыхуыры кодтаид иæ æмдзæвгæтæ,уый нæ уыд,æмæ сæ
къухфыстытæй адæм кæрæдзимæ лæвæрдтой.
11 слайд. «Ирон
фандыр»-ры цъар.Фыццаг мыхуыры куы рацыд уæд.
Цыдысты азтæ æмæ Къостамæ фæзынд
ног хъуыды, йæ куыстытæ хицæн чиныгæй рауадзын.Æмæ 1899 азы рацыд мыхуыры йæ
чиныг, сси адæмон.Æмдзæвгæтæ фыст цыдысты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл .
(Дети читают
стихи: «Походная песня» на ос. яз., на русск. яз.; «Синица»
на русск. яз.; «Весна» на русск. яз.)
4. Бакусын
æмдзæвгæ «Чи дæ»-йыл.
12 слайд. Скульптура
М.Томаева «Къоста – рухстауæг».
г
Къостайы музейы ис Томайты
Маирбеджы конд скульптурæ «Къоста-рухстауæг»йæ фарсмæ гыццыл лæппу,йæ къухы
чиныг.Къоста,стæй Къостайы «Ирон фæндыр»ахуыр кæнынц лæппуйы цæмæй уа
тыхджын,уарза йæ райгуырæн бæстæ,цæмæй царды ссара раст фæндаг.Къоста ма
йæуацмысты худт зыд æмæ кæрæф адæмыл.
Ахуыргæнæг.Абон
базонгæ уыдзыстæм басня «Бирæгъ æмæ Хърихъупп»-имæ .
- Æмдзæвгæ кæсæм иронау.
- Æмдзæвгæ уырыссагау хинымæр.
- Тыхджын скъоладзаутæ рольтæм
гæсгæ кæсынц æмдзæвгæ.
Дзырдуатон куыст.
Тугуарæн
кодта-фыдбылызтæ хаста.
Басня(Скъоладзау
дæтты цыбыр справка)
5. Скъладзаутæ
дзуаппытæ дæттынц фарстытæн:
– Зæгъут-ма куыд у æмдзæвгæйы
сæргонд?
– Цы æрцыди бирæгъыл йæ фыр зыдæй?Автор бирæгъы архæйдтытæ æвдисгæйæ цавæр
дзырдтæй пайда кæны? Бакæсут-ма уыцы рæнхъытæ æмдзæвгæйæ.
– Цавæр
миниуджытæ раиртæстат хърихъуппмæ?
–Цавæр
адæймæгты кой кæны автор хърихъуппæмæ бирæгъы хуызы?
_Цавæр у басняйæн
йæ сæйраг хъуыды?
–Цавæр
адæмон æмбисæндтæ ацы ис ацы басняйæн йæ бындуры?
6.Аив бакæсын
æмдзæвгæ.
III.Урочы итог. Ахуыргæнæг.2009-аз
Къостайыл сæххæст уыдаид 150 азы.Нæ горæты æмæ Уæрæсейы сæйраг уынгты ацыдысты
гала-концертæ. Мæскуыйы Станиславскийы номыл театры зæлыдис оперæ
«Къоста».Санкт-Петербургы æмæ Пятигорскы байгом Къостайы цыртдзæвæнтæ..
13 слайд. Музей в
селении «Нар»
Ахуыргæнæг.Сымах
хъуамæ зонат нæ республикæцы алы аз дæр октябры мæйы конд æрцæуы Къостайы
къуыри.Дзæуджыхъæуы æмæ Нары хъæуы кусынц музейтæ.Бирæ адæмтæ,Къостайы
сфæлдыстад зынаргъ кæмæн у,уыдон æрбацæуынц музеймæ.Иæ цыртдзæвæнмæ дидинджыты
бæстытæ сæвæрынмæ..Ацы аз та 15-æм октябры Къостайы райгуырдыл æххæст
кæны 153азы.
14
слайд. Памятники К.Хетагурову в г. Владикавказе.
Ахуыргæнæг.Æз афтæ
хъуыды кæнын нæ урочы чи уыд абон,уыцы скъоладзаутæн сæ бон хъæбæрæй зæгъын
у:Æз зонгæ дæн Къостайы сфæлдыстадимæ-поэт,нывгæнæг æмæ патриотимæ».
Ахуыргæнæг.Зæгъут-ма
цамæй фæцыд урок уæ зæрдæмæ?(Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ).:
- Тотырбек
Джатиев
«Кем ты будешь, лапу?» // Москва «Детская литература» 1980 г.
- Коста
Хетагуров. Стихотворения. Поэмы. Пе6ревод с осетинского
Тотырбеком Джатиевым // Москва «Детская литература» 1980 г.
- Коста
Хетагуров «Ирон фандыр» // Издательство «Советский
писатель» 1976 г.
- Интернет-источник:
http://www.hetagyrov.ru
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.