Сценарий праздничного мероприятия,
посвященного Дню осетинского языка и
литературы
в МБОУ СОШ п.В.Фиагдон
Цели
и задачи:
-
Показать роль языка в жизни человека и в жизни общества
-
Прививать любовь и бережное отношение к родному языку
-
Развивать творческий потенциал обучающихся, артистизм детей
-
Воспитывать коллективизм, сплоченность обучающихся, ответственное отношение к порученному
делу
Оборудование:
выставка книг, выставка старинных предметов быта осетин, оформление,
музыкальные инструменты
Автор
разработки: И.В.Ходова
Зарæг «Мæ Ирыстон»
Видеоролик «Обращение старших»
Русланæ
-
Хъысмæт! Æз бузныг дæн дæуæй,
Кæй фæзындтæн дунемæ æз
ИРОНÆЙ!
Аминæ
-
Уæ бон хорз æмæ нæм алы боны ʹгас цæут, нæ
зынаргъ уазджытæ!
Русланæ
-
Абон у бæрæгбон! Ирон æвзаг æмæ
литерæтурæйы бон! Арфæ уын кæнæм æмæ уын зæгъæм бузныг кæй саккаг кодтат нæ
равдыстмæ!
-
Бæрæгбоны фæдыл арфæйы ныхæстæ загъта
республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг
Сергей Меняйло.
Аминæ
-
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Зæрдиагæй уын арфæ
кæнын Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы боны фæдыл! Ацы бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис
нæ республикæйы царды, ирон адæмы хъысмæты. Æрвылаз æй бæрæг кæнæм фынддæсæм
майы-Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыдис, уыцы бон.
Арф хъуыды ис йæ бындуры: ирон адæмы культурæйы хæзнатæн аргъ кæнын, фæлтæрæй
фæлтæрмæ сæ арæхстгай адæттын, фыдæлты хорз æгъдауыл фæсивæды хъомыл кæнын.
Ирон
литерæтурæ йæ фæзындæй абоны онг æххæст кæны Къостайы фæдзæхстытæ, æнгом бæтты
нæ республикæйы æппæт адæмты дæр, уарзын сын кæны кæрæдзийы культурæтæ, амоны
сын æцхæзнатæн аргъ кæнын.
Бæрæгбон
иу бон вæййы, фæлæ нæ алы боны хæс хъуамæ уа ирон æвзаг æмæ культурæ парахат
кæнын, фыдæлты кад æмæ намысы аккаг уæвын!
Видео
Æмдзæвгæ
«Мадæлон æвзаг»
Артур
Кæддæр, дам, стъалыты
хъæбысы
Куы равзæрд пиллонкалгæ
Арт,
Раст, гъеуæд нын нæ
рагфыдæлтæ
Æрхастой мадæлон æвзаг.
Ирон æвзаг-фыдæлты намыс,
Цæргæсау арф кæмтты тæхы.
Кæд æй, мæ хур, зæрдæйæ
уарзыс,
Уæд дæ æцæг хъæбул
зæххыл.
Мæ уæрджытыл лæугæ
Хуыцаумæ
Фæкувын иудадзыг æргом,
Цæмæй ирон нæртон ныхасмæ
Мæ зæрдæ уа æдзухдæр гом.
Фæцудыдта фыдæлты хæзна.
Тæрсын, куы фесæфа
бынтон,
Куы ныл фæтых уа, ох-хай,
не знаг,
Куы суа нæ нæртон Зæхх
зындон.
Ирон æвзаг-нæ цин, нæ
амонд,
Куыд буц вæййæм дæуæй
æдзух!
О, Стыр Хуыцау, фæндаг
нын амон,
Куыд никуы уæм йæ фарнæй
цух!
Русланæ
Ирон дӕн ӕз!.. Ӕртӕ
дзырды. .. Фӕлӕ уаз хъуыдытӕй нывӕст. Райгуырӕн бӕстӕ… Мадӕлон ӕвзаг… Ирон
Фарн… Куыд адджын ӕмӕ куыд хӕстӕг сты зӕрдӕмӕ ацы цыбыр дзырдбӕстытӕ!
Аминæ
Дзырд «Ирон» сӕрбӕрзондӕй
дзургӕйӕ, цӕстытыл ауайынц Иры къонайӕ рацӕугӕ, ирон ном чи скадджын кодта, уыц
номдзыд Иры хъӕбулты сурӕттӕ: Къоста, Иссӕ, Васо, ме ʹмкоймаг Брытъиаты
Елбыздыхъо, Кочысаты Розӕ, Дудараты Вероникӕ, Адырхаты Светланӕ… Ӕмӕ цас сты…
Чи сӕ фӕуыдзӕн нымад?!
Русланæ
-
Уарзын мæ Ирыстон. Уарзын йæ хæхтæ, йæ
цæугæдæттæ æмæ йæ диссаджы дзæбæх адæм! Ирон адæм!
Хонгæ
кафт
Аминæ
-
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ кувæндон, мæ цард,
Сæууон хуры тæмæн,
Мæ удлæууæн, мæ уарт.
Русланæ
-
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ нысан æмæ фат.
Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,
Нæ фидæнмæ фæндаг.
Музыкалон композици, Марк æмæ Алик
Марк
Цард нын фæлварæнтæ арæх фæхæссы
Абон дæр не стæм
зындзинæдтæй цух
Царды фæзилæнты тохæй нæ
тæрсæм
Иумæ-тыхст рæстæджы,
иумæ-æдзух
Иры нæртон дзыллæ,
намысджын адæм!
Иудзинад равдисæм абон
фæрнæй
Махæн нæ бæрн у нæ фидæны
амонд
Махæн æндæр фæндаг а
зæххыл нæй
Иумæ фæрсæй фæрстæм.
Размæ ныфсхастæй
Иумæ кæрæдзийы
хъахъхъæнæм мах
Стыр тых дæтты нын нæ
Райгуырæн бæстæ
Уый у нæ зæрдæтæн мадау
зынаргъ
Равдисæм абон ирон уды
ахаст
Не стыр
хæлардзинад-иумæйаг зонд
Сомбон уыдзæнис уæд рухс
æмæ ʹнæ маст
Сомбон уыдзæни нæ
хъарутæй конд
Кадджын Ирыстон, сыгъдæг
Дзуæрдты бадæн!
ʹНустæм дæ цард уæд
Хуыцауы фæдзæхст
Хохæй быдырмæ Ирыстоны
адæм
Амонд ʹмæ цинæй уæд алкæд
æфсæст
Руслана
-
Ацы рæсугд æмдзæвгæ Маркæн йæ зæрдыл
сымбæлдис, куыддæр йæ фехъуыста афтæ. Бауарзын йын æй кодта нæ уарзон курджиатджын
коймаг, не скъолайы рауагъдон, нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, æмæ аивады
бæрзæндтæм схизæн нæ зæрдæтæ кæмæн зæгъынц уый - Уаниаты Валера.
Аминæ
-
Æмæ абон Валера у нæ уазæг. Табуафси, ма
бавгъау кæнут уæ къухæмдзæгд!
Уаниаты
Валера
Руслана
-
Лæгты Дзуар раздах нын раздæры тых.
Куы скъуытта Ирон лæг
æзнагæн йæ ных.
Æзнæгтæ куы тарстысты
Симдæн йа зæлтæй.
Фæранкта куы кастысты
фæзмæ нæ хæхтæй.
Аминæ
-
Ирон фæндыр – бæрзбызычъийæ конд,
Уый райгуырдис ивгъуыд
заманы тары.
Йæ ном зæххыл –
æрдхæрæйнаг, бæрзонд.
Мæ къухы нæ, мæ зæрдæйы
йæ дарын.
Гармонисты
Аминæ
-
Мадæлон æвзаг у адæмы уд!
Мах, ирон адæм, хъуамæ
хъахъхъæнæм, хъуыды кæнæм æмæ дзурæм не ʹвзагыл.
Русланæ
-
Абоны равдыстмæ сæхи бацæттæ кодтой нæ
чысыл хæлæрттæ-рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ. Æмæ кæд нырма сабитæ сты, уæддæр
тынг уарзынц сæ мадæлон æвзаг, аудынц ыл æмæ йыл сыгъдæг дзурынц. Табуафси,
бакæсæм цæм.
Рæвдауæндоны
равдыст
Аминæ
-
Ирон дӕн ӕз цингӕнгӕйӕ фӕлхатын. Мӕ
ныййарджытӕ, мӕ дзӕбӕх нана, ме скъолайы ахуыргӕнджытӕ мын мӕ зӕрдӕйы цы
ӕнкъарӕнтӕ сӕвӕрдтой, мӕ уды арфы мын табуйаг Фыдыбӕстӕмӕ, аив ӕмӕ хъӕздыг мадӕлон
ӕвзагмӕ цы уарзондзинад равзӕрын кодтой, цы ӕгъдау ӕмӕ мӕ цы ΄фсармыл ахуыр
кӕнынц, уыдон стыр хӕзнайау хӕсдзынӕн царды фӕндагыл.
Русланæ
-
Ирон дӕн ӕз! Ӕнкъарын ын йӕ уӕз. Уымӕн у
мӕ царды нысан ӕфсарм. Ӕфсарм, ӕгъдау, уӕздандзинад ме ΄мдзу алкӕд кӕнынц.
Уагыл у мӕ рацыд, аив, нывыл - мӕ дарӕс.
Чызджыты
кафт
Аминæ
-
Цæрын, æз сыгъдæг уарзтæй уарзын,
Мæ зæрдæ у амондæн гом.
Æз царды цин дойныйæн
нуазын,
Нæ зæдтæ мæм худынц æргом.
Русланæ
-
Мæ риуы та хуры тын хъазы.
Мæ фæндыр-мæ уды цырагъ,
Зæрдæйæ нæртон æвзаг
уарзын,
Мæ царды сты мадау
зынаргъ.
Æмдзæвгæ
«Мæ Ир»
Георгий
Мæ Ир-мæ сабибонты авдæн,
Ды дæ мæ бæркæдты къæбиц,
Мæ Ир-мæ цардвæндаджы
айдæн,
Æнкъарыс мын мæ цин, мæ
рис.
Мæ Ир, мæ царды стыр
чиныг дæ,
Ды дæ мæ уалдзæджы цъæх дзинг,
Мæ рæдау, хурдзæмгом
æфсин дæ,
Мæ зæрдæйæн йæ уарзт, йæ
цин.
Мæ фыццаг къахдзæфтæй дæ
риуыл
Скодтон м амондмæ фæндаг.
Мæ зæрдæ демæ баст у
иууыл.
Куы дыл фæзарин, ехх, мæ
фаг
Русланæ
-
Тырн дæ мадæлон æвзаг, ирон æгъдæуттæ,
ирон кафты æмæ зарыны аивад хуыздæр базонынмæ.
Доулисты
Аминæ
-
Ме
ʹвзаг-
Ирон лæджы хъарæг.
Ме ʹвзаг-
Ирон лæджы зарæг
Русланæ
-
Ме ʹвзаг-мæ мады æхсыр,
Мæ сабион авдæн.
Аминæ
-
Ме 'взаг, загъ-ма, мын,
Æнæ дæу куыд уон
зæрдæвидар!
Ме 'взаг, мæ лæджыхъæд,
мæ сæрибар.
Ме 'взаг, æнæ дæу куыд
цин кæнон, куыд дис кæнон!
Ӕз æнæ дæу цы дæн?
Ӕнæхæдзар, искæйон!
Видео
Цæгæраты
Созызырыхъойы ныхас
Аминæ
-
Ирон æвзаг-Къостайы ʹвзаг. Ацы
дзырдбæстытæ ирон адæймагæн йæ дадзинты сты. Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйæн йæ
бындурæвæрæг у Ирыстоны уархон æмæ номдзыд хъæбул, фыссæг, нывгæнæг, прозаик
æмæ драматург Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.
Русланæ
-
Бузныг Хуыцауæн! Махæн Къостайы чи фенын
æмæ базонын кодта!
Аминæ
-
Къостайы ном-Иры дзыллæйæн кад æмæ намысæн
хъомыс…
Русланæ
-
Фæлтæртæн фæзминаг номдзыд дæнцæг.
Аминæ
-
Къостайы ном нæрдзæн æмæ цæрдзæн рæсугъдæй
нæ зæрдæты!
Видео
Музыкалон
композици «Мæ хуры хай»
Русланæ
-
Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса
алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс,йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ.
Аминæ
-
Адӕймаг амондджын уӕд у, куы базона аргъ
кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн, йӕ фыды зӕххӕн, сӕрибарӕн, йӕ мадӕлон ӕвзагӕн,
еуӕд ӕхсиддзӕн йӕ дадзинты алкӕддӕр ирон туг!
Русланæ
-
Йӕ райгуырӕн бӕстӕ чи уарзы, уый
сӕрбӕрзондӕй, сӕрибарӕй йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуры, зӕгъгӕ, къӕлӕт хӕссыныл чи не
сразы уа йӕ царды, ӕрмӕстдӕр уый бахъахъхъӕндзӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕрмӕстдӕр
ирон туг кӕмӕн фыцы йӕ риуы, еуый нӕ ферох кӕндзӕн йе взаг.
Аминæ
-
Цард бӕллиццаг у уӕд, кад дын куы кӕной,
цы адӕмы хсӕн цӕрыс, уыдон, фӕлӕ кады аккаг та уыдзынӕ уӕд, ӕмӕ куы зонай, куы
уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг!
Русланæ
-
Мах абон цæрæм сабыр, сæрибар рæстæг. Уый
уымæн æмæ нæ фыдæлтæ – ирон хъæбатыр лæгтæ – æрлæууыдысты знаджы ныхмæ.
Ирон сывæллон, ды уый зон
æмæ дæ зæрдыл дар.
Музыкалон композици, Марк æмæ Алик
Аминæ
-
Æрымысæм нæ хъæбатырты æмæ иу Минут
æдзынæгæй алæууæм сæ номыл.
Метроном
-
Бузныг. Уæ цæрæнбон бирæ.
Аминæ
-
Уадз хур кæса æнус мæ Ирыстоны
хæхты, Уадз фыдбылыз хиза ирон
адæймаджы, нæ сабитæ уой
хъæлдзæг. Уадз Ирыстон
макуыуал бавзара хæст, маст, фыдбылыз,
низ Æмæ нæ Стыр
Хуыцау хъахъхъæнæд.
Русланæ
Нæ хорз кæстæр!
Кæд дæхи ирон хоныс, уæд
дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!
Дæ адæм дыл æвæрынц стыр
хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг
æвзæрты!
Аминæ
Нæ рагфыдæлтæ нын нæ
ныууагътой дурæй амад фидæрттæ, стыр сахартæ æмæ бирæ зæххытæ, фæлæ нын уыдоны
ныхмæ ныууагътой стырдæр хæзнатæ: сæ миддунейы арф философи, сæ æвидийгæ
культурæ, сæ диссаджы уæздандзинад æмæ аланты æвзаг.
Сценкæ
«Афтек»
Æмдзæвгæ
Мадæлон æвзаг
Давид
Дзур, мæ къона, дзур
иронау.
Азтæ атæхдзысты бонау.
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.
Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр.
Базон кафын æмæ зарын,
Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не гъдæуттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
Аминæ
-
Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног
фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ кæнынæн æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет.
Уыцы ран ирон хъуамæ йæ
зæрдыл æдзухдæр дара, мингай адæмтæ йæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон
адæмæн уымæ гæсгæ тæрхон кæй кæнынц.
Русланæ
-
Ма дзы ‘вдис дæхи æнæуагæй, дзæгъæлдзыхæй,
æрдæгбæгънæгæй, хъæбыстæгæнгæйæ, гъе ироны ном æгадгæнæг æндæр ахæм хуызы. Дæ
зæрдыл дар ирон æмбисонд: «Хъæуæй хъæды дæхи хуыздæр дар!»
Зон, дæ фыдæлтæ сæ кæртмæ
дæр гуыбынгомæй нæ хызтызты, сæ монцтæ адæмы размæ нæ хастой, дзæгъæлдзырд æмæ
æнæуаг ныхас нæ кодтой.
Аминæ
Абон бирæ ныхас цæуы нæ
мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл, йæ дарддæры рæзтыл, фыдæлтæй баззайгæ рæсугъд
æмæ фæзминаг æгъдæуттæ сног кæныныл…
Русланæ
Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй
абон мах, кæстæртæ, уыцы удварнон хæзнатæн бацархайæм аргъ кæнын.
Златæ
-
Ирон чызг хъуамæ уа æгъдауджын,
Йæ хистæртæн кæна лæггад.
Уый хъуамæ уа уæздан,
æфсармджын
Æмæ дзы уæд уыдзæни кад.
Тамик
-
Лæппу та хъуамæ уа æхсарджын…
Тæппуд уæвæн иронæн –
нæй.
Æнæмæнг хъуамæ уай
амалджын
Æмæ цæрдзынæ уæд фæрнæй.
Алик
-
Мæ зынаргъ чызджытæ, лæппутæ!
Æнæмæнг бадарут зæрдыл.
Нæ фидæн сымах ыстут, мæ
хуртæ,
Æмæ хъуыды кæнут дæрдтыл.
Азамат
-
Нæ
домбай фæсивæд!
Сымах стут нæ фидæн, нæ зæрдæдарæн
æмæ нæ цардаразæг!
Мæ бауадзут фесафын нæ
фыдæлты æгæрон хæзнатæ:
Ирон Æвзаг, Ирон Æгъдау
æмæ Фарн!
Аминæ
-
Ирон æвзаг, мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ,
Ирон æвзаг-мæ судзгæ
уарзт, мæ мæт!
Мæнæн ды амонд,
цардхæссæг æхсин дæ,
Цъæх арвы бын дын макуы
уæд мæлæт»
Русланæ
-
Нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Стыр бузныг,
кæй саккаг кодтат нæ равдыстмæ.
Поклон
Зарæг «Кал нын дидинæг…»
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.