Аргъау.
Республикон конкрсмæ
Ныффыста
Абдуразакова Луиза Михайловна
Адрис:
Веселæйы хъæу, Хетæгкаты Къостайы уынг, 1 «б»
Телефон:
8-928-488-18-15
Скъола-
интернат г. Мæздæг
9
«б» кълас.
Ахуыргæнæг:
Калоты Ларисæ Петровнæ
Телефон:
8-928-489-29-04.
Эл.
адрис: lar.1961@yandex.ru
Ацырухс.
Аргъау.
Цардис æмæ уыдис иу гыццыл чызг.
Нæ йын мад уыд, нæ фыд. Цардис та йæ нанаимæ. Нана йæ бирæ уарзта. Цух æй нæ
уагъта хæринагæй дæр, уæлæдарæсæй дæр. Цы тæ хордтаид мæгуыр, фæлæ æххормаг нæ
уыдис. Кæсын, фыссын нæ зыдта. Йæ нана тынг дæсны уыд къухæй, бийынмæ, хуыинмæ.
Хæринаг кæнынмæ та афтæ дæсны уыд, æмæ иу ницæмæйты тынг хæрзад хæринæгтæ
сарæзта. Ноджы ма зыдта алыхуызон кæрдæджытæй хос кæнын. Бирæ адæм æм цыдысты
дзæбæх кæнынмæ. Гыццыл чызг дæр иу каст йæ нанамæ, æмæ сабыргай ахуыр кодта йæ
нана цæмæ арæхст уыдæттыл. Йæ цæстытæй ахæм рухс калди, æмæ йæ раст йæ ном дæр
амыдта- Ацырухс. Бонтæ ивгъуыдтой, Ацырухс рæзыдис, æмæ дзы хæрзконд, рæсугъд
чызг рауад.
Сæ бæстæйы уыд паддзах. Паддзахæн
уыд усгур лæппу. Паддзахы фæсдзæуинтæ агуырдтой аккаг чызг лæппуйæн. Агуырдтой
хъæздыджыты æхсæн, æндæр паддзæхты, фæлæ лæппуйы зæрдæмæ чи фæцыдаид ахæм чызг
нæ разынд.
Иу бон Ацырухс нанаимæ æмбырд
кодтой хъæды кæрдæджытæ. Уыцы афон дын паддзахы фырт Уырызмæг йæ æмгæрттимæ
бæхтыл дугъ уагътой. Дугъы рæстæджы Уырызмæджы бæхы рæсты тæрхъус агæпп ласта.
Бæх фæтарстис æмæ барæджы аскъæфта. Уырызмæг бæхæй рахаудта æмæ йæ сæр
ныццавта. Йæ фæсдзæуинтæ ма йæ бæргæ агуырдтой, фæлæ бæх фæзынд, лæппу нæ.
Уыцы рæстæджы
Ацырухс йæ нанайимæ сæ кæрдæджытæ сæ къухы, афтæмæй рацыдысты. Ауыдтой
Уырызмæджы, уый уыд æнæзмæлгæ. Раздæрæй мард фæхуыдтой. Стæй хæстæгдæр куы
бацыдысты, уæд нана бамбæрста æгас кæй у уый. Нана зыдта цы кæнын хъæуы уый.Уайтагъд
æм цыдæр кæрдæг бадардта йæ фындзмæ, æмæ лæппу хъæрзын райдыдта. Хуылыдз
къухмæрзæнæй йын йæ цæсгом асæрфта, лæппу йæ цæстытæ байгом кодта, ауыдта
Ацырухсы. Чызджы фæлмæн цæстынгас йæ зæрдæйы ахъардта. Йæ цæфтæ дæр æй ферох
сты. Рисгæ дæр дзы ницы уал кодта. Æрмæст ма сдзырдта:
- Чи дæ? Кæд зæд
дæ, мыййаг?
Ацырухс худæгæй
бакъæцæл.
-Цавæр зæд? Æз дæн
Ацырухс.
Уырызмæгмæ афтæ
фæкаст, цыма худын нæ, фæлæ цыма дзæнгæрæджы цахд фехъуста. Цыма хуымæтæг
адæймаг афтæ нæ фæхуды. Стыр диссаг æм фæкаст Ацырухс. Æнæмæнг, ахæм цæстытæ
кæмæн ис, уый хъуамæ зæд уа, уæдæ куыд?
Уалынмæ
Уырызмæгæн йæ æмбæлттæ фæзындысты. Сæ цинæн кæрон нал уыдис, Уырызмæджы куы
ауыдтой уæд. Уырызмæг сын радзырдта хабар, куыд æй адзæбæх кодтой Ацырухс йæ
нанаимæ.
Сæхимæ куы бацыд
уæд йæ фыдæн хабæрттæ ракодта, æмæ загъта:
- Кæд мын Ацырухс
сразы уа, уæд мæ уый йеддæмæ ничи хъæуы.
Йæ фыд уыдис тынг
фæлмæнзæрдæ паддзах, иннæ паддзахты хуызæн нæ уыд. Йæ лæппу амондджын уа уый йæ
фæндыд, æмæ йемæ сразы ис. Барвыстой минæвæрттæ Ацырухсмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы,
Ацырухсы зæрдæмæ дæр Уырызмæг тынг фæцыдис. Радта разыйы дзуапп. Нана йæхинымæр
ахъуыды кодта: «Мæ сидзæрмæ ныр мæ зæрдæ нал æхсайдзæн.»
Рæсугъддæр
æмæ стырдæр чындзæхсæв нæма уыди сæ паддзахады. Уырызмæг æмæ Ацырухс бирæ азты
амондджынæй, дзæбæхæй фæцардысты. Сымахæн дæр мæ зæрдæ уый зæгъы!
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.