Инфоурок Другое КонспектыОткрытый урок по осетинской литературе "Уа бонта хорз, адам!" Гафез.

Открытый урок по осетинской литературе "Уа бонта хорз, адам!" Гафез.

Скачать материал

 

                     « ӔРЫДОНЫ  АГРАРОН – ТЕХНОЛОГОН  КОЛЛЕДЖ»

 

 

 

 

                           Гом  урочы    пълан  ирон  литературæйæ

 

 

 

Урочы  темæ:    Гафез  «Уӕ  бонтӕ  хорз,  адӕм!» Ӕрыгон  адӕймаг  - Ирӕйы  фӕлгонц.

 

Урочы  нысан: Раргом  кӕнын  Ирӕйы  лӕджыхъӕд,  ӕрдзурын  йӕ  диссаджы  удыхъӕдыл.  Фенын  ӕй кӕнын  ахуырдзауты  цӕсты  тынг  фӕзминагӕй.

 

Хъомыладон  куыст:  Адӕмы  фарны,  фӕлтӕрты бастдзинады  хъомыс  ӕрыгӕтты  хъомылады – ацы хъуыдыйӕ  рӕзы  романы  мидтемӕ.

 

Эпиграф: «Ӕрыгон  уӕвгӕйӕ  йӕ  хъысмӕт  у  фӕзминаг».

            

  Урочы  ӕрмӕг:   Презентаци,  портрет,  компьютер,  чингуытӕ,  райуаргӕ  ӕрмӕг,  дзырдбыдтӕ.

 

                                   Урочы  цыд:

 

1.Бацӕттӕгӕнӕн  рӕстӕг: 

 

Ахуыргӕнӕг:   - Уӕ  бонтӕ  хорз!»

Ахуырдзаутӕ:  -Ӕгас  нӕм  цу!

 

 Ахуыргӕнӕг:   - Урочы  райдайӕны  раздӕр  байхъусӕм радгӕс нын  цы  бацӕттӕ  кодта,  уымӕ.

Ахуырдзау:  Мах  стӕм  25  къорд.  Абон  иууылдӕр  стӕм  ам. Уыдзӕн  нӕм  7  урочы.  Урочы  фӕстӕ  алчидӕр иумӕ ӕмбырдӕй  цӕуӕм  нӕхи  колледжы    музей  «Подвиг»мӕ.  Ис  нын  сымбӕлд  куысты  ветерантимӕ  иумӕ.

 

               Ноджыдӕр  ма  мӕн  фӕнды  зӕгъын  ног  хабӕрттӕ ӕмӕ  абоны боныгъӕды  тыххӕй.

                4 ноябры   - Адӕмон иудзинады  бон Дзӕуджыхъӕуы сӕраг  фӕзы  ӕрцыд бӕрӕгбоны кадӕн митинг.  Уым  уыдысты Цӕгат  Ирыстоны Сӕргълӕууӕг  Ӕгъуызарты  Тамерлан,  Парламенты  сӕрдар  Алексей  Мачнев,  Хицауады  Сӕрдар  Битарты  Вячеслав. Ныхасы  дзы  рацыд  ветеранты республикон   советы  сӕрдар  Къӕболты Солтан.

 

Боныхъӕд: 6 ноябры ,  нӕ  уардзӕн,  уӕлдӕфы  температурӕ  республикӕйы  -  10-15градусы  хъарм, Дзӕуджыхъӕуы – 12—14 градусы хъарм.

 

2. Цалхдур  аиуварс  кӕнын:

 

Ахуыргӕнӕг:  Алчидӕр  ма  бӕстон  ахъуыды  кӕнӕд  мӕнӕ  ацы  дзырдбыдыл,  ӕмӕ  базонут  ирон  фыссӕджы  ном,  ӕрмӕст  у  йӕ  псевдоним.  Йӕ  мыггаг ӕмӕ  ном  та  йын  фӕстӕдӕр  базондзыстӕм.  Иу  ахуырдзау  фӕйнӕгмӕ  ӕмӕ  мӕнӕ  ацы  дзырдбыд  иумӕ  скӕнӕм.

 

Ахуырдзау: Йӕ  фыццаг  дамгъӕ у « Г»,  конд  у фондз  дамгъӕйӕ:

 

 

 

Г

 

 

 

 

 

 

Фыссӕм  ӕй  кӕд  ӕй  базоной,  кӕннод  дамгъӕгай  афӕлвардзыстӕм.

 

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ  куыд  базыдтат  афтӕмӕй  нӕ  дзырдбыды  рауад « ГАФЕЗ».

               Цымӕ  чи  у?  Абон  кӕй  кӕндзыстӕм  уыцы  фыссӕг?  Кӕд  ын  мыййаг  исчи  йе  цӕг  ном     мӕ  мыггаг  зоны,  Гафез  фыссӕджы  псевдоним  у?  Кӕд  ӕй  зоной,  кӕннод  фӕйнӕг  айгом  кӕндзынӕн  ӕмӕ  дзы  ис  фыст  фыссӕджы  ном  мыггаг  ӕмӕ псевдоним.  Ай  уыдзӕн  уӕдӕ  нӕ  абоны  урочы  фыссӕг:  Гаглойты  Федыр  Захары  фырт  (Гафез).

 

1  слайд:

 

 

2 слайд:

7 Гафез

 

 Ахуыргӕнӕг:    Хӕдзармӕ  уын  ӕнӕхъуаджы  нӕ  раттон   цыбыр докладтӕ  Гафезы  сфӕлдыстадмӕ  гӕсгӕ.

 

1 – аг  ахуырдзау:

 

    Гафез у   Гаглойты  Федыры  псевдоним.   Суинаг  фыссӕг   райгуырд 1913  азы,  Бакуийы. Гаглойты  бинонтӕ  Хуссар  Ирыстонмӕ  ӕрбалыгъдысты  1918  азы.    Ам  арвыста  йӕ

сабийы  дуг  Федыр.  Ахуыр  кодта  Цхинвалы  педагогон  техникумы,  стӕй  та  институты  ирон  ӕвзаг  ӕмӕ  литературӕйы  факультеты.  1936-1938  азмӕ  куыста  Хуссар  Ирыстоны Орчъосаны  хъӕуы  скъолайы  директорӕй. 1941  азы  ацыд  Фыдыбӕстӕйы  Стыр   хӕстмӕ.  1943  азы  фӕцис  уӕззау  цӕф  ӕмӕ  фӕстӕмӕ  сыздӕхт йӕ  хӕдзармӕ.   Куыста  газет  «Коммунист»-ы   редакцийы  уӕнгӕй.   Уый  фӕстӕ  та  газет   «Фидиуӕг»-ы  бӕрнон  секретарӕй.

Гафезы  сфӕлдыстадон  бынтӕ сты хъӕздыг  ӕмӕ  бирӕхуызон. Йӕ  ӕмдзӕвгӕтӕ  ӕмӕ  поэмӕтӕ,  радзырдтӕ,  уацаутӕ  ӕмӕ  романтӕ,  драмон  уацмыстӕ  ӕвдисынц адӕмы  цардуагон  фарстытӕ.

 

2 – аг  ахуырдзау:

 

   Гаглойты  Федыр  фыссын  райдыдта  30- ӕм  азты.  Йӕ  фыццаг  ӕмбырдгонд  «Фӕндыры  зӕлтӕ»  мыхуыры  рацыд  1940  азы.  Йӕ  иннӕ  чиныг  «Адджын  у  цард»  рацыд 1948 азы.

50 – ӕм   азты  Гафезы поэмӕтӕ  мыхуыры  рацыдысты  ахӕм  сӕргӕнттимӕ:  «Тулдзы  къох», «Уадтымыгъ», «Ӕнӕном  кадӕг», « Ныхас  ӕмбалимӕ», «Бӕсты  сӕрвӕлтау», «Фыды  артдзӕст», «Цардиппӕрд»  ӕмӕ  ӕндӕртӕ.

60 – ӕм  азты  Гафез  йе  ʻргом аздӕхта  прозӕйы жанртӕм.  Мыхуыры  фӕзындысты  йӕ  чингуытӕ «Дзаджейы  рухс», « Цард  дын  фестон», « Фыдызӕххы  комулӕфт», «Уӕ  бонтӕ  хорз, адӕм!»  ӕмӕ  ӕндӕртӕ.

 1983  азы  Гафез  йӕ  цардӕй  ахицӕн.  Тынг  фӕхъыг  кодтой  йе  мгӕрттӕ,  ӕнӕхъӕн  Хуссар  ӕмӕ  Цӕгаттаг  ирон адӕм, ахӕм  фӕзминаг  фырт  кӕй  фӕхицӕн  йӕ  цардӕй ,  уый  тыххӕй.

 

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ  абон  мах  хъуамӕ  дзурӕм  Гафезы  роман:  «Уӕ  бонтӕ  хорз,  адӕм!» ыл.

Хӕдзармӕ  уын  загътон, цӕмӕй  йӕ  бакӕсат  ӕмӕ  йыл  абон  бӕстондӕр  ӕрдзурӕм.

 

3 слайд:

 

 

 

 

 

3.  Мотиваци:

 

Ахуыргӕнӕг:  Хӕдзары  ӕрмӕг  кастыстут  иууылдӕр?  (чи йӕ  нӕ  бакаст,  уымӕн  уайдзӕф.  Фӕлӕ  лӕмбынӕгдӕр  хъусут   ныр.)

Дзуапп:  Кастыстӕм.

 

Ахуыргӕнӕг:  Ацы  къамтӕм   бӕстон  ӕркӕсут  ӕмӕ  базонут  абоны  урочы  мидӕг  ахӕм  эизодтыл  искуы  ис  сымбӕлӕн?

 

4 слайд:

 

http://www.velvet.by/files/userfiles/4467/5684518985_386bf15078_z.jpg

 

Дзуапп:   Ис.   Ирӕ  горӕттаг  чызг,   хъӕумӕ  ацыд  фыццаг  бон  йӕ  куыстмӕ. Рахызт  машинӕйӕ  ӕмӕ  хъӕумӕ  фӕцӕуы  йӕ  чумаданимӕ.

 

Фарст: Романы  райдайӕн  чи  радзурдзӕн,  нывы  цы  уынӕм  ӕмӕ  цы  бамбӕрсам,  уӕды  онг? Цӕмӕй йӕ  хуыздӕр  бамбарӕм,  уый  тыххӕй  йӕ  акӕсӕм  раздӕр.

 

Кӕсӕм  5 фарс…

 

Дзуапп:    (дзурынц  сӕ  хъуыдытӕ.)

 

Фарст:  Дарддӕр  та  цы  уынут.  Кӕм  ис нӕ  романы  сӕйраг  архайӕг?  Цавӕр фӕндаг  уынут?

Дзуапп: (дзурынц)

 

5 слайд:

http://www.jushkov.ru/pic/blog/blog12/doroga_v_astrahan3.jpg

 

6 слайд:  

 

http://www.season.kz/abcfeatured/dr/e555e56ebb0d74987eabe44bb625e1de_shutterstock_123329992.jpg

     

Ахуыргӕнӕг:   Куыд  хъуыды  кӕнут,  кӕдӕм  бахӕстӕг  Ирӕ?

Дзуапп:  Ирӕ  бахӕстӕг хъӕуы кантормӕ.

 

7 слайд:

 

Фарст:  Дӕлдӕр  уынут  машинӕ,  уый  та  уын  цы  ӕрлӕууын  кодта  уӕ зӕрдыл?

Дзуапп: (Дзурынц). Хъӕумӕ  хӕстӕг  кӕй  лӕууыд  машинӕ,  уыцы  эпизод. 

 

 

http://im5-tub-ru.yandex.net/i?id=8874312-71-72&n=21

 

Фарст:  Смахмӕ  гӕсгӕ  колхозты  арӕзтады  заманы  кӕцы  машинӕ    лӕууыдаид  хъӕумӕ  фӕндагыл?

 

8  слайд:

 

http://trakz.ru/gaz/53r3.jpg

Дзуапп:  (дзурынц)  хъӕумӕ  хӕстӕг  лӕууыд,  кӕй  зӕгъын  ӕй  хъӕуы  стыр  машинӕ.

 

Ахуыргӕнӕг:  Акӕсӕм  5 фарсӕй … «Ӕз, Мухтар, Симӕ».

 

Фарст:  Ноджыдӕр  ма  дарддӕр  кӕсӕм   15 фарсӕй ,  ӕмӕ  зӕгъут  ацы  нывтӕ  смахмӕ  гӕсгӕ  кӕцы  ран  уыдаид   темӕйы?  Ирӕ  йӕ  чемоданыл ӕнцоййӕ  хъуыдыты  цӕй  тыххӕй  бацыд?

 

9  слайд:                                                           

                                                             

http://im5-tub-ru.yandex.net/i?id=28747666-54-72&n=21

 

 

Дзуапп: (дзурынц)

 

10  слайд:

 

Фарст:  Дарддӕр  уынӕм  трактор  куыд  сыгъдӕг  кӕны  мӕнӕу.  Уыцы   эпизодыл   ӕдзурӕм? Кӕм  федта  Ирӕ  ахӕм  ныв?

Дзуапп: (дзурынц)

 

http://truckgame.ru/_fr/3/1576280.jpg

 

 

 

11  слайд:

 

Фарст: Мӕнӕуы  цӕмӕн  атъыста  Ирӕ  йӕ  къухтӕ? Цы  бӕрӕг  кӕнынмӕ  хъавы?  Куыд уавӕры  ацыд  йӕ  ныхас  трактористимӕ?

 

             Кӕсӕм  ма 13  фарс.  Трактор  бауром  ӕмӕ дӕ  машинӕ  сцалцӕг  кӕн…

 

Дзуапп:  (Кӕсынц    ӕмӕ  дзурынц.)  Ирӕ  куыд  федта  дзӕбӕх  мӕнӕу  цъӕмӕлмӕ  куыд  кӕлы,  бамбӕрста  трактористы  уӕлӕнгай  цӕстӕнгӕс  колхозмӕ.  Колхозы  адӕм  цӕй  тыххӕй  нӕ  кусынц зӕрдиагӕй.

 

 

http://im5-tub-ru.yandex.net/i?id=112638725-13-72&n=21

 

12  слайд:                                                               

 

        Фарст:    Йӕ  хуыссӕны  та  цӕуыл  хъуыды  кӕны?

 

                Кӕс 21 фарс… Рухс  ахуыссын  кодтон

 

 

http://im4-tub-ru.yandex.net/i?id=348284932-09-72&n=21

 

 

Дзуапп:  Ирӕ  тынг  тыхсы  мыййаг  куыннӕ  баурома  йӕ машина,  ууыл.

 

 

13  слайд:                                                               

 

Фарст: Куыд  ацыдысты  Ирӕйы  куысты  хабӕрттӕ  колхозы?

Дзуапп:

 

(ӕвдисӕм  дарддӕр  слайдтӕ:  14   -  17 мӕ).

14  слайд:                                                               

 

 

 

 

15  слайд:          

 

                                                    

 

 

 

 

16  слайд:          

 

 

 

17  слайд:          

 

4.  Проектон  куст:

 

  Ахуыргӕнӕг:  Ныртӕккӕ  цы  презентаци федтат  Ирӕйы  тыххӕй,  ууыл  алчидӕр  бӕстон        ахъуыды  кӕнӕд.  Исты  иумыйаг  ын  ис  цымӕ,  нӕ  абоны фӕйнӕгыл фыст  эпиграфимӕ? Цахӕм  ирон ӕмбисонд  уӕм  сывзӕрид  Ирӕйы  хабӕртты  тыххӕй смахмӕ  та? 

 

Дзуапп: «Куыст  цардӕн  фӕрӕз!»  

Дзуапп: «Ӕнӕ  кусгӕ  цард нӕй». 

Дзуапп: «Куы  кусай,  уӕд  дын  алцӕмӕн  дӕр  уыдзӕн  фӕрӕз».

Дзуапп:  «Куыст  цардӕн  фӕрӕз».

Дзуапп:  «Рӕстдзинад  никуы  сӕфы».

  Дзуапп:  «Зынтӕн  фӕразын  хъӕуы».

  Дзуапп:  «Дӕ  разы  цы  хӕс  сӕвӕрай,  уый  макуы  ив».

 Дзуапп:  «Кусӕг  адӕймаджы  кад  никуы  сӕфы».

 

Ахуыргӕнӕг: Тынг  раст  ӕмӕ  хорз  ӕмбисӕндтӕ  ӕрхастат.(Кӕд  сын  зын  кӕна,  уӕд  сын  аххуыс  кӕндзынӕн).

 

5. Хатдзӕгтӕ:

 

Фарст:  Смах  та  Ирӕйы  бынаты  ацӕуиккат  куыстмӕ  горӕтӕй  хъӕумӕ?

Дзуапп:

 

Фарст:  Ирӕйы  дӕсныйад,  «аграном»,   уӕ  зӕрдӕмӕ  цӕуы ?

Дзуапп:

 

Фарст:  Ӕрдзурын  Ирӕйы  лӕджыхъӕдыл.  Куыд  ын  аргъ  кӕнут  смах  та?

Дзуапп:

 

Фарст:  Фӕзминагӕй  йӕм  цы  ис  Ирӕмӕ? Уӕ  царды  дзы  райсиккат  исты  фӕзминаг  хабар?

Дзуапп:

 

Фарст:  Чи  загъта  ацы  ныхӕстӕ: - «Ам  сывӕллӕтты  цӕхӕрадон  нӕй»?

Дзуапп:

 

Фарст:  Мухтары  тыххӕй  уӕ  хъуыды  зӕгъутуый  дӕр  фӕзминаг  фӕлгонц  у ?

Дзуапп:

 

6.     Ныхасы  рӕзтыл  куыст: 

 

Ахуыргӕнӕг:   Ӕрцӕттӕгонд  райуаргӕ  ӕрмӕг  уарын  ахуырдзаутӕн.  Дих  сӕ  кӕнын цыппар къордыл, алчидӕр  фысгӕйӕ  дзуапп  кӕны.  Хӕслӕвӕрдтӕ  сты  алыхуызон 4 къордӕн   дӕр.     Дӕттын  сын 3  минут,  чи  раздӕр,  уыдон  фӕуӕлахиз  сты.

                  (ӕрмӕст хъуамӕ  уой  раст)

 

1.       Ссарут  18  фарсыл  Ирӕйы  цин ахуыр  кӕй  фӕцис,  уый  тыххӕй: (фыссынц)

 

Дзуапп: ( Знон  фӕстаг  эгзамен радтон. Ахуыр  фӕдӕн, каст фӕдӕн!  Цыдӕр  зарӕджы  хуызӕн сты  ацы зӕлтӕ. Мӕн  дӕр  зарын  фӕнды!)

 

 

2.       Ссарут 18-19  фарсыл  арфӕйы  ныхӕстӕ: (фыссынц)

 

Дзуапп: (Дӕ  райсом  хорз!   -Адӕм,  уӕ  райсом  хорз!  Салам!  Салам! Уӕ  бонтӕ  хорз !)

 

 

3.       Ссарут 18-19  фарсыл дӕрзӕг  ныхӕстӕ: (фыссынц)

 

Дзуапп: ( - Бакуырм  дӕ  кӕнӕд  Хуыцау!  …Кӕдӕм  йӕ  бынмӕ  бырыс? - Сӕрхъӕн!)

 

 

4.       Ссарут  ӕрдзы  хъӕлдзӕгдзинад  9-10  фарстыл: (фыссынц)

 

Дзуапп: (Зарынц  бӕлӕсты  сыфтӕртӕ, бандӕттӕ. – Хур  царды  фӕдисон, дӕ  райсом  хорз, дӕ  райсом  хорз!..)

 

Ахуыргӕнӕг:  Байхъусӕм  уӕдӕ  нӕ  уӕлахизуӕвджытӕм. (  Раппӕлдзынӕн активондӕр  чи  уыдысты,  уыдонӕй.)

 

7.   Бӕрӕггӕнӕнтӕ  ӕвӕрын:  Кӕрӕдзийӕн   раст  аргъ  акӕнӕм,  уӕ  дзуаппытӕм  гӕсгӕ.

1-аг  ӕмӕ 3-аг  къордтӕ  аргъ  кӕнынц,    2- аг   ӕмӕ  4- ӕм  къордтӕн. Стӕй  та  иннӕрдӕм.  Цӕмӕй    ахуыр  кӕной  кӕрӕдзийӕн раст  аргъ  кӕнын,  рӕстдзинадыл. Алы  къордӕй  рацӕуы  иу  ахуыргӕнӕджы  размӕ,  исы  смайлик  бӕрӕггӕнӕнимӕ  ӕмӕ  аргъ  кӕны  къордӕн. Раст  аргъ  куыннӕ  скӕна,  уӕд  ын  уайдзӕф  зӕгъын  фӕхъӕуы.  Кӕд   раст  аргъ  скӕна,  уӕд  та  дзы  раппӕл,  рӕстаг  кӕй у,  уый  тыххӕй.

 

      Иттæг хорз!

           Куыстой хорз!

http://perlbal.hi-pi.com/blog-images/708163/gd/131205111684/Nem-sempre-tudo-o-que-voce-deseja.jpg        Куыстой лæмæгъ!

Ахуыргӕнӕг:  Тынг хорз.  Мӕ  зӕрдӕ  уыл  нӕ  фӕхудт.  Смах та?  Куыд  у уӕ  хъуыды , мыййаг  исчи  раст  аргъ  не  скодта  иннӕ  къордӕн?

8. Хӕдзармӕ  хӕслӕвӕр:. Кӕронмӕ  бакӕсын  роман «Уӕ бонтӕ  хорз,  адӕм!».  Ссарут  кӕй  бакастыстӕм,  уыцы  тексты  аивадон  абарстытӕ,  сбӕрӕг  сын  кӕнут  сӕ  нысаниуджытӕ  ӕмӕ  сӕ  рафыссут.

Дӕнцӕг:  «Цыма  дыл  фӕтагъд,  уый  бадт  цы  кӕныс»…

                Романы   хъуыды    дзурынмӕ.                                         

 

 

17  слайд:          

 

 

 

 

                                                                                   Хӕрзбон.

 

                                                     Габеты  М.Д.

 

 

 

                                                                                                  

                                                                  

 

                                             

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Открытый урок по осетинской литературе "Уа бонта хорз, адам!" Гафез."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Специалист по выставочной деятельности

Получите профессию

Бухгалтер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 664 189 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 05.12.2015 3271
    • DOCX 8.7 мбайт
    • Рейтинг: 4 из 5
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Габиева Мери Давидовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Габиева Мери Давидовна
    Габиева Мери Давидовна
    • На сайте: 8 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 36205
    • Всего материалов: 28

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Технолог-калькулятор общественного питания

Технолог-калькулятор общественного питания

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 154 человека

Мини-курс

Анализ межпредметных связей: связь педагогики с научными дисциплинами

10 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Детские и взрослые эмоции

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Эмоциональная связь между родителями и детьми

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 44 человека из 27 регионов
  • Этот курс уже прошли 18 человек