Инфоурок Другое ПрезентацииУрок-презентаци. Темæ: "Кæдмæ уа а зæххыл Ирыстон,уæдмæ "Ирон фæндыр" цæгъддзæн. (Хетæгкаты Къостайы 156 азы бонмæ).).

Урок-презентаци. Темæ "Кæдмæ уа а зæххыл Ирыстон,уæдмæ "Ирон фæндыр" цæгъддзæн. (Хетæгкаты Къостайы 156 азы бонмæ).).

Скачать материал
Скачать материал "Урок-презентаци. Темæ: "Кæдмæ уа а зæххыл Ирыстон,уæдмæ "Ирон фæндыр" цæгъддзæн. (Хетæгкаты Къостайы 156 азы бонмæ).)."

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Менеджер бизнес-процессов

Описание презентации по отдельным слайдам:

  • Кæдма  уа а зæххыл Ирыстон
уæдмæ  «Ирон фæндыр»
цæгъддзæн.

    1 слайд

    Кæдма уа а зæххыл Ирыстон
    уæдмæ «Ирон фæндыр»
    цæгъддзæн.

  • 2 слайд

  • Фæззæг,  хъулонмулонхилджын  фæззæг æрбалæууыд.  Бур-бурид   хуызæй  æрттивын...

    3 слайд

    Фæззæг, хъулонмулонхилджын фæззæг æрбалæууыд. Бур-бурид хуызæй æрттивынц кæрдинаг хуымтæ. Хъæд фæхъулæттæ ис алыхуызон ахорæнтæй. Бæрзонд хæхтæ æруагътой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутыл.
    Йæ хуыз нæ ивы æрмæст тарбын кæрдæгхуыз нæзы хъæд, фæлгæсæнтæ кæны алырдæм, хаттæй-хатт басусу-бусу кæны рог уддзæфимæ. Фæзтæ бæзджын гауызау æнкъард сты сæууон æртæхæй. Хур æххæст нæма систа æртæх, æмæ йæ тынтæ хъазынц диссаджы æрттивæнтæй.

  • 4 слайд

  • 5 слайд

  • 6 слайд

  • 7 слайд

  • 8 слайд

  • Сыгъзæрин  фæззæг,
Æрцыд  дæ  рæстæг.
Лæвæрттæ  дæттаг,
Бæркæдтæ  хæссаг

Адæ...

    9 слайд

    Сыгъзæрин фæззæг,
    Æрцыд дæ рæстæг.
    Лæвæрттæ дæттаг,
    Бæркæдтæ хæссаг

    Адæмæн – кувинаг,
    Цъиутæн – уидзинаг,
    Фосæн – холлаг,
    Сырдтæн – мысинаг.
    Фæззæг.

  • 10 слайд

  • 11 слайд

  • Фæззæг! Сыгъзæрин фæззæг! Бæркадджын  фæззæг! Стыр лæвар скодтай, стыр  бæрка...

    12 слайд

    Фæззæг! Сыгъзæрин фæззæг! Бæркадджын фæззæг! Стыр лæвар скодтай, стыр бæркад æрхастай Нары хъæуæн, Нары зæххæн!

  • 13 слайд

  • Нары   хъæу, Нары  зæхх. Хæхтæ  йæ  фæйнæрдæм   нылхъывтой, дæттæ йын  йæ  фæ...

    14 слайд

    Нары хъæу, Нары зæхх. Хæхтæ йæ фæйнæрдæм нылхъывтой, дæттæ йын йæ фæрстæм лæбурынц. Зæйтæ, къæвдатæ йæ ныхсадтой. Уаддымгæ хъазы йæ буары. Лæууы у æддæр, йæ зæронд хæлд мæсгуытæй фæлгæсы йæ алывæрстæм.
    Уым рæгътыл, къæдзæхты фæрстыл ныхы сæрыйæстæй, мæгуыр лæджы кæрцы æмпъузæны хуызæн, зынынц зæххы гæбæзтæ, уыгæрдæны уаддзæгтæ. Алкæцыйæн дæр дзы ис йæхи ном, йæхи нысан . Æндæр у уыдонæн сæ хъысмæт, сæ амонд. Уым дæр уалдзæг миты бынæй йæ сæр сдары малусæг. Уырдыгæй дæр сæрды тæвды фæхъуысы цæвджыты æхситт, фыййæутты зарын. Уым дæр æрæгвæззæджы сындзыл баргъæфсы халон. Уым дæр æхсæвæй-бонæй уад дзыназы.
    «Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ».
    Чи дын загъта æппæты фыццаг уыцы ныхæстæ, Нары зæхх? Кæд дыл бæгъæввад , бæгъæмсарæй цы бирæ сывæллæттæ
    згъордта, уыдонæй сæ исчи загъта? Кæд сæ, дард бæстæй дæм , æфхæрдæй цы сауцæст лæппулæг æрбаздæхт, уымæй фехъуыстай? Кæй
    тыххæй дæм баисты къахихсыд адæм? Тымыгъ дæр сæ куы нæ уромы, æфцджытыл дæр куы хизынц. Цынæ æвзагæй дæм дзурынц!

  • Ныхъхъус,  ницы  дзуры  Нары  зæхх. Æрмæст  дымгæ,  хæххон   дымгæ, цъититæй...

    15 слайд

    Ныхъхъус, ницы дзуры Нары зæхх. Æрмæст дымгæ, хæххон дымгæ, цъититæй дымы, дидинджыты адджын тæф, æхсæрдзæнты зæлланг хæссы йемæ æмæ мын мæ хъусы дзуры:
    Ам кæддæр ссыгъди стыр зæрдæ. Ныррухс кодта кæмтты нарджытæ æмæ дзы бонæй-бонмæ тынгдæр тавы йæ цæхæрæй адæмы…
    Амондджын дæ, арфæйаг дæ, Нары зæхх!..

    Æмдзæвгæ: «Нар».
    «Къостайæн».
    Видеоклип: «Нар».
    Зарæг: « Къоста райгуырд Нары».


  • 16 слайд

  • Дардæй  мæ салам æрвитын æз Нарæн,
Нарæн – хæххон хъæуæн, амонды ранæн!
Кувын...

    17 слайд

    Дардæй мæ салам æрвитын æз Нарæн,
    Нарæн – хæххон хъæуæн, амонды ранæн!
    Кувын мæ сæрæй æз уыцы хёдзарæн
    Саби кæм райгуырдис иухатт Леуанæн!

  • Къоста  райгуырдис  Нары хъæуы, хæдкъул скъæты,  хъæмпын  лыстæныл.  Æртæ  мæ...

    18 слайд

    Къоста райгуырдис Нары хъæуы, хæдкъул скъæты, хъæмпын лыстæныл. Æртæ мæйы йыл куы рацыди, уæд Къостайæн йæ мад Мария амардис. Къоста баззадис сидзæрæй. Фыццаг заман уыдис æвадат, мæгуыр рæстæг æмæ йæ ныфс ничи хаста сывæллоны хæссынмæ. Фæлæ уыцы хæс йæхимæ райста Дзапарты Чендзе, уый хъомыл кæнын райдыдта Къостайы.

  • 19 слайд

  • Баззад  сидзæрæй Годта,  – 
Сидзæр  та  мæгуыр  у  царды.
Нары  уæлмæрдты  ку...

    20 слайд

    Баззад сидзæрæй Годта, –
    Сидзæр та мæгуыр у царды.
    Нары уæлмæрдты куыдта,
    Агуырдта æдзух йæ мады.
    Барæвдыдта йæ Чендзе,
    Хи сывæллонау æй уарзта.
    Лæппу дæр йæ хъыг, йæ цин
    Алыбон Чендземæ хаста.
    Райрæз т рахъомыл Къоста,
    Стах т цæргæсау Нары комæй.
    Иры сагъæстæ фыста,
    Ир сæрыстыр у йæ номæй!

  • 21 слайд

  • 22 слайд

  • Хетæгкаты Къоста!.. Ноджы цыбырдæрæй, зæрдæмæ  хæстæгдæрæй  та – Къоста!..
Ир...

    23 слайд

    Хетæгкаты Къоста!.. Ноджы цыбырдæрæй, зæрдæмæ хæстæгдæрæй та – Къоста!..
    Ирон адæмы цæсгом, нæ дзыллæйы æфсарм æмæ тырыса. Æнæкæрон зынаргъ у алы ирон адæймагæн дæр. Йæхицæн адæм æнæкæро н зынаргъ кæй уыдысты, уый тыххæй, сæ сæрвæлтау йæ цард нывондæн кæй æрхаста, æфхæрд лæджы æфхæрын кæй нæ уагъта, талынг дугæй йын рухс фидæнмæ фæндæгтæ кæй гæрста, уый тыххæй.

  • Къостайы ном æнусмæ æрцарди адæмы зæрдæты. Зарынц ыл зарджытæ, кæнынц ыл кадд...

    24 слайд

    Къостайы ном æнусмæ æрцарди адæмы зæрдæты. Зарынц ыл зарджытæ, кæнынц ыл кадджытæ. «Адæмы Къоста»- афтæ йæ схуыдтой. Леуаны фырты арæнтæ йын æгæр къуындæг разындысты. Хетæгкаты мыггаг дæр ын нал сфаг, уымæн æмæ дунемæ ахæм лæг куы рантысы, уæд æнæхъæн адæмы фаг свæййы, æмæ йæм æмхуызонæй хъæбулы номæй уымæн фæдзурынц.

  • Цæмæ  гæсгæ  афтæ  бирæ  уарзынц  адæм Къостайы. Уымæн  æмæ  йын  уыди  рухс,...

    25 слайд

    Цæмæ гæсгæ афтæ бирæ уарзынц адæм Къостайы. Уымæн æмæ йын уыди рухс, рæдау, хæлар æмæ цæстуарзон зæрдæ. Уый, стыр курдиатджын æмæ ахуыргонд лæг уæвгæйæ, адæмæй йæхи никуы фæхъулондæр кодта, йæхи царды кой никуы бакодта, йæхи гуылы бын не ндзæрста, дзырдта рæстдзинад . Æгæрон уарзтæй уарзта йæ Фыдыбæстæ, æнæ у ый йын цард ад нæ кодта. Уымæй балхæдта адæмы зæрдæтæ, уымæн ыл æууæндыдысты.
    Адæмы циндзинад уыд йæ циндзинад, адæмы мæт, сæ сагъæстæ æмæ хъыг уыдысты йæ мæт, йæ мæт йæ хъыг æмæ йæ сагъæстæ, æмæ сыл хъæрæй, кæуæгау ныззарыди. Ныззарыди йæ зæрдæйы уадындзæй..

    Æмдзæвгæ: «Ныстуан».

  • Къоста  йæ  адæмы  раз  бафыста  йæ  хæс. Æнустæм  нын  ныууагъта  «Ирон фæнд...

    26 слайд

    Къоста йæ адæмы раз бафыста йæ хæс. Æнустæм нын ныууагъта «Ирон фæндыр» – йæ зæрдæйы тæгтæй фыст чиныг. Уый махæн у цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг.
    Ирон адæмæн с æ культур æ бæрзонддæрмæ сисыны хъуыддаджы Къостайæн цас бантысти, уыйас никæд æмæ никæмæн бантысти. Йæ гыццыл чиныг «Ирон фæндыры» руаджы адæмæй бирæтæ базыдтой кæсын æмæ фыссын, аив уацмыстæн сæ хуыз, сæ аивдзинад æмæ сæ хъуыды æвзарын æмæ æмбарын , сæхи æмбарын

    Æмдзæвгæ: «Ирон фæндыр».

  • Æппæтдунеон  литературæйы  æндæр  ахæм  фæзынд  нæй,  уый  йæ  къаннæг чиныг...

    27 слайд

    Æппæтдунеон литературæйы æндæр ахæм фæзынд нæй, уый йæ къаннæг чиныг «Ирон фæндыры» цас зæгъын æмæ равдисын бафæрæзта., - адæмы зæрдæмæ афтæ арф ныххызт, æмæ цымæ поэты нæ, фæлæ сæхи сфæлдыстад у, сæхи зæрдæйæ ратæдзгæ цæссыг, хъыг æмæ цин ракастысты сæ цæстытæй. Ахæм чысыл чиныджы уыйбæрц фарстатæ никæмæнма бантыст æрæвæрын ацы цъæх арвы бын. Фæндыр уыди адæмы туг æмæ стæгæй, адæмы зæрдæты тæгтæй конд. Фæндыр уыди дзыллæ фыдæй-фыртмæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм «арфæйы дзырд», «фарны хъæр».
    Адæм æмæ Къоста иу артæй рацыдысты. «Ирон фæндыр»-ы алы дзырд, алы зæл дæр уыцы артæй стъæлфæн у.
    Ирон æвзаг йæ тых æмæ хъæздыгдзинадмæ гæсгæ æрæвæрдта æгас дунейы стырдæр æвзæгты æмрæнхъ.
    «Ирон фæндыр» – аив дзырды быркуыдон, ныфсы, судзгæ æнкъарæнты æхсæрдзæнг, поэзийы æнусон уалдзæ г æмæ æрыгондзинад.

    Æмдзæвгæ «Ирон фæндыр».
    Видеоклип: «Дæ ном мыггагмæ у цæринаг».


  • Къоста  ирон  адæмæн  Стыр  Хуыцауы  лæвар  у. Хуыцауы  лæварæн  та  æмбал  н...

    28 слайд

    Къоста ирон адæмæн Стыр Хуыцауы лæвар у. Хуыцауы лæварæн та æмбал нæй. Рагæй-æрæгмæ ирон адæммæ ноггуырдæн ракувынц: «Ахæм фарн æм разынæд, æмæ йæ мыггагæн нæ, фæлæ Ирыстонæн дæр кад куыд скæна! Йæ ном дардыл куыд айхъуыса! Уыцы нæртон арфæ æрцыд Къостайыл. Æрмæст Хетæгкаты мыггаджы нæ, фæлæ скадджын кодта æппæт Ирыстоны дæр. Йæ намыс анхъæвзта дæрдтыл. Ирон адæмы базонын кодта дунейæн, бирæ адæмты æрыхъуысын кодта йæхимæ, се ргом сын аздæхта Ирыстонмæ. Къостайæн Ирыстон у йæ радтæг мад. Ирыстонæн та Къоста ссис йæ кад æмæ намыс.

  • 29 слайд

  • 30 слайд

  • Нæ  Иры  фæсивæд!  Къостайыл  ныззарæм,
Ирон  лæг  кæй  уарзы  фылдæр?
Нæ  ху...

    31 слайд

    Нæ Иры фæсивæд! Къостайыл ныззарæм,
    Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?
    Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм,
    Уый махæн æгас у ныр дæр!
    Ныззарæм, фæсивæд, нæ Къостайы кадæн,
    Кæнæд йæ кой арæх кæстæр.
    Сæрæнгуырдтæ цас ис Ирыстонæн – Мадæн, -
    Къоста у сæ тæккæ хуыздæр!
    Йæ тыхст Ирыстоныл, хъæбатыр Кавказыл.
    Уый сагъæс куы кодта кæддæр.
    Къостайыл кæд сæххæст 156 азы
    Зæронд нын нæ кæны уæддæр.


  • 32 слайд

  • Къостайæн.

Ды, Къоста, дæ мæгуыр адæм, Ирæн
Канд поэт нæ уыдтæ, фæлæ арт дæр...

    33 слайд

    Къостайæн.

    Ды, Къоста, дæ мæгуыр адæм, Ирæн
    Канд поэт нæ уыдтæ, фæлæ арт дæр.
    Уарзтой дæ рæсугъд зарæгау бирæ
    Æмæ се фхæрд зæрдæты æрцардтæ.

    Цардау махæн иудадзыг æгас дæ,
    Дунейæн дæр ссис дæ фæндыр зонгæ.
    Рæстæг цас фылдæр ныхъхъуыры азтæ,
    Уыйас нын кæныс ды та æвзонгдæр.

  • ,

    34 слайд

    ,

  • Къостайы  æмдзæвгæтæй  бирæтæ  систы  ирон поэзийы  тæмæнкалгæ  налхъуыт - на...

    35 слайд

    Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ систы ирон поэзийы тæмæнкалгæ налхъуыт - налмастæ. Ирдæй æвдисынц поэты хæлар æмæ уарзæгой зæрдæйы уаг æнусты дæргъы æнæнымæц зынтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæммæ. Гъе, уымæн афтæ азæлы уæззау хъарæгау , уады къуыс-къуысау, зæйы æхситтау йæ мæстæлгъæд хъæлæс.
    «Додой» уыди Къостайы сфæлдыстады тæмæн. Ныхасæй, мелодийæ зæрдæ агайдта, гуырын дзы кодта тохы монц, æхсар, æнæуынондзинад тыхгæнæгмæ. Поэт æргом сиды тохмæ, адæмы чи сыстын кæна, уымæ.. Уый уыди, ирон поэзийы чи нæма æрцыд, ахæм диссаджы æмдзæвгæ. Уый ссис ирон адæмы тохы гимн.
    Видеоклип: «Додой».

  • 36 слайд

  • Къоста  уæндонæй  кæй  хæцыд  йæ  уарзон адæмы  сæрыл, уый нæ цыд паддзахы хи...

    37 слайд

    Къоста уæндонæй кæй хæцыд йæ уарзон адæмы сæрыл, уый нæ цыд паддзахы хицауады зæрдæмæ æмæ-иу æй алы мæнг æфсæнттæй, уайтагъд йæ уарзон Ирыстонæй фæтардтой. Зын-иу уыдис поэтæн, æгæрон уарзтæй цы Ирыстон уарзта, уымæй фæхицæн. Уымæн зæгъы йе мдзæвгæ «Æнæ хайы».

    Зарæг «Æнæ хай».(Слайдтæ).

  • 38 слайд

  • 39 слайд

  • 40 слайд

  • 41 слайд

  • Хетæгкаты Къоста  бирæ  зынтæ, бирæ бæллæхтæ  бавзæрста  йæ цардвæндæгтыл, би...

    42 слайд

    Хетæгкаты Къоста бирæ зынтæ, бирæ бæллæхтæ бавзæрста йæ цардвæндæгтыл, бирæ фæрахау-бахау кодта.
    Кæд поэзийы бæрзонддæр цъуппытæм схызт йе сфæлдыстады, уæддæр ын æнæ Ирыстон, æнæ йæхи адæм цард ад н икуы кодта. Бирæ уарзта йæ фыдæлты уæзæг, йæ урссæр хæхтæ. Мысыд сæ дард бæстæй дæр.

    Зарæг: «Ракæс».(Слайдтæ).

  • 43 слайд

  • 44 слайд

  • Фыццаджыдæр  Къоста  фехъуыста  хæххон адæмы  риутæй стыр  масты  хъæр, æххор...

    45 слайд

    Фыццаджыдæр Къоста фехъуыста хæххон адæмы риутæй стыр масты хъæр, æххормаг сидзæрты кæуын, цагъар сылгоймаджы фыдцард. Къоста йæ «Сидзæргæс»-ы æмбал кæмæн нæй , ахæм дæсны ахорæнтæй сныв кодта , мæгуырдзинад. Ацы æмдзæвгæ йæ диссаджы трагизмæй зæрдæйы уидæгтæ базмæлын кæны. Уымæн райдайы æмдзæвгæ æнкъардæй æмæ зæрдæхалæн рæнхъытæй. Поэмæ «Сидзæргæс» у йæ поэзийы бæрзонддæр стъалытæй иу.

    Æмдзæвгæ: «Сидзæргæс». (Сценкæ).

  • 46 слайд

  • 47 слайд

  • 48 слайд

  • Къоста  уыди  парахат  зæрдæйы  хицау. Фыццаджыдæр  уыд  ирон  адæмы  сæрхъуы...

    49 слайд

    Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау. Фыццаджыдæр уыд ирон адæмы сæрхъуызой, фæлæ уыцы иу рæстæ г йæхи хуыдта дунейы хъæбул., йæ фыдыбæстæ та æгас дуне. Æрмæст ирон адæмы царды кой нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмыхæттытæм
    æмæ иу кæддæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл, раст æмæ зылыныл æмæ сси стыр интерноциалист.
    Йæ уацмыстæ дзаг сты Кавказы æфхæрд адæмты хъысмæтыл æмхуызон рыст æмæ сæ сæрыл карзæй дзырдта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ.

  • 50 слайд

  • Къоста  адæмты  æфсымæрдзинадыл  канд  йæ поэтикон æмæ  публицистикон  сфæлды...

    51 слайд

    Къоста адæмты æфсымæрдзинадыл канд йæ поэтикон æмæ публицистикон сфæлдыстыды нæ дзуры - фыссы Джусойты Нафи. Уый йæ царды дæр уыд, адæмты æфсымæрдзинады идеал бæрзонд чи хаста, ахæм адæймаг. Йæ сæрмагонд хæлæрттæм куы ркæсæм, уæд се хсæн фендзыстæм канд ирæтты нæ, фæлæ уырыссæгты, гуырдзиæгты, украинæгты, сомихæгты, дзуттæгты, асыйæгты, кæсгæтты, цæцæйнæгты, хъæрæсейæгты, бердзенæгты æмæ бирæ æндæр адæмты минæвæртты.
    Къоста бæрзонд хаста адæмты æхсæн хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады тырыса æмæ йын уыдон дæр аккаг аргъ кодтой.

    Æмдзæвгæ: «Кæсæг дæу сæ хъæбул хонынц». (Бетал Куашев – кæсгон поэт).(Слайдтæ. Кæсгон мелоди).

  • 52 слайд

  • «Кæсæг дæу сæ хъæбул
хонынц».

Бетал Куашев.
Кæсгон поэт.

    53 слайд

    «Кæсæг дæу сæ хъæбул
    хонынц».

    Бетал Куашев.
    Кæсгон поэт.









  • :  Къоста  рох  никуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм  баззад  цæргæйæ  йæ адæмы  з...

    54 слайд

    : Къоста рох никуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм баззад цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты. Фырты хæс бафыста уый Ирыстонæн, йæ дзыллæйæн, йæхи снывонд кодта мæгуыр адæмы рухс фидæнæн. Йæ фæстагсулæфты онг дæр сидтис ирон адæммæ, цæмæй хæларæй цæрой. «Ме’ фсымæртæ! Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» - уыдысты поэтæн йæ фæстаг ныхæстæ.

  • 55 слайд

  • 56 слайд

  • Азтæ  цæудзысты, æнустæ ивдзысты. Фæлæ  Къостайы ном кæндзæни кадджынæй-каддж...

    57 слайд

    Азтæ цæудзысты, æнустæ ивдзысты. Фæлæ Къостайы ном кæндзæни кадджынæй-кадджындæр, намысджынæй-намысджындæр, цытджындæр-цытджындæр æмæ кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты.

    Æмдзæвгæ « Къоста у не стырдæр стъалы».(Слайдтæ).

  • 58 слайд

  • 59 слайд

  • Къоста у махæн не стырдæр  стъалы,
Йæ номæй стæм сæрыстыр ‘мæ хъæздыг.
Зындго...

    60 слайд

    Къоста у махæн не стырдæр стъалы,
    Йæ номæй стæм сæрыстыр ‘мæ хъæздыг.
    Зындгонд «Додой» куы бакæсы ирон лæг,
    Йæ риуы уайтагъд сæвзæры уæд тых.
    Къостайы уацмыстæ зæрдæбынæй куы кæсæм,
    Куы бамбарæм йæ фæдзæхсты нысан,
    Уыдзыстæм уæд йæ фæдонтæ, æнæмæнг,
    Æмæ нын уæд æххуыс кæндзæн Хуыцау!
    Къоста у махæн бон дæр сæрæгас,
    Бæрзондæй нæм фæлгæсы уый бынмæ.
    Æвæццæгæн, йæ зæрдæ рухс у махæй, –
    Кæй кæнæм абон стыр бæрæгбон ам.
    Цæр нын, Къоста, нæ зæрдæты æнусмæ!
    Дæ кад, дæ намыс макуы фæуæд сæфт!
    Дæ бæллицтæ нæ кæстæртæн æнтысæд,
    Дæ зондæй уæнт нæ фæсивæд æххæст!
    Гæззаты Т. С.

  • 61 слайд

  • 62 слайд

  • 63 слайд

  • 64 слайд

  • Къостамæ хуымæтæджы  ирон фыссæджы  цæстæй кæсæн  нæй. Къоста ссис  раззагдæр...

    65 слайд

    Къостамæ хуымæтæджы ирон фыссæджы цæстæй кæсæн нæй. Къоста ссис раззагдæр адæймагдзинады нæртон кæстæриуæггæнæг. Къоста канд ирон поэт нæу, фæлæ ма уырыссаг поэт æмæ фыссæгыл нымад дæр.

    (Н. Тихонов).

  • Къостайы   сфæлдыстад йæ  асмæ  гæсгæ  кæд тынг  стыр  нæу,  уæддæр ирон   ку...

    66 слайд

    Къостайы сфæлдыстад йæ асмæ гæсгæ кæд тынг стыр нæу, уæддæр ирон культурæйы рæзты историйы ахсы стыр бынат. Къоста у ирон поэзийы райдайæн., йæ «Ирон фæндыр»-ы рацыды бон та – ирон поэзийы райгуырæн бон. Къоста у адæмы хъæбатыр, йæ зарæггæнæг, йæ æфсæддон.

    (П.Павленко).

  • .Къостайы  юбилей  махæн  хæххон  поэттæн, у  арфæйаджы   æмæ  уарзондзинады...

    67 слайд

    .
    Къостайы юбилей махæн хæххон поэттæн, у арфæйаджы æмæ уарзондзинады бæрæгбон. Къостайы зонды стъалы ныртæккæ бæрзондæй æрттивы æнæхъæн дунейы гениты поэтикон арвы тыгъдады.

    (Адам Шогенцуков).

  • Къоста  йæхи радта  цардæн, æмæ  йын
цард  дæр радта  адæмы хорзæх, æнусон ка...

    68 слайд

    Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йын
    цард дæр радта адæмы хорзæх, æнусон кад æмæ цыт.


    ( Нигер).

  • … Азтæ  куыд цæуынц, афтæ  Къоста  мæ цæсты  кæны кадджынæй-кадджындæр.  Æмæ...

    69 слайд

    … Азтæ куыд цæуынц, афтæ Къоста мæ цæсты кæны кадджынæй-кадджындæр. Æмæ та ногæй бахæлæг кæнын ,- мæхæдæг дæр йæ туджы æртæхтæй иу кæмæн дæн, уыцы ирон адæммæ, ахæм æрхæрæйнаг хъæбул кæмæн райгуырди.

    Абайты Васо.

  • Къостайы туг нё къабёзты ёхсиды,Къостайы зард нё зёрдёты цёры!

    70 слайд

    Къостайы туг нё къабёзты ёхсиды,
    Къостайы зард нё зёрдёты цёры!

Получите профессию

Технолог-калькулятор общественного питания

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 663 997 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 08.10.2015 1474
    • PPTX 15.2 мбайт
    • Рейтинг: 1 из 5
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Битарова Вера Муратовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Битарова Вера Муратовна
    Битарова Вера Муратовна
    • На сайте: 8 лет и 11 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 32002
    • Всего материалов: 26

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

HR-менеджер

Специалист по управлению персоналом (HR- менеджер)

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Мини-курс

Успешая команда: опросы, сторис

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

ИТ-инструменты в управлении документооборотом

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Методы и подходы проведения трекинга и менторства

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе