1
Литературон изæр
«Иры хæххон цæргæс, Джусойты Нафийы мысгæйæ»
Дзæуджыхъæу
2017 аз.
1.
Джусойты Нафийы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын
цымыдис æмæ уарзондзинад.
2.
Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан
уæвын-алы адæймагæн дæр царды сæйраг хæстæ.
3.
Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ,
ирон
аивадмæ.
Къласы фæлгонц:
1.
Нафийы портрет.
2.
Йæ чингуыты равдыст.
3.
Къулы газеттæ, плакаттæ, компьютерон проектор.
Видео «Мæлæтмæ нæй фæстæмæ дзурæн» кæсы Джусойты Н.
1
амонæг: Уæ бон хорз! Абон
мах мысæм зындгонд ирон фыссӕг, дӕсны
тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист, литературон критик ӕмӕ иртасӕг, ӕхсӕнадон архайӕг
Джусойты Нафийы. Нафи не `хсæнæй ацыд 26 июны 2017 азы, 92 аздзыдæй.
1-аг кæсæг: Зындгонд
ирон фыссӕг, дӕсны тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист, литературон критик ӕмӕ иртасӕг,
ӕхсӕнадон архайӕг Джусойты Нафи райгуырди 1925-ӕм азы Хуссар Иры Хӕрдысӕры
хъӕуы. Ирон царды ӕгъдау ӕмӕ зӕрдӕйы хорзыл ахуыр кодта йӕ ныййарджытыл. Йӕ мад
Софья ӕмӕ йӕ фыд Грисыл.
Зӕрдӕргъӕвд лӕппу райдайӕн ахуыры фӕстӕ бацыд Кировыхъӕуы
астӕуккаг скъоламӕ ӕмӕ йӕ каст фӕци хӕсты хӕд размӕ. Нафи бархийӕ йӕхи ӕфсадмӕ
ныффыста.Ӕрвыст ӕрцыди Батайскы ӕфсӕддон тӕхджыты училищӕмӕ, фӕстӕдӕр ӕй
раивтой Тамбовмӕ. Ам 1945-ӕм азы райста хӕдтӕхӕг- скъӕрӕг- штурмовичы дӕсныйад.
1949-ӕм азы фӕссауонмӕ каст фӕци Цхинвалы педагогон институты
историйы факультет ӕмӕ бацыд Ленинграды уырыссаг литературӕйы институт(Пушкины
хӕдзары) аспирантурӕмӕ. Ам 1953-ӕм азы бахъахъхъӕдта филологийы кандитаты
ахуырадон къӕпхӕн, 1968-ӕм азы та сси филологийы доктор.1988-ӕм азы йын лӕвӕрд
ӕрцыди Гуырдзыстоны зонӕдты Академийы уӕнг-уацхӕссӕджы ном. Джусойты Нафи
дӕргъвӕтин рӕстӕджы (1954-1997 азты) лӕууыди Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕг
институты литературӕйы хайады сӕргъы, уый фӕстӕ сси йӕ директор.
2-аг кæсæг:
Фыдыбӕстӕйы
раз йе стыр ӕнтыстыты ӕмӕ патриотизмы тыххӕй у «Кады Нысаны» орденхӕссӕг,
Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Лæвæрд ын æрцылд Пушкины номыл
майдан.
(видео
«Награждение» )
Йӕ арф зонындзинӕдтӕ, йӕ хӕдхуыз сфӕлдыстадӕй Нафи ссардта
фӕндаг ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг чиныгкӕсӕджы зӕрдӕтӕм, йӕ уацау»Адӕймаджы мӕлӕт»
райста журнал «Дружба народов»-ы ӕрвылазон литературон преми. Хорз ӕй зонынц
фӕсарӕнты дӕр, у Литературон критикты дунеон ассоциацийы уӕнг(йӕ ценр-Парижы).
Нафи канд поэт ӕмӕ прозаик нӕу, уый ма у дӕсны драматург ӕмӕ
тӕлмацгӕнӕг, дзырдарӕхст полемист ӕмӕ литературон критик. Нафийы бындурон
иртасӕн куыстытӕ Къоста ӕмӕ Секъа, Елбыздыхъо ӕмӕ Арсен, Цомахъ, Нигер ӕмӕ ма
бирӕ ирон фысджыты тыххӕй .
3-аг кæсæг:
Куырыхон адӕймаг ӕмӕ дзырды дӕсны уыд Нафи, дысвӕлдӕхтӕй фӕлдыста ӕмӕ
арæзта, цырагъау, тади Ирыстоны фидӕныл, йӕ национ хӕдхуызады сӕрвӕлтау.
Хӕсты фӕстӕйе мдзӕвгӕтӕ хицӕн ӕмбыргондӕй рацыдысты 1949-ӕм
азы. Чиныджы ном –«Салдаты зӕрдӕ».Хӕстон ӕфсымӕрдзинад, салдаты ӕрвылбоны
удхар, йӕ царды чысыл цинтӕ, тугныккалды нывтӕ ӕмӕ мӕлӕты комулӕфт- адон сты
поэты дзуринӕгтӕ. Ӕмӕ ма ноджы салдаты уарзт- йӕ ныййарӕг мад-Ирыстонмӕ.
1950-ӕм азты кӕрон фыссӕг йе ргом аздӕхта прозӕмӕ.
1958 аз уацау «Цардивӕны», историон-революцион роман
«Дыууадӕс цӕфы иу цӕфы хуызӕн»-имӕ сӕ рауади дилоги.
1965-ӕм азы фӕзынди «Фыдӕлты туг»- фыццаг ирон историон роман.
Фӕстӕдӕр роман «Сырдоны цӕссыгтӕ»-йӕ (фыццаг чиныг-1978 азы, дыккаг чиныг-2005
азы) райдыдта ирон мифологон прозӕйы рӕзт.
4-æм кæсæг:
Джыккайты Шамил фыста: «Уый у,
Иры зæхх йæ хæрзтæ рæдауæй кæмæн радта, ахæм амондджын адæймаг. Нафи у хуымæтæг
лæг æмæ хъомысджын ахуыргонд, хуымгæнæг æмæ рухстауæг, поэт æмæ гражданин. Йæ
уæздандзинад ын дæтты ахæм хъару, æмæ цæргæ-цæрæнбонты у лæггадгæнæг æмæ
зиууон, зиуы та йæ бон у кусын дæр æмæ зарæг сисын дæр. Йæ хистæртæн кæстæр у,
йæ кæстæртæн – хистæр.
Нафи кæддæр йæхицæн расидт карз
ныстуан: «Ǽз дзурдзынæн, дзыллæты раз æрмæстдæр раст!» Ǽнцон нæу, фæлæ йæ
æххæст кæны кадимæ… Йæ бирæ куыстæй не скодта бынтæ – хъуаг у царды фæрæзтæй.
Фæлæ скодта ном. Йæхицæн æмæ йæ адæмæн.».
5-æм кæсæг:
Тыджыты Юри: «Нафи. Ацы æнцондзурæн,
зæлланггæнæг ном куы фæзæгъæм, уæд нæ цæстытыл ауайы хуымæтæджы нæлгоймаг йæ
ирон урс нымæтхуды; йæ ирд, йæ арфхъуыдыджын цæстæнгас.
Нафи. Ацы рæсугъд ном куы фæзæгъæм,
уæд нæ хъусты æхсызгон зарæгау азæлы фæлмæн, рæвдауæг, зæрдæйæн цины æнкъарæнтæхæссæг,
нывæфтыд, базырджын ныхас…
Кусы уæхскуæзæй, кæд афтæ зæгъæн ис
сфæлдыстадон кусæгæй, уæд.
Кусы нæ Ирыстоны хорздзинадæн, йæ
удварнæн, йæ кадæн.
Кусы, Ирыстоны стъалы цæмæй ирддæрæй
æрттива арвы æгæрон тыгъдадæй.
Кусы хæлардзинады, æнгомдзинады,
сабырдзинады сæраппонд.
Кусы… ».
Кæрон:
Нафи, дæ цытджын ном рох никуы уыдзæн…!
(видео «Зонын»).
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.